Пандемиимæ баст уавæр æвзæрæй æвзæрдæр кæй кæны, уый катайы бафтыдта Цæгат Ирыстоны разамынды. Æрмæст фæстаг суткæйы рынчынтыл бафтыд 71 адæймаджы, мæлгæ та дзы акодта цыппæрдæс. Æрвылбон дæр низ ахæссы 7-8 адæймаджы цард. Уый фæдыл низимæ тох кæныны оперативон штабы радон æмбырды республикæйы разамонæг Сергей Меняйло фæсидт æмбæлон органтæм ахадгæ мадзæлттæ саразынмæ. Куыд бафиппайдта, афтæ-мæй низ тынгдæр парахат кæны, адæм сæхи кæй нæ хъахъхъæнынц, низæй бахъахъхъæныны тыххæй хъæугæ мадзæлттæ кæй нæ аразынц, стæй сæ æмбæлон органты ‘рдыгæй дæр бæрæггæнæг кæй нæй, уый тыххæй. Æхгæнын хъæуы, уыдон чи не ‘ххæст кæны, уыцы организациты.

Республикæйы Сæргълæууæг карзæй бадомдта адæмы ахæм æнæмæт архайдæн гæрæнтæ сæвæрын. Цы бардзырд бафыста, уым, 20-æм августæй фæстæмæ кæрон æрцæудзæн ахæм уæгъдибар архайдæн. Зæгъæм, ресторанты, чындзæхсæвты, стæй æндæр мадзæлтты мауал хъуамæ уа сæдæ адæймагæй фылдæр, кæрæдзимæ хъуамæ бадой дæрддзæф; цас гæнæн ис, уымæй къаддæр цæуын зиæнттæм; транспортыл æнæ маскæйæ бæлццæттæ куы бада, уæд шофыр иваргонд æрцæудзæн фондз мин сомæй; дуканиты, базæртты сæ товар хъуамæ уæй кæной маскæты; афтæ маскæтæ хъуамæ уа æлхæнджытыл дæр.  Кæй бафиппайой, уыдон дæр æхцайæ ивар цæудзысты, дуканитæ та – æхгæд.

Сергей Меняйло ма транспортон компаниты минæвæртты æргом аздæхта автобустæ æмæ маршрутон такситы нымæц фæфылдæр кæныны тыххæй бацархайынмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, рейсытæ цас фылдæр уой, уыйас сæ бæлццæтты нымæц къаддæр уыдзæн. «Абонæй фæстæмæ карздæр цæстдард уыдзæн, алы ран дæр санитарон æдасдзинады домæнтæ чи не ‘ххæст кæна, уыдон бæрæг кæнынмæ. Аххосджынтæ канд æхцайæ иваргонд нæ цæудзысты, фæлæ ма фесафдзысты сæ куыст дæр. Æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй рынчынты рæзт урæд æрцæуа», – загъта уый.

Роспотребнадзор, Мидхъуыддæгты æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты кусджытæй санитарон домæнтæ бæрæг кæныны тыххæй цы æхсæнведомствæйон къорд арæзт æрцыд, уыдон кæнынц рейдтæ æмæ ныридæгæн рабæрæг кодтой цалдæр закъон фехалыны цауы. Уыдон кæй не ‘ххæст кæнынц, уый аххосæй æхгæд æрцыдысты стыр базарадон мегаполистæ «Столица» æмæ «Алания-Молл», стæй базар «Привоз». Шофыртæй дæр бирæтæ æрцыдысты иваргонд.

Рейдтæ цæуынц дарддæр…

Нæ   уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.