Хъотайты Григол райгуырд 1926 азы Цæгат Ирыстоны, Ногиры хъæуы. 1954 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон æмæ 1946 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы прикладон æмæ декоративон аивады институты, уым бацыд монументалон-декоративон хуызфыссынады факультетмæ. Иу азы фæстæ йæхи раивын кодта Тбилисы нывкæнынадон Академимæ. Академийы ахуыргæнгæйæ, Григол арф банкъардта, нывкæнынады арф зонындзинæдтæ райсынæн Мæскуыйы хуыздæр гæнæнтæ æмæ фадæттæ кæй ис,  æмæ та иу афæдзы фæстæ аздæхт Мæскуыйы прикладон æмæ декоративон аивады Институтмæ. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты монументалон-декоративон нывкæнынады зынгæ дæснытæ, профессортæ Савинов Г.А., Рублев Г.И., Веселкин И.П. æмæ Френц Р.Р.

1956 азы Хъотайты Григол æнтысгæйæ каст фæцис банысангонд институты монументалон-декоративон хуызфыссынады факультет æмæ уæдæй фæстæмæ кодта сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куыст.

 Григол аивады кæддæриддæр тырныдта стыр проблемон фарстытæм. Нывгæнæджы ацы сфæлдыстадон хиад фæбæрæг йæ дипломон куыст «Зонад æмæ фæллой»-йæ дæр. Ацы уацмысы автор ирдæй æвдисы фæллойгæнæг æмæ зонадон кусджыты иудзинад. Уацмысы фæлгондзтæ сты сæрибар æмæ æрдзон сæ бакастæй, тыхджын, экспрессивон сæ мидуавæртæй æмæ монументалон та – сæ ахадындзинадмæ гæсгæ.

«Зонад æмæ фæллой» æххæст æмæ фидар у йæ композицион арæзтæй дæр. Хъотайты Григолы ацы уацмысæн бæрзонд аргъ скодтой специалисттæ, прессæ. Йæ репродукцитæ йын мыхуыр кодтой æппæтцæдисон журналтæ. Уый та дзурæг уыд æрыгон нывгæнæджы стыр сгуыхтдзинадыл.

Институты хæдфæстæ Хъотайты Григол хайад райста Фæскавказы æвзонг нывгæнджыты уацмысты равдысты æмæ та уым дæр фыдæнхъæл нæ фæкодта аивадуарзджыты. Йæ уацмыс «Чындзхæссын»-ы хицæн кодта романтикон æмæ хъæлдзæг ахастæй. Автор æххæстæй хаты формæйы пластикæ æмæ йæ æвдисы æдæрсгæ, уæндонæй.

Григол йæ уацмысты проблемон нысаниуæг дæтты формæ æмæ хъуыдыйы иудзинадæн. Уый дыууæйы дæр æвæры иу тыгъдады, æмбæрзонд, æмрæнхъ. Иуы ахадындзинад хъуамæ æвдиса иннæйы ахадындзинад. Ацы хъуыддаг равдисынмæ дæсны у нывгæнæг æмæ уымæн афтæ тыхджын у адæймагыл йæ аивады æндæвдад. Уыцы ахсджиаг миниуæг зыны Григолы алы уацмысы дæр, фидар æй хъахъхъæны, æндæр автортимæ куы куыста, уæддæр. Зæгъæм, кæд æндæр нывгæнджытимæ куыста (Гасситы Умар, Кокойты Михаил), уæддæр Хъотайты Григолы къухайст зын равзарæн нæу, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры кæсæн залы, плафоныл цы монументалон нывфыссынадон уацмыстæ ис, уыдоны дæр.

Афтæ зæгъæн ис, Григол Санахъоты Барисимæ цы аив æмæ арф хъуыдыджын ныв сфæлдыста «Ног царды къæсæрыл»,  – зæгъгæ, уымæй дæр.

Хъотайты Григолæн бæлвырд æмæ оригиналон æрмдзæф кæй ис, уый, фыццаджыдæр, баст у, нывгæнæг алы темæйæн дæр сæрмагонд, æмбæлон нывфыссынадон техникæ кæй агуры, ууыл. Егъау æнтыстытæ йын ис пейзажон, жанрон фадгуыты, монументалон хуызфыссынады хъуыддаджы.

Хъотайы фырт ма у дæсны портретист дæр. Йæ куыстытæй хуыздæртыл банымайæн ис Тугъанты Махарбеджы, Паддзах Тамары мад – Бурдуханы æмæ æндæрты портреттæн.

Куыд алы советон нывгæнæг, афтæ Хъотайты Григол дæр йæхи бацæттæ кодта Стыр октябры æрдæгæнусон юбилеймæ æмæ сфæлдыста бæрæгбонмæ ахæм лæвар: «Революцийы фæтæг В.И. Ленины фембæлд зынгæ революционер Козаты Разденимæ». Уацмыс уæд рауад стыр æрмæст йæ хъуыдыйæ нæ, фæлæ йæ асæй дæр, арæзт у кæттагыл сойджын ахорæнтæй.

Григол хæрзиуæгон куыст кодта ирон нывкæнынадæн æмбæлон кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Бирæ азты дæргъы фæкуыста ахуыргæнæгæй Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны æмæ архайдта нывкæнынады аивад уæрæх пропагандæ кæныныл.

Æрмæг бацæттæ кодта

 ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.