9-æм августæй 16-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис 1 фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис авд фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу адӕймаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 180 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 3 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

11 августы милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, горæт Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзары раз мардæй ссардæуыд бынæттон 65-аздзыд цæрæджы. Йæ амæ-лæты аххосæгтæ ныридæгæн бæлвырд кæнынц слест-гæнæн кусджытæ, фæлæ развæлгъау куыд рабæрæг, аф-тæмæй ацы сылгоймагæн йæ нуæрттæ йæ уагыл нæ уы-дысты æмæ рынчындоны та лæууыд психоневрологон рынчынты хыгъды.

13-æм августы ма 58-аздзыд горæттаг цæрæг йæ цæхæрадоны йæхи фехста дамбацайæ æмæ фæмард. Ныридæгæн бæлвырд цæуынц ахæм æнамонд цау æрцæуыны аххосæгтæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой Цхинвалы 32-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ». Уымæй уæлдай ма йын басгæрстой йæ хисæрмагонд хæдзар дæр æмæ йын йæ цæхæрадоны ссардтой 32 гæны къутæры. Горæт Цхинвалы милицийы кусджытæ та баурæдтой Дзауы районы Стырфæзы хъæуы 31-аздзыд цæрæджы, æмæ медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй ацы æмбæстаг дæр спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ». Фæткхалджытæ æфхæрд баййæфтой.

Ленингоры районы милицийы кусджытæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытимæ иумæ Ленингоры районы Абреуы хъæугæрон ссардтой 410 гæны къутæры æмæ сæ скуынæг кодтой. Афтæ ма Дзауы районы милицийы кусджытæ дæр оперативон информацийы фæдыл басгæрстой Дзауы районы Нæзыджыны хъæумæ æввахс хъæды тъæпæн æмæ дзы ссардтой 11 гæны къутæры.

54-аздзыд горæттаг цæрæг фæндаджы иннæ фарсмæ хъуамæ ахызтаид, бар кæм нæ уыд, ахæм ран, æмæ автомашинæйы бын бахаудта, кæцыйы шофыр та разынд 45-аздзыд бынæттон цæрæг. Фистæг бæлццон рынчындонмæ бахаудта алыгъуызон цæфтимæ.

14-æм августы милицийы Фæндагон змæлды æдасдзинады кусджытæ бауромынмæ хъавыдысты зæрдæхсай-гæ автомашинæ «Лада Калина», фæлæ сæм йæ шофыр нæ бакоммæкаст. Шофыр бамбæхсынмæ хъавыд æмæ, фæндагон фæткойтæ фехалыны фæстиуæгæн сæм-бæлд милицийы патрулон автомашинæйыл, афтæмæй ноджы аскъæрдта дарддæр Знауыры районы ‘рдæм. Фæстæдæр агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн 32-аздзыд фæткхалæг ахст æрцыд Цхинвалы районы Цъунары хъæуы йæ хисæрмагонд хæдзары. Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй шофыр разынд нозтджын.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.