12-æм июлæй 19 июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тых-хӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæл-дай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой фондз адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 229 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

12 июлы Дзауы районы Чеселты хъæумæ ‘ввахс милицийы кусджытæ хъæды тъæпæны ссардтой 226 гæны къутæры æмæ сæ скунæг кодтой.

17 июлы рынчындонмæ уæззау уавæры бахауд горæттаг 41-аздзыд цæрæг. Дохтыртæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй, характерон миниуджытæм гæсгæ, ацы æмбæстаг фæхъæстæ наркотикон буарадæй. Рынчын нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Урæд ма æрцыд ноджы горæттаг цæрæг, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ, фæлæ нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Фæткхалджытæ ивар æрцыдысты. Уымæй уæлдай ма баурæдтой 36-аздзыд горæттаг цæрæджы æмæ медицинон басгæрсты рæстæджы рабæрæг, ацы æмбæстаг кæй спайда кодта наркотикон буарадтæ «лирика», «морфин» æмæ «метадонæй». Фæткхалæджы бартæ горæт Цхинвалы тæрхондон æриста иу мæйы æмгъуыдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.