Æнæниздзинадæй зынаргъдæр кæй ницы ис, уый уæлдай тынгдæр банкъардтам, дунейы цы пандеми ахæлиу æмæ мингай адæймæгты удтæ чи хæссы, уыцы коронавирусы рæстæджы.

Æнæниздзинад алы адæймагæн дæр йæхицæй кæнгæ у фылдæр. Йæ цардуаг куыд сæвæра, йе ‘нæниздзинад дæр уыдзæнис, афтæ.

Уæдæ цы у æнæниз цардуаг æмæ, цæмæй æнæнизæй цæрæм, уымæн цы кæнын хъæуы? Ацы фарстайæн нын дзуапп дæтты æвзонг специалист, иммунолог Елойты Кристинæ.

– Хæрын хъæуы  хæрзгъæд æмæ пайдаджын хæри-нæгтæ. Уыдонæй алкæмæй дæр – бæрцæй. Махæй бирæтæ афтæ ахуыр сты æмæ, бæрц нæ зонынц хæрдæй. Фæлæ нæ æнæнизæй цæрын кæд фæнды, уæд уыцы цайдагъдзинадæн хъуамæ скæнæм кæрон. Нæ хæринаджы хъуамæ уа, адæймагæн пайда цы алыгъуызон буарадтæ сты, уыдон. Къаддæр хæрын хъæуы адджинæгтæ. Суткæйы дæргъы адæймаг хъуамæ нуаза 1-2 литры дон. Цæххы 5 граммæй фылдæр адæймаг хъуамæ ма пайда кæна суткæйы дæргъы. Къуыри иу хатт уæхи æххормагæй бауадзут. Изæ-рæй ма фæстаг хатт бахæрут, фынæй кæныны афонмæ ма 2-3 сахаты куы баззайа, уæд. Къаддæр хæрут физонæг кæнæ, фæздæгдзыд  хæринæгтæ.

Æрвылбон хæрут 400-500 граммы дыргътæ æмæ халсæрттæ, фылдæр – кæсаг æмæ кæсаджы продукттæ.

Елойты Кристинæ куыд амоны, афтæмæй стыр хъусдард здахын хъæуы физикон культурæмæ. Фылдæр хъæуы змæлын. Æнæ спортæй æнæниз уæвæн нæй. Алы райсом дæр кæнут физикон фæлтæрæтæ. Къуыри 2-3 хатты цæут спортивон залмæ, кæнод та æнæниздзинад сфидар кæныны тыххæй цы алыгъуызон кълубтæ ис, уыдонæй искæцымæ. Фылдæр архайут фистæгæй цæ-уыныл.

Æвзонг иммунолог ма зæгъы, зæгъгæ, стыр нысаниуæг ис организмы иумæйаг гигиенæйæн дæр. Сыгъдæгдзинад æмæ æнæниздзинад сты æнæфæхицæнгæнгæ. Буар чъизи куы уа, уæд ыл фæзыны, адæймаджы æнæниздзинадæн зианхæссæг алыгъуызон микроорганизмтæ. Адæймаджы организм хъуамæ уа фæлтæрд, цæмæй фидар фæлæууа алыгъуызон низты ныхмæ. Организм цæмæй фидар уа, уымæн хорз сты дон, хур æмæ уæлдæф. Къух сисын хъæуы тамако, карз нозтыл. Бынтон хорз та уæд уаид æмæ сæм хæстæг дæр куы никуыуал бацæуиккат.

Иммунолог ма нымайы, вазыгджын кæй у психикон æнæниздзинад дæр. Хистæртæй арæх фехъусæн ис, ома, æппæт низтæ дæр сты нуæрттæй. Æмæ уый раст у. Уыд ахæм зындгонд академик И.Анюхин æмæ уый афтæ фыста «Эмоции, как физиологическое явление, точно так же поддаются воспитанию и тренеровке, как и наши мускулы». Тырнут уымæ, цæмæй уæ зæрдæйы ахаст алкæддæр уа уыцы иугъуызон хорз, иудадзыг архайут зæрдæхъæлдзæг уæвыныл. Алы адæймаджы дæр æппæты фыццаг уынут хорз миниуджытæ, уæ алфæмблай та æппынæдзух уынут рæсугъддзинад æмæ аивдзинад.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.