18-æм октябрæй 25-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 234 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 11 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

21 октябры горæты милицийы хайадмæ хъаст балæвæрдта сæнаразæн компани «Иронсæн»-ы Генералон директор, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ сæнæфснайæн æфтауцдонæй адавтой 78 авджы коньяк. Къæрныхтæ разиан кодтой 20 мин сомы бæрц æмæ ныридæгæн уагъд цæуынц оперативон-агурæн ма-дзæлттæ.

23 октябры Цхинвалы районы милицийы хайадмæ хъаст балæвæрдта Къостайыхъæуы 69-аздзыд цæрæг, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ йын йæ магазинæй адавтой тамакотæ. Къæрныхтæ разиан кодтой 150 мин сомы бæрц.

Цхинвалы районы Мамысанты хъæуы 72-аздзыд цæрæг донхæрæг къанаумæ æввахс ссардта рæмудзæн æрмæг. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ йæ скуынæг кодтой. Уымæй уæлдай ма Цхинвалы районы Залдайы хъæумæ фæндаджы былыл ссардтой хæлæн æрмæджытæ æмæ нæмгуытæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ дзы ссардтой дыууæ гранаты,   рæмудзæн, зенитон пулеметы нæмыг, хæдæхсгæ гранатометы нæмыг æмæ ма æлыгъуызон ставд калибры нæмгуытæ.

Цхинвалы районы милицийы фæдагуырды кусджытæ баурæдтой Къостайыхъæуы 34-аздзыд æмæ горæт Цхинвалы 18-аздзыд цæрджыты, кæцытæ спайда кодтой наркотиктон буарад “марихуанайæ».

23 октябры Дзауы районы Хуымысæрты хъæуы ссыгъд хъæдын бæстыхай. Цыбыр рæстæгмæ бынатмæ ссыдысты зынгхуыссынгæнджытæ, фæлæ бæстыхайæн йе ‘рдæг уæдмæ басыгъд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.