Юстицийы министр Гаглойты Олег Хицауады æмбырды рæстæджы уынаффæмæ рараз-мæ кодта «2022 азы РХИ-йы бартæй спайда кæныны мониторингы фæстиуджыты тыххæй» уынаффæйы проект.

Куыд радзырдта, афтæмæй бартæй спайда кæныны мониторинг у, эффективон барадон бæстонкæнынады фæрцы, райсгæ нормативон-барадон актты æмбæлон гъæдæй сифтонг кæныны, сæ реализацийы руаджы   æххæстгæнæн хицауиуæгады органты нормативон архайд фæхуыздæр кæныны сæйрагдæр инструменттæй сæ иу. Банысан кодта, зæгъгæ, æххæстгæнæг хицауиуæгады органтæ цы мониторинг уадзынц, уый гъæды æмæ фæткы фæдыл Юстицийы министрадмæ ис фарстатæ. Уый фæстиуæгæн Гаглойты Олег министрты кабинетмæ бахатыд, цæмæй  2012 азы 7-æм ноябры  «РХИ-йы бартæй спайда кæныны мониторингы тыххæй» æмæ уыцы азы райстæрцæуæг «РХИ-йы бартæй спайда кæныны мониторинг сæххæст кæныны методикæ сфидар кæныны тыххæй» Президенты барамындтæ сæ тыхы мауал уой æмæ уыдонимæ баст акттæ реализаци мауал цæуой.

Хицауады уæнгтæ министры домæн райстой æмæ, закъоны домæнмæ гæсгæ, доклад арвитдзысты  Президент Гаглойты Аланмæ.

 

ФÆФЫЛДÆР УЫДЗÆН ХÆЛЦ САМАЛ КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ ÆХЦАЙЫ ФÆРÆЗТЫ ЛИМИТ

Юстицийы министр Гаглойты Олег доклад сарæзта Тæрхондоны приставты службæйы кусджытæн  хæлцадон продукттæ самал кæныны нысанæн æхцайы фæрæзты лимит фæфылдæр кæныны тыххæй.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Тæрхондонон приставты службæйы кусджыты хæлцадон продукттæй сифтонг кæныны нысанæн бацæттæ кодтой 2017 азы 30 марты райстæрцæуæг «РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты министрады, Паддзахадон æдасдзинады комитеты, Паддзахадон хъахъхъæдады, Юстицийы министрады Æфхæрд æххæстгæнæн управленийы тыххæй» уынаффæйы проект.

Министр куыд бахахх кодта, афтæмæй проекты райсты фæстиуæгæн республикæйы паддзахадон бюджетæй бахъæудзæн рахицæн кæнын уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ – афæдз  127750 сомы бæрц.

 

ПАДДЗАХАДОН ЛИЦЕНЗИ ÆМÆ АККРЕДИТАЦИ  – АХУЫРАДОН АРХАЙДЫ ТЫХХÆЙ

Республикæйы ахуырадон архайдæн лицензи райсыны тыххæй уагæвæрды фæдыл доклад сарæзта Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахуырадон организацитæн, ахуырадон фадыджы чи архайы, уыцы амалиуæггæнджытæн ацы уагæвæрд фæтк æвæры ахуырадон фадыджы кусыны тыххæй лицензи райсынæн.

Уагæвæрды ма нысан сты, лицензи чи исы, уыдонмæ лицензион домæнтæ, ахуырадон программæты реализацийы фæдыл архайды номхыгъд, лицензи райсыны тыххæй куырдиаты формæ æмæ документты номхыгъд æмæ формæтæ.

Лолаты Аслан ма уынаффæмæ раразмæ кодта ахуырадон архайды паддзахадон аккредитацийы тыххæй уагæвæрд дæр.

Министрты кабинет дыууæ уагæвæрды дæр райстой хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн.

 

ЭПИЗООТИКÆЙЫ НЫХМÆ ТОХЫ ФÆДЫЛ  КЪАМИС

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой эпизоотикæйы ныхмæ тохы фæдыл чрезвычайон къамисы ног сконд. Фарст раразмæ кодта хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан. Уый куыд радзырдта, афтæмæй къамисы сконд сфидар кæнын хъæуы, кадрон ивд-дзинæдтæ кæй æрцыд, уый тыххæй, афтæ ма цæмæй министрадтæ æмæ ведомствоты, организацитæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ оперативонæй сæ хъус дарой республикæйы территоримæ хъæууонхæдзарадон цæрæгойты низтæ æрбахæссын æмæ парахат кæнын ма бауадзынмæ æмæ республикæйы  сæдас кæной тæссаг низтæй.

 

ИНВЕСТПРОГРАММÆЙЫ ФАРСТАТÆ

«2023-2025 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы иуæй-иу фарстаты тыххæй» Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл доклад сарæзта арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин.

Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы ивддзинæдты нысан у, цæмæй алыгъуызон заказгæнджыты мадзæлттæ дывæргонд ма цæуой. Хицауады уæнгтæ министры доклад банымадтой хорзыл.

 

СБÆРÆГ КОДТОЙ КЪАМИСЫ НОГ СКОНД

Ивддзинæдтæ ма бахастой «РХИ-йы бæрæг куыстытæ æмæ (кæнæ) æмбæстагон-барадон бадзырдты уавæртæм гæсгæ æмбæлон лæггæдтæ бакæныны тыххæй уæрæсейаг специалистты кандидатурæты фæдыл кадрон агентады куырдиаттæм æркæсыны фæдыл къамисы тыххæй»  уынаффæмæ дæр. Раразмæ йæ кодта Хицауады Аппараты Къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы уынаффæйы проекты нысан баст у, кадрон агентадимæ бадзырдмæ гæсгæ, уæрæсейаг специалистты æрхонæн механизмы реализацийы тыххæй къамисы сконд сбæрæг кæнын.

 

МАТЕРИАЛОН ÆХХУЫС – ДВАЛИШВИЛИ ГИВИЙÆН

Министрты кабинет резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ – 100 мин сомы рахицæн кæндзæн Арцеуы хъæуккаг Двалишвили Гивийæн материалон æххуыс бакæныны нысанæн, 2023 азы 9-æм августы йыл зынгсивæрзты рæстæджы материалон зиан кæй æрцыд, уый тыххæй. Ацы фарст уынаффæмæ раразмæ кодта Финансты министр Цæрикъаты Хъазбег æмæ йыл Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты.

***

Рабадты ма уынаффæ кодтой æндæр фарстатыл дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.