Нырма скъоладзау уыд нæ горæты цæрæг Цхуырбаты Алан,  афтæ йæ зæрдæйæн иууыл уарзондæр æмæ æввахсдæр сси  хуыйæджы дæсныйад, æдзухдæр уыимæ дзырдта йæ зæрдæ. Иугæр скъолайы 8 кълас каст куы фæци, уæд хæрзбон загъта йæ уарзон ахуыргæнджытæ æмæ æмбæлттæн, йæ фæнд конд уыд æмæ йæ документтæ балæвæрдта нæ горæты 131-æм профтехахуыргæнæндонмæ. Æндæр æмæ æндæр професситæ райсæн уыд ацы ахуыргæнæндоны, дзæвгар уыд сæ ахуыргæнинæгты нымæц дæр æмæ алы æвзонг чызг æмæ лæппу дæр æрлæууыд, йæ зæрдæмæ цы дæсныйад цыд, ууыл. Алан  та йе мбæлттимæ ахуыр кæнын райдыдта хуыйæджы сусæгдзинæдтæ æмæ нæ фæрæдыд. Йæ цинæн кæрон дæр нæ уыд, йæ ахуыргæнджытæ йын хуыйæджы ногдзинæдтæ амонын куы райдыдтой, уæд, æдзухдæр стыр цымыдисæй хъуыста æмæ æххæст кодта сæ амындтытæ. Тынг цымыдисæй каст сæ алы арæхстдзинад æмæ фезмæлдмæ дæр æмæ тырныдта, уыдонау уый дæр афтæ фæлтæрд хуыйæг куы суаид. Сæ ахуыргæнинаджы зæрдæргъæвддзинад æмæ цымыдис фæхатыдысты йæ хъомылгæнджытæ æмæ йæм уæлдай хъусдард райдыдтой здахын. Сæ хъуыддаджы арæхстджын æмæ фæлтæрд ахуыргæнджытæ Зассеты Азæ, Собаты Сослан æмæ иннæтæ æвæлтæрд ахуыргæнинагæн сæ бирæазон куысты арæхстдзинад амыдтой цæстуарзонæй. Сæ амындтытæ  сын æнæзивæгæй æххæст кодта Алан, иу кæнæ иннæ æнцон æмæ зындæр хуыйыны операци æххæст кæнынмæ каст бæрндзинады цæстæй, фæндыд æй уыдон тагъддæр æмæ гъæдджындæрæй æххæст кæнын. Практикæйы та цыд нæ горæты Модæты ательейы йæ хъуыддаджы дæсны хуыйæг Болататы Нодармæ æмæ уымæн дæр йæ зæрдæ рухс кодта йæ арæхстдзинад æмæ куыстуарзондзинадæй, æвæрдта дзы ныфс, сомбоны йæ дæсныйадæй адæмæн цæстуарзонæй кæй лæггад кæндзæн, уый тыххæй.

Ахуыр каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта йæ дæсныйадыл æмæ дзы райгонд уыдысты цæрджытæ, сæ закъазтæ сын рæстæгыл æмæ æмбæлонæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй. Иурæстæджы областы уæлдæрлæууæг органтæ Цардуагон лæггæдты разамынадæн бахæс кодтой, цæмæй равзара æмæ хуыйæджы уæлдæр курсыты ахуыр кæнынмæ арвитой, бынаты раззагон хуыйæг чи у, ахæмты. Уыдон номхыгъдмæ бахауд Цхуырбайы фырт дæр æмæ иттæг разæнгардæй ахуыр кæнын райдыдта Ленинграды. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты, йæ хъуыддаг иттæг хорз чи зыдта, ахæм фæлтæрд хуыйджытæ Локат Барис, Сызов Витали æмæ æндæртæ. Æнцон нæ уыд ам ахуыр кæнын, уыдысты фæлтæрдджын æмæ уыимæ иумæ домгæ дæр кодтой тынг. Ацы иуазон курсыты дæр Алан йæхи равдыста хорз æмæ дзы райгонд уыдысты йæ ахуыргæнджытæ. 1989 азы Цхуырбаты А. æрыздæхт йæ уарзон горæтмæ æмæ уæдæй нырмæ цæстуарзонæй йæ лæггады хай кæны цæрджытæн. Ныртæккæ йæм фæлхасгæнджытæ æххуысы охыл фæзынынц Цардуагон лæггæдты хæдзармæ æмæ сын цыбыр рæстæгмæ сæххæст кæны сæ домæнтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ раздæр азты цæрджытæ фылдæр хуыйын кодтой ног хæлæфтæ, фæлæ уыдон ныр фæкъаддæр сты. Уый хыгъд æрбахæссынц ногтæ, уыдонæй иутæ æмбæстагæн вæййынц кæнæ тынг даргъ, кæмдæр та уæрæхдæр. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыдон аивæй, æмбæлон æгъдауæй бацæттæ кæнын æмæ бахуыйыныл къаддæр фыдæбон æмæ арæхстдзинад нæ фæхъæуы. Уымæ гæсгæ Алан бæстон æркæсы фæлхасгæнæджы уæнгтæм, стæй ног хæлафмæ æмæ цалдæр хатты фæрабар-бабары фæстæ æрæвналы йæ куыст æххæст кæнынмæ. Ахæм бæстон архайдæн кæронбæттæны вæййы хорз фæстиуæг æмæ æхсызгондзинады уылæнтæ ахъазынц закъазгæнæг æмæ йе ххæстгæнæджы цæсгæмттыл дæр.

                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.