Æртæ фондзуæладзыгон корпусы арæзт цæуынц раздæры бигæдзаумæтты фабрикæйы бынаты. Алы хæдзары дæр уыдзæн 75 фатеры. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иу ныридæгæн сырæзт. Уым ныртæккæ æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ. Дыккагæн амад цæуынц йæ систæ. Æртыккаг бирæуæладзыгон хæдзарæн та бавнæлдтой йæ бындур аразынмæ. Хæдзæрттæ аразы арæзтадон организаци «СТМ-Юг», йæ сæйраг инженер Хъайтеты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй: «Ацы бынаты иууыл иумæ сырæздзæнис 225 фатеры. Уыдон уыдзысты иу, дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Рæзынц фæхуыздæргонд планировкæмæ гæсгæ. Ног азы размæ уыдонæй сæ иу эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис, иннæ дыууæ хæдзары арæзт фæуыдзысты 2023 азы. Æниу мæн ныфс ис хæдзæрттæ снысангонд æмгъуыдæй раздæр кæй сырæздзысты. Хæдзæртты раз кæртытæ дæр æрцæудзысты хæрзарæзт, сырæздзæнис дзы сывæллæтты фæзуат дæр. Фидæны ацы корпустæм хæстæг хъуамæ сырæза сывæллæтты рæвдауæндон дæр».

Арæзтады ныртæккæ кусы 30 кусæджы æххæст сты техникæйæ, кусæн æрмæджытæй. Кусджытæн сæ фылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Хæдзæрттæ иууылдæр арæзт æрцæудзысты иугъуызон планировкæмæ гæсгæ. Кусджыты бригадæ архайы æмзондæй æмæ уый тыххæй кусыты къуылымпыдзинад нæ вæййы. Фадыджы хистæр куыд зæгъы, афтæмæй хатт специалисттæ хуынд æрцæуынц Цæгат Ирыстонæй дæр.

Арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг» ма уыцы иурæстæджы аразы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл бирæуæладзыгон хæдзар дæр. Уым дæр уыдзæн 75 фатеры. Хæдзар арæзт æрцыд, уым цы æмдзæрæндон уыд, уый бынаты. Ам дæр арæзтад фæуд у, аразджытæ архайынц мидæггагон куыстытыл. Уый дæр цæттæ уыдзæнис ног азмæ. Уыцы иурæстæг архайынц кæрты  хæрзарæзтадыл дæр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм ацы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ кæй аразынц 2020-22 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.