6-æм апрелæй 5-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ   фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой дыууæ адæймаджы, сæ иу разынд æнахъом сывæллон.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 202 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 11 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

29 апрелы горæт Цхинвалы милициийы хайадмæ хъаст балæвæрдта РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ йæ 27 апрелы уазæгдон «Ирыстон»-ы цур фæнадта 34-аздзыд бынæттон цæрæг. Цыбыр æмгъуыдмæ фыдгæнæг ахст æрцыд æмæ йыл бакодтой уголовон хъуыддаг.

1 майы горæты рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 55-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «метадонæй». Горæт Цхинвалы тæрхондон фæткхалæджы ахæстонмæ арвыста 30 боны æмгъуыдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.