29-æм ноябрæй 6-æм декабрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис фондз фыдракæнды æмæ дзы цыппар раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 7 фæндагон-транспортон цауы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты фараст адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 236 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Горæты милицийы хайады фæдагуырды кусджытæ оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн æрцахстой æртæ 19-аздзыд æмбæстаджы, кæцытæ райхæлдтой Хъахъхъæнынады министрады æфтауцдоны къул æмæ басастысты сæ фыдракæндыл. Слестгæнæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы басгарын бахъуыд фыдгæнджытæй иуы хæдзар, кæцы цæры Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы. Бынатмæ ссæугæйæ, фыдгæнæджы æфсымæр, 20-аздзыд бынæттон цæрæг равдыста агресси милицийы кусджытæм æмæ хъавыд бамбæхсынмæ æхсæнгæрзтæ, кæцыты баппæрста сыхаджы цæхæрадонмæ – дыууæ автомат Калашников 11 магазинимæ æмæ пистолет Макарова. Фыдгæнæг конд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы.

30-æм ноябры,згъæрæй предметтæ кæм исынц, ахæм пунктæй милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, æфсæйнæгты ‘хсæн ссардæуыд зæрдæхсайгæ предмет, кæцы, æддейæ бакæсгæйæ у сармадзаны нæмыджы хуызæн. Бынатмæ ссыдысты ОМОН-ы сапертæ æмæ сбæлвырд кодтой, кæй у танчы сармадзаны нæмыг æмæ йæ хуылфы кæй ис хæлæн æрмæг. Тæссаг предмет ласт æрцыд полигонмæ спырх кæнынмæ.

30-æм ноябры Дзауы районы Уанелы хъæугæрон милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны æмæ фæндагон змæлды æдасдзинады управленийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл стационарон посты басгæрстой автомашинæ «Лада Гранта», кæцыйы шофыр разынд Цхинвалы районы Дампъалеты хъæуы 26-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы машинæйы ссардтой иу къопп, кæцыйы мидæг разынд 15 пакетикы, дымгæ кæй нæ кæнынц æмæ нæ республикæйы уæй кæнын æмæ пайда кæныны бар кæмæн нæй, ахæм тамако «снюс».

1-æм декабры Дзауы районы Уанелы хъæуы стационарон посты фæндагон змæлды инспектортæ баурæдтой горæт Тбилисы 47-аздзыд цæрæджы, кæцыйæн йемæ нæ разынд бæлвырдæгæнæн документтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æндæрбæстаг 29-æм ноябры Ергнеты хъæуы цурты æрбахызт арæныл æмæ йæ фæнд уыд Уæрæсемæ ацæуын. Фæткхалæг лæвæрд æрцыд арæнхъахъхъæнджытæм.

Рæстæгмæдарæн изоляторы басгæрстой 19-аздзыд æмбæстаджы æмæ йын йæ дзыппы ссардтой, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамако «насвай», кæцыйы уæз уыд 15 граммы бæрц.

4-æм декабры 47-аздзыд бынæттон цæрæг, йæ автомашинæ «Mersedes-Benz» скъæргæйæ, Ирæтты уынгыл ныццавта фæсвæд лæууæг автомашинæ æмæ стæй бамбæхст. Оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ фæткхалæг ахст æрцыд. Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй шофыр разынд нозтджын, æмæ ма спайда кодта «марихуана» æмæ «морфинæй».

Цхинвалы районы милицийы фæда-гуырды кусджытæ баурæдтой 34-аздзыд горæттаг æмæ 38-аздзыд Цхинвалы районы Дампъалеты хъæуы цæрджыты, кæцытæ спайда кодтой марихуанайæ. Уымæй уæлдай ма милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытæ баурæдтой 27-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ æмæ нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.