РХИ-йы Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй уыд Хицауады рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыд дæс сæйраг æмæ æртæ та уæлæмхас фарсты.

«Тæссаг кондадон объектты сæудæджерадон æдасдзинады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты тыххæй докладимæ ралæууыд Экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæрдар Къуылыхты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъоны проектыл бакуыстæуыд тæссаг кондадон объектты  сæудæджерадон æдасдзинады къабазы ахастытæ æрбæстон кæныны нысанæн, афтæ ма бацамынд къабазы фарстытæ комплексон æгъдауæй æрбæстон кæныны фæдыл нормативон акт саразыны тыххæй. «Закъоны проект бæрæг кæны тæссаг кондадон объектты æдас эксплуатаци барадон, экономикон æмæ социалон бындуртæ сифтонг кæнын æмæ здæхт у тæссаг кондадон объектты аваритæ ма æруадзын, локализацимæ  æмæ гæнæнуæвæг авариты фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ цæттæдзинад сифтонг кæнынмæ», – банысан кодта Къуылыхты Таймураз.

«Сау æмæ хуызджын згъæрты згъæлæнтæ бакусыны  æмæ реализаци кæныны фæдыл архайды лицензи дæттыны тыххæй æмæ сау æмæ хуызджын згъæрты згъæлæнтæ æмæ семæ кусыны уавæры фæдыл Уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» раныхас кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уагæвæрд бæрæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны сау æмæ хуызджын згъæрты згъæлæнтæ æмбырд æмæ реализаци кæныны фадыджы лицензи радтын, афтæ ма йе ‘рбавдисыны тыххæй бындуртæ æмæ фæтк.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ æх-хæстгæнæг Пухаты Мераб рабадты рахаста «Хæцæнгарзæй æмæ йæ сæйраг хæйттæй базар кæнынæн лицензи дæттыны тыххæй Уагæвæрд æмæ хæцæнгарзы нæмгуытæй базар кæнынæн лицензи дæттыны тыххæй Уагæвæрд».

Уый банысан кодта, зæгъгæ, проект фадат ратдзæн къорд нормативон-барадон акттæ райсынæн, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты ацы Уынаффæйы проекты реализацийæн. «Хицауады уынаффæйы проект бæрæг кæны æмбæстагон æмæ службæйон хæцæнгарзæй æмæ йæ сæйраг хæйттæй базар кæнынæн лицензи дæттыны фæтк, кæцы æххæст кæнынц юридикон цæсгæмттæ, афтæ ма хæцæнгарзы нæмгуытæй базар кæнынæн лицензи дæттыны фæтк дæр», – бамбарын кодта Пухаты Мераб.

Уый фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы къласон цинтæ лæвæрд æрцыдысты Экономикон рæзты министрады, Хъæууон хæдзарады министрады æмæ РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты иуæй-иу кусджытæн.

Уымæй дарддæр ма  Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн Хицауады резервон фондæй ра-хицæн кодтой 8 105 470, 40 сомы, медикаменттæ æмæ медицинон æрмæджытæ самал кæныны тыххæй.

Афтæ ма РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитетæн Хицауады резервон фондæй рахицæн кодтой 537 000 сомы  Республикæ Хуссар Ирыстоны санитарон-эпидемиологон æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл уæлдай ахсджиаг куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй специалон социалон бафыстытæ  «Гигиенæ æмæ эпидемиологион центр»-ы медицинон кусджытæн, кæцытæ æххæст кæнынц лабораторон иртасæнтæ, коронавирусон инфекци КОВИД-19-æй рынчын чи уыд æмæ уыдонимæ чи контакт кодта, уыцы адæймæгты диагностикæ 2021 азы 1-æм июлæй 30-æм сентябрмæ.

Хицауады уæнгтæ ма схъæлæс кодтой «Архайды хицæн хуызты лицензи кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» æмæ «Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады структурæ æмæ кæройнаг штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» Хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.