Хъысмæт Цецилияйы схорзæхджын кодта уындæй, алæмæттаг хъæлæсæй æмæ стæм актерон курдиатæй, уый хыгъд ын нæ фæхай кодта сылгоймаджы амонд æмæ бирæ цæрæнбон.

Цецилия райгуырдис 1923 азы Цхинвалы. Йæ фыд Дзаттиаты Алыксандр уыдис Ирыстоны автономон областы централон æххæстгæнæн комитеты сæрдар, зынгзæрдæ революционер,фыссæг, йæ мад Верæ та уыдис ирон литературæйы классик Хъуылаты Созырыхъойы хо.

Ном та йыл сæвæрдтой Рафаэлы конд ныв «Святая Цецилия»-мæ гæсгæ, æмæ, æцæгæйдæр, рауадис «Святая Цецилия»-йы хуызæн рæсугъд чызг. О, фæлæ ацы интеллигентон бинонтæн сæ цард рауадис трагикон. Алыксандр бацис репресситы амæттаг, фыццаг æй арвыстой Дзæуджыхъæумæ, стæй та – лагермæ. Цецилия уæд фæуд кодта астæуккаг скъола. Уыцы рæстæджы композитор Кокойты Тæтæрхъан тынг зæрдиагæй архайдта, цæмæй Ирыстоны баконд æрцыдаид зард æмæ кафты ансамбль æмæ йæ бæллиц сæххæст (фæстæдæр æй схуыдтой «Алан»), баконд ма æрцыдис Цæгат Кавказы композиторты цæдисы хайад æмæ дзы райдыдтой националон кадртæ цæттæ кæнын. Уыцы рæстæджы ма Мæскуыйы паддзахадон консерваторийы баконд æрцыд Цæгат Ирыстоны оперон студи. Цы æртын курдиатджыны равзæрстой уырдæм арвитынæн, уыдоны нымæцы уыдис Цецилия дæр. Ацыд Мæскуымæ, фыццаг курс сæхгæдта июны мæйы, 1941 азы. Консерваторийы студенттæй-иу алчи дæр æнæбафиппайгæ нæ фæцис Цецилияйы: бæрзонд, цъæхдзæст, даргъ цæстыхаутимæ. Йæхæдæг йæ рæсугъддзинад, цымæ хатгæ дæр нæ кодта æмæ ахуырæй дарддæр ницæмæ цымыдис кодта… Сабыр, хуымæтæджы дарæсы тынг æфсæрмы кодта йæ мæгуырдзинадæй, уæлдайдæр – мæскуыйаг студентты ‘хсæн.

Консерватори Цецилия каст фæцис сырх дипломимæ, фæлæ оперон зарæггæнæг не ссис, уæд нырма Дзæуджыхъæуы оперон театр нæ уыдис. Камерон зарæггæнæг Цецилия зарыдис филармонийы концертты æмæ æвиппайды фæзындис йæ курдиатæн табугæнджытæ æмæ-иу дзырдтой: куыд рæсугъд фидыдта сценæйыл, куыд хорз зары, цы хъæлæс ын ис.

Мæнæ цы зæгъы йæ хо Зая: «Тынг уарзтон Цецилияимæ тезгъо кæнын, адæм-иу æм афтæ кæй кастысты, уымæй æз буц уыдтæн. Уый канд рæсугъд экзотикон дидинæг нæ уыд, уый-иу уатмæ куы æрбахызт, уæд-иу нæм цымæ хуры рухс æрбакалд». Йæ куысты дæр ын уыд диссаджы æнтыстытæ. Уый ахъазыд Дездемонæ, Корделия æмæ ирон драматургты пьесæты æмæ йын алы ран дæр уыд æнтыст. Уæдæ алцæмæй æххæст чызгæн йæ амонд та куыд рауад. Мæскуыйы ма куы ахуыр кодта, уæд æй тынг бауарзта зындгонд уырыссаг виолончелист æмæ дирижер, ССР Цæдисы адæмон артист, Сталин æмæ Ленины премиты лауреат  Мстислав Ростропович. Хъысмæт æй схорзæхджын кодта бирæ таланттæй, фæлæ йæ иууыл сæйрагдæр талант – уарзын. Йæ фыд Леопольд Ростропович уыд зындгонд виолончелист, мад Софья Николайы чызг – пианисткæ. Æхсæрдæсаздзыдæй уый бацыд Мæскуыйы консерваторимæ иу рæстæджы дыууæ факультетмæ –  композиторты æмæ виолончелистты. 1945 азы Ростроповичы дыккаг курсæй ракодтой фæндзæм курсмæ. 1946 азы та бацыд аспирантурæмæ. Æвзонг аспирант æнæкæрон уарзтæй бауарзта Цецилияйы, фæлæ йын æргомæй йæ бон зæгъын ницы бацис, куы-иу ыл амбæлдис, уæд-иу андзыг ис.

ÆЦÆГ УАРЗТЫ ÆНАМОНДДЗИНАД

Цецилияйæн йæ хо Зая иухатт афтæ, загъта, зæгъгæ, ахæм рæсугъд куынæ у, уæд дзы цы федтай ахæмæй. «Уарзгæ йæ кæнын», – загъта йын Цецилия.

Сæ дыууæ дæр кæрæдзи уарзтой æнæкæрон уарзтæй, уæдæ ма сæ цы бакъуылымпы кодта сæ цард баиу кæнынæн.

Гæнæн ис, Мстиславы йæ мад бакъуылымпы кодта, уый йын бирæ аххосæгтæ ссардта: мæгуыр у, зæгъгæ, стæй йæ фыд репресситы амæттаг кæй у, уый дын дæ карьерæ бахъыгдардзæн. Дзырдтой, зæгъгæ, Цецилияйы мад дæр йæ ныхмæ уыд. Æртæ сывæллоны йын уыдис, фæлæ Цецилияйы уарзта уæлдай уарзтæй. Арæх-иу ын дзырдта, зæгъгæ мæ тынг фæнды, цæмæй иронæй смой кæнай. Дыууæрдыгæй  фарс дæр сæ ныййарджыты ныхмæ нæ рацыд Цецилия æмæ ахицæн Славаимæ.

Цецилия Мæскуыйæ куы æрыздæхт, уæд Дзаттиаты хæдзармæ усгуртæ цыдысты æмæ цыдысты. Йæ бинонтæ йын дзырдтой, зæгъгæ, дзы искæй равзар æмæ дзы уый дæр равзæрста иууыл къæйныхдæры, æрдхъирæнтæ йæм кодта, зæгъгæ, æндæр искæмæй куы смой кæнай, уæд дæ амардзынæн æмæ уымæн та уæлдай нæ уыд – кæд Слава нæу, уæд чифæнды дæр уæд. Уый фæстæ спектакль «Фатимæ»-йы Фатимæйы ролы ахъазыд æмæ тынг ирдæй равдыста пьесæйы хъайтарæн йæ бон кæй нæ бацис, кæй уарзта, уымæй смой кæнын æмæ смой кодта, кæй нæ уарзта, уымæй. Фатимæйау Цецилияйæн дæр райгуырд лæппу – Алан. Йæ лæг разындис тынг уæззау характеры хицау, йæ цард нæ цыдис æмæ ахицæн сты.

Уыцы рæстæджы Мæскуыйы уагъд цыд ирон аивад æмæ литературæйы Декадæ. Æмæ театр ацыд гастролты. Гастролтæ цыдысты æнтыстджынæй: рецензитæ, овацитæ, букеттимæ æрбацыд. Бадзырдтой, цæмæй Мстиславимæ уазæгдоны фембæлдаиккой, Цецилия йæ хорз æмбал Хаситы Левæйы дæр йемæ бакодта, зæгъгæ, кавказаг сылгоймагæн не ‘мбæлы иунæгæй нæлгоймагимæ фембæлын. Ростропович иунæгæй не ‘рбацыд, фæлæ йæ мадимæ стыр букет æмæ зынаргъ шоколад конфеттимæ. Уыдон бадзырдтой, ома, Цецилия ацæудзæн йæ хæдзармæ, куыстæй йæхи ссæрибар кæндзæн æмæ æрыздæхдзæн Мæскуымæ Ростроповичтæм. Слава Цецилияйы куы фæндараст кодта Мæскуыйæ, уæд цæмæй зыдта, никуыуал æй фендзæн, æнхъæлдта, рæстæгмæ кæй хицæн кæнынц.

Уый Мæскуымæ нал аздæхт. Гастролты æрцыдис Цхинвалмæ, йæ райгуырæн бæстæм. Уым срыст йæ дæндаг, стоматолог ын æй нæ систа, фæлæ йæм инфекци бахаста æмæ Дзæуджыхъæумæ куы ныздæхт, уæд йæ рус барæсыд. Æвиппайды Налцыккæй æрхæццæ йæ хо Зая дæр, цымæ йæ хатыд, хъуыддаг хорз кæй нæ уыдзæн. Цецилия тыхстис: «Ой, мæлдзынæн!» «Уымæй ничи амæлы», – сабыр æй кодта дохтыр. Фæлæ цалдæр боны фæстæ Цецилия амард рынчындоны. Уымæн йæ фæстаг фæдзæхст уыдис, цæмæй йын йæ авдаздзыд фырт Аланы ма радтаиккой йæ фыдæн æмæ йын сæххæст кодтой йæ фæдзæхст. Схъомыл æй кодтой йæ мад æмæ йе ‘фсымæр.

Мстислав Ростропович йæ мысинæгтæ нæ ныууагъта. Ничи йæ зоны, куыд сфæрæзта Цецилияйы мæлæт.

Цецилияйæн йе ‘ввахс хиуæтты йедтæмæ, æвæццæгæн, ничи зоны, Ростропович йе стыр уарзондзинад хæрзаив ирон чызгмæ кæй нæ ныххах кодта. Арæх  ын цыдис йæ уæлмæрдмæ, удæгасæй йæм цахæм егъау дидинджыты букеттæ хаста, ахæмтимæ. Алан астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд æм æрцыдис Дзæуджыхъæумæ, кодта йæ Мæскуымæ, фæндыдис æй, исты йын баххуыс кодтаид, фæлæ Алан не сразы. Уымæн дæр йæ цард нæ рауад лæгъз æмæ дæргъвæтин, йæ мадау уый дæр фæцард 37 азы. Баззадис ын чызг, уый дæр – Цецилия.

2005 азы марты Ростропович цалдæр боны æмгъуыдмæ æртахтис Ирыстонмæ. Уый фембæлдис Беслæны теракты фæмардуæвджыты хиуæттимæ, æхцатæ ратта сывæллæттæ-инвалидтæн, бакодта сæрмагонд хыгъдтæ сидзæр сывæллæттæн… Æмæ та егъау букетимæ бацыдис Цецилиямæ, йæ уæрджытыл æрхауд æмæ дзы хатыртæ куырдта, мынæг хъæлæсæй дзырдта, кæй йæ уырны, уым кæй фембæлдзысты, уый.

Йемæ чи уыд, уыдонæн дзырдта: «Махæн уыимæ ахæм уарзондзинад уыд, уæздан æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ, фæлæ уын уый тыххæй ницы дзурдзынæн. Æз æй зонын, фыццаг мыл уым чи сæмбæлдзæн, уый уыдзæн Цецилия».

Уымæй дыууæ азы фæстæ Мстислав Ростропович дæр амард.

                                                                Æрмæгыл бакуыста ГУЫЦМÆЗТЫ Евелина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.