12-æм апрелæй 19-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой цыппар адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 166 фæткхалæн цауы. Уыдонæй авд уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

15 майы изæрæй милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, «Московский» микрорайоны нозтджын шофыр уынгты æрра скъæрд кæны æмæ йæ быны сывæллæттæ фæцæйхаудтой. Бынатмæ ссыдис патрулон экипаж, фæлæ фыдгæнæг нæ сæххæст кодта милицийы закъонон домæнтæ, нæ баурæдта йæ автомашинæ «Audi», фæлæ ноджы раскъæрдта трассæмæ æмæ Дзауырдæм йæ ных сарæзта. Æгæр стыр тагъдадæй кæй цыд, уый фæстиуæгæн микрорайон «Солнечный»-мæ фæзилæны нæ сарæхст йæ автомашинæ скъæрын æмæ сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «ВАЗ-2114», кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 20-аздзыд цæрæг. «ВАЗ-2114» шофыр уæззау цæфтимæ рынчындонмæ бахауд. «Audi»-йы шофыр ноджы дарддæр аскъæрдта æмæ стæй бамбæхст. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн рабæрæг фыдгæнæнæг – у нæ горæты 37-аздзыд цæрæг, кæцы ма раздæр дæр административон æфхæрд баййæфта нозтджынæй машинæ скъæрыны тыххæй æмæ ма йыл конд уыд уголовон хъуыддаг дæр. Ныридæгæн ист цæуынц æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй фыдгæнæг ахст æрцæуа æмæ йæ бæрндзинадмæ æркæной.

18 майы райсом 7 сахатыл горæт Цхинвалы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, «Виктория» ресторанмæ æввахс зæххыл уæззау уавæры иу адæймаг хаудæй хуыссы. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы адæймаг разынд нæ горæты 34-аздзыд цæрæг, йæ сæр уыд æхсæнгарзæй æхст, фæлæ уды мидæг уыдис æмæ йæ рынчындонмæ аластой. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн ацы фыдракæнд саразыны тыххæй милицийы кусджытæн сæ зæрдæ фехсайдта нæ горæты 32-аздзыд цæрæгмæ. Хæдзармæ йæм куы бацыдысты, уæд æй фатеры ссардтой мардæй. Йемæ ма фатеры ссардтой 34-аздзыд сылгоймаджы мард. Слестгæнæн органтæ ныридæгæн бæрæг кæнынц ацы трагеди æрцæуыны аххосæгтæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 48-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «метадонæй». Баурæдтой ма Цхинвалы районы Цъунары хъæуы 49-аздзыд цæрæджы, кæцы та æнæза-къонæй спайда кодта наркотикон буарадтæй «метадон» æмæ «марфинæй». Уымæй уæлдай ма урæд æрцыд горæттаг 25-аздзыд цæрæг, кæцыйæн медицинон басгæрст рабæрæг кодта «метадонæй» спайда кæныны факт. Ацы æмбæстаг ныры онг дыууæ хатты ивар  æрцыд наркотиктæй спайда кæныны тыххæй. Ныр та йыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.