29-æм мартæй 5-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой иу адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 189 фæткхалæн цауы. Уыдонæй авд уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

4 апрелы Дзауы районы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ Дзауы поселочы чидæртæ хыл кæнынц æмæ дзы райхъуыст æхсæнгарзæй æхстытæ дæр. Бынатмæ бацæугæйæ милицийы кусджытæ баурæдтой 9 æрыгон æмбæстаджы, кæцытæ разындысты горæт Цхинвалы цæрджытæ. Бынаты ма ссардтой пистолет Макаровы æртæ гильзы дæр. Оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн Цхинвал-Дзауы фæндаджы 9-æм километры дæр фæсвæд ссардтой пистолет Макаров.

Горæт Цхинвалы милицийы хайадмæ 48-аздзыд бынæттон цæрæг барвæндонæй бахаста æхсæнгарз къæрæбин Мосина. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæм ацы æхсæнгарз баззад хæстæй фæстæмæ, фæлæ йын закъонон æгъдауæй фидар нæ уыд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.