Ноджы ма йæ зæгъон нæ уарзон, хæстæфхæрд горæтæн гас кæнынц йæ уæззау хъæдгæмттæ. Æмæ кæд нырма бирæ хæдзæртты æмæ уагдæттыл зынынц хæсты уæззау фæдтæ, уæддæр ахæм бæстыхæйтты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Уырны нæ æввахс рæстæджы сæ хъæдгæмттæ кæй байгас уыдзысты, уыдонæн дæр. Æцæг нæ республикæйы цæрджытæй гуырдзиаг тыхæйисджыты æгъатыр къухтæй йæ хъæбулты, йæ хиуæтты чи фесæфта хæсты рæстæджы, уыдоны зæрдæйы хъæдгæмттæ никуы байгас уыдзысты, фæлæ уæддæр цард дарддæр кæны, афтæ у æрдзы хъуыддаг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты уынгты абоны уавæрæн абарæн нæй иу цалдæр азы размæ дæр ма цы æдзæллаг уавæры уыдысты, уыимæ. Табу хуыцауæн! Ныр азæй-аз фылдæр кæны нæ горæты хæрзарæзт уынгты нымæц. Нæ уарзон, хæстæфхæрд горæт йæ хуыз ивы, бæрæг фæрæсугъддæр æмæ фæсыгъдæгдæр нæ цæстыты раз. Æцæг нæ горæты цæрджытæ æмхуызонæй нæ аудынц уынгты сыгъдæгдзинадыл æмæ сæ брон брондонмæ нæ хæссынц.

О, фæлæ уынгтæ хæрзарæзт куы æрцæуынц, уæд та сæ фæхъæуы цъæхфæлыст скæнын, алыгъуызон декоративон бæлæстæ æмæ дзы дидинджытæ ныссадзын, цæмæй ноджы рæсугъддæр рафидауой. Ацы ахсджиаг хъуыддагмæ се стыр хайбавæрд хæссынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ ландшафтдизайнер Пæрæстаты Иринæйы сæргълæудæй. Ацы хайады кусджытæ цы удуæлдай æмæ стыр куыст кæнынц нæ горæты рæсугъддзинады тыххæй, уымæн стыр аргъ кæнын хъæуы, уæлдайдæр та цалдæр æвзонг сылгоймагæн, кæцытæ нæ горæты уынгты тауынц алыгъуызон дидинджытæ, садзынц декоративон къутæртæ æмæ афтæ дарддæр.

«Нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ горæты уынгтæ афтæ срæсугъд кæнæм æмæ сæ уындæй исæм æхцондзинад. Æмæ уыцы хъуыддаг саразын нæ къухты æфтгæ дæр кæны. Акæсут ма, нæ горæты уынгтæ куыд тынг рафидыдтой æмæ ноджыдæр рафидаудзысты кæд нæ хъуыддæгтæ нæхи фæндиаг ацæуой, уæд. Цæмæй нын фылдæр бакусын бантыса, уый тыххæй  фылдæр хатт фæкусæм райсомы авд са-хатæй изæрдалынгтæм, бакусæм улæфтбонты дæр æмæ афтæмæй æмбæлон хуызмæ æркæнæм нæ горæты уынгтæ æмæ сквертæ. Уæлдай фылдæр куыст нын вæййы уалдзæджы æрбалæуды», – загъта Пæрæстаты Иринæ.

Æмæ, æцæгæйдæр, хæрзарæзтады комбинаты кусджытæн, æгæрыстæмæй, улæфтбонтæ дæр нæй, уыйбæрц куыст сын ис æмæ сыл æххæсгæ дæр нæ кæнынц. Уыимæ ацы æнæхайыры коронавирусæй фæрынчын сты ацы комбинаты кусджытæ дæр æмæ ныртæккæ кусынц бынтон цъусæй. Æрæджы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ бафснайдтой Хъайтарты уынджы цы декоративон къутæртæ ис, уыдоны, кæцытæн уый размæ сæлвыдтой сæ уæлдай къалиуты. Иудзырдæй, цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæн афæ-дзы алы афон дæр сæ куыст нæ къаддæр кæны.

«Нæ горæты уынгтæй бирæты ныссагътам уардитæ, самшит, декоративон бæлæстæ-сумахтæ. Джиоты Аланы проспекты (раздæры Ленины уынг) «разделительная полоса» кæй хонынц, уым-иу  уый размæ азты кæд алыгъуызон дидинджытæ ныссагътам, уæд ныр аскъуыддзаг кодтам, уым дæр дидинджыты бæсты декоративон къутæртæ ныссадзын.  Нæ фæндыл сразы сты горæты администрацийы къухдариуæгад дæр. Æрвылаз дидинджытæ садзын лæууы зынаргъ, иннæмæй та нæ горæты цæрджытæй бирæтæ бынтондæр нæ аргъ кæнынц нæ куыстæн æмæ нын иуæй-иу æдзæсгом адæймæгтæ адавынц нæ цæттæ фыдæбон – ома дидинджыты, бирæтæ та сыл къахæй балæгæрдынц иу уынгæй иннæ уынгмæ куы фæхизынц, уæд. Ныр, ноябры мæйы æрæвналдзыстæм Джиоты Аланы проспекты декоративон къутæртæ садзынмæ. Уыдон иуæй æнцондæр архайд сты, иннæмæй та сæ алы аз садзын нæ хъæуы», – загъта Пæрæстаты Иринæ.

Хæрзарæзтады комбинаты цъæх-вæлыстгæнæн хайадæн горæты администрацимæ æввахс цы чысыл зæххы фадыг ис, уым сæхæдæг схъомыл кодтой декоративон къутæртæ, кæцыты скъахтой æмæ дзы 92 къутæры ныссагътой нæ горæты посты ‘рдыгæй Ногдзауты паркмæ æрбахизæны, 10 та дзы ныссагътой Исахъы уынджы Тъбеты æрцæуæны Ирыстоны зынгхуыст хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Пантерайы цыртытæ кæм сты, уым. Афтæ ма сæхæдæг æрзайын  кæндзысты уардитæ æмæ уыдонæй дæр спайда кæндзысты. «Æрæджы бафснайдтам, æртæ-цыппар азы размæ горæтгæрон цы пантеон арæзт æрцыд, уый дæр. Уым уыйбæрц брон æртымбыл æмæ нæ цæстытыл нæ баууæндыдыстæм. Ау, хуссарирыстойнаг кадджын, аккаг адæймæгтæй цардæй чи ахицæн вæййы, уыдон ныгæд кæм æрцæуынц, уыцы  табуйаг бынаты иу брон дæр куыд хъуамæ аппарай. Ацы бынат нын дзуарбадæны хуызæн бæргæ хъуамæ уа, фæлæ… Бирæтæ сæ цæсгом афтæ фесæфтой æмæ бынтондæр нал æфсæрмы кæнынц. Куыд зонæм афтæмæй ацы бонты цардæй ахицæн нæ зынгæ æмзæххон, РХИ-йы сгуыхт артисткæ Галуанты Людмилæ æмæ уый дæр баныгæдтой пантеоны. Йæ ныгæнæн боны размæ пантеон афтæ ныхсадтам æмæ дзы иу рыджы мур дæр нал баззад. Уæлдæр куыд банысан кодтон, уымæ гæсгæ пантеоны уый размæ бонты та æфснайгæ бакодтам, фæлæ афтæ сыгъдæгæй цас фæлæудзæн, уый зын зæгъæн у… Æрæджы Хетæгкаты Къостайы скверы ныссагътам хризантемæтæ æмæ, æгæрыстæмæй, уыдонæй дæр адавдтой. Ахъуыды ма кæнут,  Къостайы скверæй дæр, кæцыйæн мах иууылдæр табу хъуамæ кæнæм!

Бæлæстæ дæр хæсты хайадисджытæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ уыдон дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты знаджы дæрзæг къухтæй, бирæтыл дзы сæмбæлдысты знаджы нæмгуытæ æмæ  нæмыг-дзæфтæй цасдæр фæлæууыны фæстæ бахус сты. Бæлæстæй бирæты уидæгтæ та хъыгдард баййæфтой канализацион хæтæлтæ ивыны рæстæджы. Горæты уынгты ма æнæхъæнтæй цы бæлæстæ баззадысты, уыдон та мæгуыргъуызтæй кастысты, раст цыма æнæмсæр хæсты фæмардуæвæг Ирыстоны æдзард зынгхуыст хъæбултыл хъынцъым кодтой, уыйау. Уымæ гæсгæ  хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ дыууæ азы размæ нæ горæты уынгты цы бæлæстæ бахус сты, уыдоны бынæтты ныссагътой 300 сусхъæд бæласы, кæцыты сын радта нæ республикæйы хъæды хæдзарады управлени.  «Турбаза»-йы цур цы сквер сырæзт, уым та ныссагътам бæрзытæ, тæгæрбæлæстæ æмæ сусхъæдтæ. Уыцы бæ-лæстæй ма ныссагътам нæ горæты  уынгты бæлæстæ кæм бахус сты, уыдоны бы-нæтты. «Турбаза»-йы цур ма ныссагътам туятæ дæр. Богирийы цы ног сквер ис уым та ныссагътам магнолиятæ æмæ туятæ. Магнолиятæ сæрдæй-зымæгæй сты цъæх æмæ рæсугъд фидауынц.

Иудзырдæй, тынг нæ фæнды нæ горæт срæсугъд кæнын æмæ ууыл зæрдæбынæй архайгæ дæр кæнæм, фæлæ нын цæрджытæй бирæтæ нæ куыстæн бынтондæр нæ аргъ кæнынц. Иуæй нын давгæ акæнынц нæ сагъд дидинджытæ æмæ иннæмæй та газонтыл ахизынц æмæ афтæмæй сæ къæхты бын ныцъæл кæнынц дидинджытæ æмæ кæрдæг, æххуысы бæсты нын нæ куыстæн фыдаудæн кæнынц. Иумиаг тыхтæй нын фылдæр бантысид саразын, фæлæ нын кæд æххуыс нæ кæнынц, уæд нын нæхи фыдæбон уæддæр куы ныууадзиккой. Ноджыдæр мæ  иу хатт уæ газеты руаджы фæнды цæрджытæм бахатын, цæмæй нын нæ куыстæн фыдаудæн ма кæной, мах дæр сæ уыдоны тыххæй аразæм», –  радзырдта ландшафт-дизайнер Пæрæстаты Иринæ.

Ацы комбинаты кусджытæ ма горæты уынгты æмæ скверты ныссагътой сумахтæ, кæцытæ тынг рафидауын кодтой уынгты æмæ скверты. Сумахтæ æрзайын кодтой сæхæдæг дæр.  Нæ горæты Исахъы æмæ Сталины уынгтæ кæм иу кæнынц, уым дæр дзы ныссагътой æмæ тынг срæсугъд.

Хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджыты фæрцы рафидыдта нæ горæт, сæ къухты æрмдзæф ирдæй зыны нæ горæты уынгты æмæ сын сæ куыстæн аргъ кæнын махæй алкæйы хæс дæр бæргæ у, фæлæ…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.