11-æм октябрæй 18-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты цыппар адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 240 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

11 октябры рынчындонмæ уæззау цæфтимæ бахаудта 22-аздзыд горæттаг цæрæг. Дохтырты медицинон æххуысы фæрцы рынчынæн мæлæтæй тас нал у. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн хъаугъа рауад нæ горæты 30-аздзыд цæрæгимæ æмæ йæ уый æхсæнгарзæй дыууæ æхсты фæкодта. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн фыдгæнæг ахст æрцыд, байстой йын йæ пистолет «Макарова» фондз нæмыгимæ. Милицийы кусджытæн сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайдæ кæнынмæ, фæлæ фыдгæнæг медицинон басгæрстмæ нæ бакуымдта. Ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ, цæмæй рабæрæг кæной фыдбылыз æрцæуыны аххосæгтæ.

12 октябры рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы 53-аздзыд цæрæг. Дохтыртæ йын бакодтой æмбæлон медицинон æххуыс, фæлæ рынчын уæззау цæфты фæстиуæгæн 14 октябры фæмард. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн хъаугъа рауад йæ хъæуггаг 44-аздзыд цæрæгимæ, кæцы йæ фæкодта цалдæр цæфы къухæй. Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй фыдгæнæг уыд нозтджын. Ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ, фыдгæнæг бады ахæстоны.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ оперативон информацийы фæдыл Дзауы районы Уанелы хъæуы стационарон посты баурæдтой автомашинæ «Mercedes-Benz», кæцыйы шофыр разынд нæ горæты 35-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы шофыры дзыппы ссардтой фондз таблеткæйы медицинон препарат «Трамадол», кæцы хауы наркотикон буарадтæм æмæ йын нæй уæй кæныны бар.

Оперативон-сгарæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы æмæ паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытӕ баурæдтой автомашинæ «Лада Гранта», кæцыйы шофыр разынд нæ горæты 57-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы машинæйы ссардтой, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамако «Насвай». Горæт Цхинвалы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 20 мин сомы.

Уымæй уæлдай ма Дзауы районы милицийы фæдагуырды кусджытæ баурæдтой 21-аздзыд уæрæсейаг æмбæстаджы æмæ йын йæ дзыппы ссардтой, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамакойы къопп «Снюс».

15 октябры Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 68-аздзыд цæрæг, йæ цæхæрадоны архайгæйæ, ссардта гранат. Сапертæ бацыдысты бынатмæ æмæ тæссаг предмет скуынæг кодтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.