Дзыллон культурæ идеализаци кæны æвзонгдзинады. Афтæ нымадæуы, ома, 20 азы кæуыл цæуы, уыдон сæ тæккæ тыхыл сты æмæ æвзарынц сæ царды иууыл хуыздæр азтæ. Фæлæ ног иртасæнтæ æмæ æрфарстытæ куыд уынын кæнынц, уымæ гæсгæ адæмæн сæ фылдæр хай сæхи амондджыныл нымайынц 20-25-аздзыдтæй нæ, фæлæ 30 азæй фæстæмæ.

Иртасæнты хайадисджытæм дæттой æрмæстдæр иу фарст: «Ахæм фадат уын куы уыдаид, цæмæй ма ноджы иу цард ракæнат, уæд уæ царды кæцы азтæ равзæрстаиккат æмæ кæцы азты рацардаиккат дыккагæй?». Æрфарсты хайад истой 2 мин адæймагæй фылдæр. Йæ фæстиуджытæ куыд фенын кодтой, уымæ гæсгæ йæ хайадисджыты фылдæр хай ацы фарстæн радтой дзуапп, сæ царды хуыздæр азтæ кæй равзариккой 30 азæй фæстæмæ. 10 адæймагæй 4 адæймаджы та загътой, кæй сæ нæ бафæндид фæстæмæ се ‘взонгады азтæм раздæхын, ома, дыууынгай азтæ сыл куы цыди, уыцы рæстæджытæм.

Æрфарст ма куыд фенын кодта, афтæмæй 41 проценты хайадисджытæй ма æвæрццаг дзуапп радтой дæргъвæтин царды фарстайæн дæр. Хайадисджыты фылдæр хайы хъуыдымæ гæсгæ та сæ бакастмæ гæсгæ  бирæ æвзонгдæр зынынц (фондз азы æвзонгдæр)  æмæ ма сæхи дæр хатынц бирæ æвзонгдæр (æхсæз азы бæрц).

Кæй зæгъын æй хъæуы, 30-45-аздзыдтæн сæ фылдæр хайыл æрцæуы  царды уæз, цард фæзын вæййы уымæй, æмæ уыцы азты мидæг адæймагæн фæзыны бинонтæ, кæстæртæ, йæ хæдзары пълæнттæ свæййынц æндæргъуызон: профессионалон рæзт, професси фæивын, æмкъайад  кæнæ бинонтæ ныппырх уæвыны процесс, астæуккаг азты кризис. Уымæ гæсгæ зын бамбарæн у, кæй зæгъын æй хъæуы, тæккæдæр ацы азты рæстæджы адæймагæн кæй вæййынц æппæты амондджындæр азтæ, уый.

Уымæ нæ кæсгæйæ, иртасджытæ æхсызгонæй банымадтой ахæм факт, кæцы бæлвырдæй дзуры ууыл, адæмæн сæ фылдæр хай кæй нымайынц сæхи амондджыныл 30 азæй фæстæмæ, кæд æмæ уыцы азтæй фæстæмæ сæ фылдæрæн проблемæтæ фылдæр фæзыны, уæддæр.

Иртасджытæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, æрфарсты хайадисджытæ дзурдзысты сæ проблемæтыл æмæ сæ аскъуыддзаг кæныныл. Фыццаджы та ахæм проблемæйыл, куыд астæуккаг азты кризисыл, кæцы райдайы 30 аздзыдæй æмæ аххæссы 40 аздзыды онг. Ацы проблемæ баст у карьерон рæзты карз æнæмæнгхъæуындзинад, фылдæр æхца бакусын, кæстæртæм кæсын, хистæр кары адæм, ома, ацæр-гæ ныййарджытыл аудыны ныхмæлæуддзинадимæ.

Бафæрсгæ адæмæн сæ фылдæр ахсджиагыл банымадтой, фылдæр бæрндзинад кæй фæхъæуы хæссын 30 азæй фæстæмæ, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, кæд сæ фыдæбон фæфылдæр вæййы, проблемæтæ дæр нæ фæкъаддæр вæй-йынц, уæддæр сæ зæрдæ райы сæ къухтыбафтгæ æнтыстытæй.

40-аздзыды ныхæстæм гæсгæ, кæд ахæм кары бахизгæйæ, адæймаджы раз сæвзæры бирæ цæлхдуртæ, фæзыны фылдæр проблемæтæ, уæддæр æрмæстдæр ацы азты йæхи хаты тынг амондджыныл. 30-40 азы сæ фылдæр нымайынц сæ тæккæ амондджын кармæ бацæуыны азтыл, уымæн æмæ адæймаг фæзондджындæр вæййы, йæ царды пълæнттæ райдайынц рæзын, ивын, йæ къухты фылдæр бафты, кæд проблемæтæ къаддæр нæ кæнынц, уæддæр. Професси райсы, йæ цард саразы, кæстæртæ йын фæзыны.

20-аздзыдæй адæймаг йæхи фæхаты хом æмæ уыйас размæдзыд нæ вæййы, 30-аздзыдимæ абаргæйæ йæм нæ вæййы царды фæлтæрддзинад. Азтæ куыд цæуынц, афтæ алцæуыл дæр ахуыр кæны, царды уæлдæр къæпхæнтæм хизы æмæ рæзы æмæ 30-40 азтæм адæймаг йæхи фæхаты ныфсхастдæр, йæхи хуыздæр фæзоны æмæ фембары.

30-40 азмæ адæймагæн йæ хъуыдыкæнынад зынгæ фæивы. Кæд уын раздæр уыд тынг бирæ æмгæрттæ, зонгæтæ, уæд азтæ куыд цæуынц, уæхæдæг дæр афтæ ивут æмæ æмгæрттæн дæр сæ фылдæр хай кæмдæр аззайынц, кæй та рæстæг аиуварс кæны æмæ уæ уымæй дæр бахизы бирæ æнæхъуаджы адæймæгтæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.