Уыдис æгъатыр, куынæггæнæг, ирон адæмы хуыздæрты чи карста æмæ чи цагъта, ахæм машинæ. Нæ бон у схонæм æй террор, гоймаджы культ æмæ афтæ дарддæр, фæлæ уыдæттæй махæн нæ сыгъд-уырыд ивгъуыд фæстæмæ нал раздæхдзæни, нæ национ æнамонддзинад амондæй нал раивдзæни. Чидæриддæр Ирыстон æмæ ирон адæмæн исты хорзы бацыд, чидæриддæр йæ сомбоныл батыхст, уыдоны скуынæг кодтой иууылдæр æртынæм азты тугуарæнты. Уæды онг фæцæрын дзы кæмæн нал бантыст, уыдонæн та сæ зæнæг фесты æмæ уыдысты ратон-батойнаг…

Уыдонæй сæ иу уыдис зындгонд советон театралон режисер, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист,   Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, зындгонд ирон фыссæг Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг Зариффæ. Сомбоны номдзыд режиссер 1945 азы Мæскуыйы каст фæцис ГИТИС-ы режиссерон факультет æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны драмон театры. Зариффæ тырныдта театры сценæйыл романтикон сурæттæ саразынмæ, стыр фæзындтæ æмæ аивадон æнтыстытæ равдисынмæ.

Фæлæ ацы æргомуд æмæ зæрдæргъæвд адæймаджы цард йæхи фæндиаг  лæгъз нæ цыдис.

Хъысмæт ын бирæ цæлхдуртæ сæвæрдта йæ размæ, фæлæ йын йæ асæттын йæ бон нæ бацис. Хъыгагæн, йæ царды кæронмæ кæмæ фенхъæлмæ каст, уыцы ныхас нæ фехъуыста “бахатыр кæн”, зæгъгæ, йæ цард æмæ йын йе сфæлдыстадон бæллицтæ сæ къæхты бын чи ныккодта, уыдонæй.

Режиссер Брытъиаты Зариффæ, фыццаг ирон драматургы чызгæн йæ миддуне æрмæстдæр баст уыдис сфæлдыстадимæ. Ирон театралон аивадæн лæггад кодта æвæллайгæйæ, æмæ йæ рухс ном дæр æнустæм уымæн цæрдзæн адæмы зæрдæты.

Фыццаг драматург… фыццаг режиссер… Кæд искуы ирон театралон режиссурæйы тыххæй иртасæн куыст фæзына, уæд дзы фыццаг ирон сылгоймаг-режиссеры бынат æрхаудзæн Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг Зариффæмæ (1919-2001). Уæззау хъысмæт фæцис йæ хай, йæ номдзыд фыдау, фыдбон, фыддугæй цынæ бавзæрста: æфхæрд, низ, рохуаты бонтæ.

Зариффæ райгуырд 1919 азы Цæгат Ирыстоны, Дзуарыхъæуы. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ тынг бæллыд ахуырмæ. Уæлдай зæрдæргъæвддæр уыд ирон литературæмæ.  1938 азы Зариффæ фæлварæнтæ радта Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ, фæахуыр кодта иттæг хорз, иста Сталины стипенди. Зариффæ бæллыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ Ирыстонмæ сыздæхынмæ, театры кусынмæ, цæмæй йæ бирæ зонындзинæдтæ сфæлвара сценæйыл, балæггад кæна, йæ фыд бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы ирон театралон аивадæн балæггад кæнынмæ. Фæлæ йын Фыдыбæстæйон Стыр хæст йæ бæллицтæ сæххæст кæныны æмгъуыд ныддаргъ кодта. 1941 азы июлæй августмæ иннæ студенттимæ иумæ къуыригæйтты къахтой хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ Мæскуы æмæ Смоленскы бынмæ. Уый тыххæй Зариффæ хорзæхджын æрцыд майданæй «За оборону Москвы». 1941 азы сентябры сыз-дæхт Ирыстонмæ, уымæн æмæ Театралон аивæдты паддзахадон институт эвакуа-цигонд æрцыд. Кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры. Ирыстоны уæвгæйæ дæр та Зариффæйы хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ къахыны сæр бахъуыд  Дзæуджыхъæуы бынмæ. Уæд райста йæ майдан «За оборону Кавказа» дæр. Фæндыд æй Уæлахизы бæллиццаг бон фæхæстæгдæр кæнын. Радистты скъоламæ дæр уымæн бацыд, цæмæй йæ иуафон хæсты цæхæрмæ баппарой, фæлæ Зариффæ бахауд Тбилисмæ, стæй – Дзæуджыхъæумæ, ныр йæхæдæг иннæты ахуыр кодта бастдзинады аппаратурæимæ архайыныл. Фæлæ йын хъысмæтæй нысангонд уыд сфæлдыстадон фæндаг æмæ уæлахизтæ. 1945 азы та бацыд Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ æмæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта. Кусынмæ сыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Æрыгон Ирон театры йыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ фыццаг фæлтæры æрттивгæ фæсивæд: Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Икъаты Серафинæ, Баллаты Валодя æмæ æндæртæ.

1945 азы Зариффæ сæвæрдта йæ фыццаг спектакль «Талынджы фембæлд» – йæ фыццаг æнтыст. Спектаклæн бæрзонд аргъ скодтой куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ театралон критиктæ дæр.

Цал æмæ цал хъысмæты, характеры, сценикон быцæуы равзæрста уæдæй фæс-тæмæ режиссер. Йæ æвæрд спектакльты нымæц сæдæйы онг схызт. Уыдонимæ Ирон театрæн ном æмæ цæсгом чи скодта, уыцы ахъаззаджы куыстытæ: Къостайы «Фатимæ», Шекспиры «Отелло», «Дыууадæсæм æхсæв», «Ромео æмæ Джульеттæ», Плиты Грисы «Чермен», «Æууæнк», Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», «Дыууæ хойы», Мамсыраты Дæбейы «Æфхæрдты Хæсанæ», Туаты Дауыты «Мæрдтæйдзæуæг», А. Островскийы «Судзгæ зæрдæ», «Æнаххосæй аххосджынтæ», Мольеры «Тартюф», Брытъиаты Зариффæйы æмæ Саламты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæвы», Уырыймæгты Езетханы «Знæгтæ». Йе стыр сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй 1960 азы Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæйы сæйраг режиссер Брытъиаты Зариффæйæн лæвæрд æрцыд «Сырх Тырысайы орден».

60-æм азты Дзæуджыхъæуы Е. Вахтанговы номыл Уырыссаг театры куыст фæцудыдта цыдæр аххосæгтæм гæсгæ. Æмæ дзы уæд сæйраг режиссерæй нысангонд æрцыд Брытъиаты Зариффæ. Театрыл фæзынд курдиатджын разамонæджы архайд. Йæ æвæрд спектакльтæй иуæн – Уырыймæгты Езетханы «Перед грозой»- æн саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми. Фæстæдæр сфæлдыстадон бæрзæндтæм схизæг режиссеры хонын райдыдтой æндæр театртæм дæр. Спектакльтæ сæвæрдта Цæцæн-Мæхъæлы, Болгарийы алы горæтты театрты сценæтыл.

Уæлтæмæн æмæ æнтыстытæй семыдзаг бонтæ, мæйтæ æмæ азтæ батыдта Зариффæ театралон аивадæн лæггад кæнгæйæ. Йæ ныхасы кæддæриддæр уыд уæз. Йæ хъуыддаджы æппæт фæзилæнтæ дæр афтæ хорз зыдта, æмæ-иу йæ уынаффæйыл, фиппаинæгтыл сразы сты суанг мæскуыйаг театрты дзырддзæугæ архайджытæ дæр. Уымæн æрцыд æвзæрст æмæ бирæ азты фæкуыста Æппæтуæрæсеон театралон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады сæрдарæй. Цæмæй йæ бон уыд, уымæй æххæст кодта театрты кусджыты социалон домæнтæ, æнæ дзуаппæй никуы никæй раздæхта. Уæлдæр ранымад хорзæхтæй дарддæр ма Зариффæ райста майдантæ «За доблестный труд в ВО в 1941-1945 гг» (1946 аз), «За трудовую доблесть» (1948 аз).

Царды фыдæх, цардау, æнусон у. Уыцы фыдæх æгæр куы скарз вæййы адæмы зæрдæты, уæд ныллæууы, тыхæвзарæн, хæрамы дуг æмæ куы хæрамы дуг йæ азарæй басыгъта сыгъдæгуд Зариффæйы дæр. Сфæлдыстады рухс бæрзæндтæй йæ хæрамдзинады тарфмæ ныппæрста. Зариффæ йæхи удыл бавзæрста æнаккаг адæймæгты æфхæрд, æмгæртты мæнгарддзинад. Бынтон æнаххосæй йæ ахæстоны бакодтой, байстой йын йæ паддзахадон хæрзиуджытæ, йæ намыс ын сæвдылдтой цъыфы. Уый æртынæм азты нæ уыд, фæ-лæ æстайæм азты.

Дагестаны адæмон фыссæг Расул Гамзатов Мæскуыйы хицауадмæ цалдæр хатты фыстæджытæ фæфыста Зариффæйы сæрыл, кæддæр ын Джусойты Нафи йæ фыд Елбыздыхъойы табуйаг ном среабилитаци кæныны тыххæй куыд фыста Мæскуымæ афтæ. Суæгъд æй кодтой цалдæр азы фæстæ йæ удæн ын Амыраны зынтæ чи бавзарын кодта, уыцы ахæстонæй.  Хатыр дзы уæддæр æмæ уæддæр ничи ракуырдта. Ничи дæр ын дзуапп радта: цæмæн, цæй тыххæй – йæ фыды скуынæг кæнын, йæ фыды фехсын сын кæй нæ бантыст, уый тыххæй æви йæхæдæг дæр, йæ рухсыбадинаг фыдау, йæ раттæг адæмæн сæрнывонд кæй уыд, уый тыххæй…

1991 азы йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæджы ном.

Зариффæ уыд ирон театры историйы иу стыр хай. Йæ удуæлдай куыстæй уый тох кодта æхсæнадон царды хъæнтæ æмæ хæрамдзинадимæ, адæймаджы уды æнæраст æфхæрдимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.