16-æм августæй 23-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис 4 фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 6 адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 214 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 5 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

16 августы милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытӕ Цхинвалмæ æрбахизæны баурæдтой зæрдæхсайгæ автомашинæ «ВАЗ-2109». Басгæрсты рæстæджы 30-аздзыд бæлццоны хордзены ссардтой дыууæ полиэтиленон пакеты, кæцыты мидæг разынд урсбын ссадæг. Эксперттæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй ацы буарыгъæд разынд наркотикон буарад «N-метилэфедрон». Шофыр æмæ йæ дыууæ бæлццоны ахст æрцыдысты. Ацы цауы фæдыл Слестгæнæн управленийы баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

17 августы милицийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой Дзауы районы Рукы хъæуы 52-аздзыд цæрæджы хисæр-магонд хæдзар æмæ цæхæрадоны ссардтой 6 гæны къутæры. Уымæй уæлдай ма ацы бархалæг спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ» дæр. Ноджы ма басгæрстой Рукы хъæуы 60-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар дæр æмæ дзы гæххæтты тыхтæй ссардтой цъæхбын ссадæг, кæцы разынд «марихуана». Басгæрсты рæстæджы ма цæхæрадоны ссардтой 17 гæны къутæры. Мили-цийы кусджытæ ма ноджы басгæрстой Цхинвалы районы Андисы хъæуы 37-аздзыд бынæттон цæрæджы хисæр-магонд хæдзар æмæ цæхæрадоны ссардтой 2 гæны къутæры. Фæткхалджытæ æфхæрд баййæфтой.

17 августы Дзауы районы Рукы хъæуы 56-аздзыд цæрæг милицимæ барвæндонæй бахаста автомат Калашникова, цæмæй бæрндзинад ма хæсса æнæзаконæй æхсæнгарз дарыны тыххæй.

19 августы рынчындонмæ кардæй цæфимæ бахаудта горæттаг 41-аздзыд цæрæг. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ ахст æрцыд фыдгæнæг, кæцы разынд Цхинвалы районы Мамысанты хъæуы 66-аздзыд цæрæг æмæ басаст йæ фыдракæндыл. Йæ автомашинæйы дæр ын басгæрсты рæстæджы ссардтой кард.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой горæт Цхинвалы æмæ Цхинвалы районы Цъунары хъæуы 32-аздзыд цæрджыты, кæцытæм сæ зæрдæ фехсайдта наркотикæй спайда кæнынмæ. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.