Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл сæххæст 140 азы

 

Джусойты Нафийæн Цæгат Ирыстоны йе 80 азы юбилей куы нысан кодтой, уæд дзы бирæ раныхасгæнджытæ уыд. Уыдонæй алкæмæй цыбырдæр уыд Джыгкайты Шамилы раныхас. Сценæмæ куы схызт, уæд æрмæстдæр загъта:  «Ирон фысджыты хуыздæрты дуарæхгæдæй куы дардтой, сæ нæмттæ дзурын дæр сын куынæ уагътой, уæд сыл Нафи та монографитæ фыста…», – æмæ сценæйæ ахызт. Æндæр ницы… Фæлæ уый дæр фаг уыд стыр фыссæджы удыхъæд равдисынæн. Шамил цы хуыздæрты кой кодта, уыдонæй иу уыд ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо. Бирæ азты дæргъы йæ нымадтой националистыл, уырыссаг адæмы знагыл. Цалынмæ Нафи ССРЦ Уæлдæр Советмæ фыстæг ныффыста, уæдмæ йын бар нæ лæвæрдтой йæ чингуытæ мыхуыр кæнынæн, йæ пьесæтæ æвæрынæн…

Дыууынæм æнусы райдианы дæр фыстой Елбыздыхъойы æмдугонтæ комедитæ – Гуырдзыбеты Блашкæ, Кочысаты Розæ, Хъороты Дауыт. Цæсты ахадыдтой, фæлæ цард хицæн худæг хабæрттæй вазыгджындæр у, кæд сын арф социалон уидæгтæ разынд, уæддæр.

Елбыздыхъо рахызт драматургийы зындæр, ахсджиагдæр жанртæм –  драмæ æмæ трагедимæ. Æрмæстдæр уыцы жанрты ис равдисæн æххæстæй, бирæвæрсыгæй цардыуаджы, удварны хæрзтæ æмæ карз быцæутæ, мæлæтдзаг тох сæрибары сæрвæлтау, историйы æмæ мифологийы хъайтарты утæхсæн æмæ бæллицтæ. Ахæм цæстæнгас, ахæм æмбарынад сси Елбыздыхъойы эстетикæйы æрдзон миниуджыты сæйрагдæр.

Драматургæн йæ дыккаг пьесæ «Худинаджы бæсты – мæлæт» социалон мотивтæй бирæ хъæздыгдæр разынд. Æппæт фыдбылызтæ дæр расайдтой пъырыстыфы æгæнон митæ, æмæ Хъырымы цард ныссуйтæ, фыдгæнæг дзы сарæзтой йæ хауæггаг царды æууæлтæ. Фыдæлты фарнæй цыдæртæ ныддардта дымгæмæ, куырыхон зондыл хæст Ахмæты мæрдтæм барвыста. Кад æмæ номыл мæлынц сæ дыууæ дæр, фæлæ ныхасы фæтк, æфсармы уæз æмæ домæнтæ сæхирдыгонау æмбарынц.

Пьесæ арæзт у патриархалон царды нывтæй, æрмæст сæйрагдæр уый у, æмæ фыдбылызты амидингæнæг паддзахы хицауады минæвар кæй у. Уый аххосæй ауадысты мæгуыр хохæгтæ æддæгмидæг. Иу туг, иу стæг сты, фæлæ сын бафидауæн нæй, алчи дæр сæ йæхирдыгонау æмбары рæстад, ныхасы фарн, æгъдауы домæнтæ, æмæ худинаджы бæсты мæлæт саккаг кодтой сæхицæн.

Уыцы трагеди дæр драматург нымайы æлгъыстаг цагъайраджы царды фæстиуæгыл, æмæ йæ ныхмæ сыстад, Уæрæсейы революцион тымыгъ куы сабухта, уый хæдразмæ. Куырмæлхынцъ сты рæстæг æмæ фыссæджы сфæлдыстад.

Ирон драматургийы сæрæвæрæн трагеди «Хазби» Елбыздыхъойы сфæлдыстады дæр, стæй нæ литературæйы историйы дæр ахсы сæрмагонд бынат. Фыццаг ирон историон драмæ сси æмæ рагæй нырмæ ацы уацмыс нымад у нæ литературæйы бæрзонддæр æнтыстытæй иуыл.

Фыссæг йе ‘мдугонтимæ йæ рæстæджы дудаг сагъæстæ æмæ цаутыл дзуры историкы æвзагæй. Бантыст ын истори æмæ нырыккон цард, ома, йæ заманы хъуыддæгтимæ сбæттын, быцæуты цыргъаг ног дуджы тохмæ саразын. Историйы факттæ, цаутæ, хъуыддæгтæ фыссæг æвдисы, иртасы аивадон фæлгонцты, йæ зондахаст, революцион змæлды активон архайæджы дунеæмбарынад куыд домы æмæ амоны, афтæ.

Драматургæн йе сфæлдыстадон нысан æндæр хъуыдытæ æмæ сагъæстæй сбæрæг вæййы. Тохгæнæг хъайтары хъысмæт, йæ миддуне æмæ йе ‘мтохгæнæг сæрибар хохæгты фæлгонцтæ сты сæйрагдæр. Уыдон сыстадысты тыхгæнджыты ныхмæ, сæ бартæм сын чи ныхилы, уыцы лæбурджытæн нæ барынц, се сæфт уынынц уæйгæнджытæй, сæ ном, сæ кад сын чи ницæмæ дары, коммæгæс уæвын, дæлбарæй цæрын сæ чи домы, уыцы цардуаджы ныхмæ рацыдысты кардæлвæстæй.

Бæрзонд нысæнттæ, æнæкъæм хъуыдытæ, рæсугъд æнкъарæнтæ… Се знæгтæ ирвæзынц мæнг фæдфæливæнтæй. Йæ удыхъæд сæ алкæмæн дæр зыны йæ ныхасы, сæхи куыд дарынц, сæ зæрдæтæ цæуыл лæууынц, се ‘хсæн цы быцæутæ рауайы, уыдæттæй.

Зынджы стъæлфæнæй сирвæзт пиллон арт. Хазби фæмард, басыгъд уыцы арты. Адæмон зарæг сси йæ цырт. Адæмы зæрдæты баззад æнæбасæттон хъайтарæй, паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы дзыллæты сæрхъызойæ.

Æнудæсæм æнусы райдайæны цауты сæдæ азы фæстæ ахъардта революцион тохы улæфт, уымæн æмæ трагеди ныффыстæуыд революционеры къухæй. Уыдис ахæм рæстæг, æмæ-иу трагедийы театры репертуарæй систой, фыссæджы та-иу буржуазон националист схуыдтой. Афтæмæй та национализмæн уацмысты йæ кой, йæ хъæр дæр нæй. Сæрибары сæраппонд тох æндæр цыдæр хуыйны. Трагедийы æвдыст цæуы феодалон æхсæнад. Хазби дæр Хъобаны дзырддзæугæ лæгтæн сæ цауддæртæй нæ уыд.

Уый иу. Иннæмæй та драматург снывæста паддзахы æфсæдты ных-мæ тохы архайæджы фæлгонц. Йæ цæсгомыл цыма ног дуджы рево-люцион тохы пиллон хъазы. Æму-лæфт кæнынц истори æмæ ссæ-дзæм æнусы райдайæны цаутæ. Театрдзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ бауарзтой Хазбийы. Стырдæр амондмæ нæ бæллыд Елбыздыхъо.

Назраны фидары талынг къуымы йæ драмæ «Дыууæ хойы» куы фыста, уæд дæр ахæм амондмæ тæхуды кодта. Фыссæгæн зынаргъ цы уыд, кæй сомбоны хорзæхыл сыгъд, уыдоны иудзинадæй райгуырынц йæ эстетикæйы бындурон принциптæ. Кæнæ ис, кæнæ нæй – æртыккаг истæмæн хъуамæ бынат ма уа царды. Уый уыд максималисты цæхгæр домæн, æмæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Ахæм уаг зыны йæ уацмысты сæргæндты дæр: «Худинаджы бæсты – мæлæт», «Маймули – рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!» Афтæ зæгъæн ис Хазбийы удыхъæд æмæ Хансиаты монологтæй дæр.

Драмæ амад у тыхджын быцæуы бындурыл. Мулкджын Тæтæрхъан æмæ йæ хуызæттæ, Хансиат æмæ йæ табугæнджытæн бафидауæн нæй. Патриархалон цардыуаджы гуыппырсартæ фидар хæцынц, чи ныссæфтæг, ахæм мæлинаг æгъдæуттыл, сæ къæхты бын ссæндынц сидзæр чызджыты, рухсмæ кæй тырнынц, æрмæстдæр уый тыххæй. Уыдоныл дæр ис фæхæцæг, æмæ сцырын карз тох. Бæллæхтæн æнæрцæугæ нæ уыд æмæ æрцыдысты. Цардыуаджы бындуртæ æнцонæй нæ фехалдзынæ.

Худинаджы бæсты – мæлæт. Ахæм тæрхон рахастой сæхицæн Хъырым æмæ Ахмæт. Худинагæй стъæлфынц. Хазби æмæ Хансиат та загътаиккой: цагъайраджы царды бæсты – мæлæт. Удварны бæрзонддæр æмвæзадмæ схызтысты драмæ æмæ трагедийы хъайтартæ. Цы у амонд рæхысбастæй? Хазби дæр æмæ Хансиат дæр сæ сæрмæ нæ хæссынц ахæм хъысмæт. Фæлтау – мæлæт. Сæ цæхæркалгæ ныхæсты æмæ монологты ахъардта революцион цауты комулæфт. Кæрæф, мæнгард удхорты æхсæн ферттывтой хуры тынтау, æрфæны фæд ныууагътой се ‘мзæххонты æмæ се ‘мдугонты зæрдæты сæ цардбæллон удты тæмæнæй.

Куыннæ уыд нæ литературæйы уарзæгой, фæразон, æфсармджын хæххон сылгоймæгты сурæттæ! Секъа æмæ Арсены прозæ уымæн æвдисæн. Арæх-иу баззадысты сæ састбазыр сагъæстæ æмæ мидхъуырдухæнты æвджид. Уыцы уавæрыл никуы сразы уыдаиккой Хансиат æмæ йæ хæрзгæнджытæ. Уый æргомæй сдзырдта йæ бартыл. Цард, амонд, бæллиц – арф хъуыдыты аныгъуылы æмæ ссары аккаг дзуаппытæ йæ фарстытæн: адæймаг хъуамæ сæрибар уа, фосау æй ма уæй кæной, йæ зæрдæйы фæндиæгтæм ын цыргъ хъама ма дарой. «Æдзух мæт, сагъæс, фыдæбон… Уæлдай дзырд, уæлдай къахдзæф ма акæн, ма фæхуд. Дæ фæндон баххæст кæнын нæ, фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд. Уый цард у? Уымæн равзæрдтæн дунемæ? Уый цард нæу», – ахæм зондыл хæст у Хансиат. Цæрæццаг чызг басыгъди сафинаг æгъдæутты азарæй. Талынг æгъдæутты амæттагæй райгуырд, фæлæ разынд тæрхонгæнæг хæрам, тыхми æмæ мæнгарддзинадæн.

Тохгæнæг ирон сылгоймаг йæ мæлæты бон царды бæрзæндтæй акаст, федта рухс фидæн, фæстагæттыл бафтыдта йе ‘ууæнк, йæ ныфсæй сæ сбазырджын кодта.

Ирон адæмы лæгау лæг агурыны сæр никуы бахъуыд. 1906 азы Къостайы зынг куы ахуыссыд, уæд ын йæ тохы тырыса бæрзонд систа Брытъиаты Елбыздыхъо. Уыцы аз бацыд Уæрæсейы кусджыты Социал-демократон партийы рæнхъытæм. Уыцы аз ныффыста йæ тохмæсидæг трагеди «Хазби» дæр.

Туалгом æмæ Куырттаты комы æхсæн зæйнад æфцæг йедтæмæ ницы уыд. Нар æмæ Дæллагхъæу тугдадзинтау баст уыдысты зæйхост къахвæндæгтæй. Уынгæджы бон-иу мæсгуыты æртытæ кæрæдзимæ тахтысты фæдисонтау.

Елбыздыхъо йæхи Къостайы фæдонæй равдыста йæ зондахаст, йе ‘хсæнадон архайд, йе сфæлдыстады. Уый дæр равзæрста сæрибары сæраппонд тохы фæндаг. Уый дæр фидар бындуртæ æвæрдта литературæйы ног хуызтæн. Уый дæр бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста паддзахы заман – куы-иу талынг ахæстоны амæттаг баци, куы та-иу æй дард бæстæтæм ахастой.

Уæддæр æнцой нæ зыдта, бæсты сæрвæлтау йæ удæй хъæсдарæг сарæзта, фæдисхъæрæй хъал кодта фынæй дзыллæты, фарны ныхас хаста хохæгты зæрдæтæм, фидæнмæ сын амыдта фæндæгтæ. Йæ уды хæрзтæ рахаста йæ ныййарджытæ, йæ фыдыуæзæгæй. Дæллагхъæуы æвæджиауы рæсугъд æрдзы хъæбысы федта дунейы рухс. Ам фехъуыста хистæртæй хъæуы хурварс Ныхасы фыдæлтыккон таурæгътæ, зарджытæ, хъисфæндыры аив зæлтæ, æмæ сæ цæргæцæрæнбонты йæ зæрдæйы фæхаста хæзнайау. Йе стыр курдиат, йе ‘нæрынцой фæллой, йæ хъæздыг миддунейы фæрцы хуымæтæг хæххон лæппу схызт литературæйы бæрзонддæр æфцæгмæ, йæ бон баци ирон драматурги æмæ театралон аивадæн бындур сæвæрын, йæ адæмы истори æмæ мифологийы ахсджиаг цаутæ сценæмæ рахæссын, хохæгты удыхъæд æмæ цардыуаджы ссардта æмæ хæрз аив фæлгонцты снывæста ахæм миниуджытæ, сагъæстæ, æнкъарæнтæ æмæ бæллицтæ, æмæ сæ алчи дæр – æнахуыргонд уа, æви зонады дæсны – айсы зондæй, зæрдæйæ, цыма сыл тар æхсæв цырагъдар хæрхæмбæлд фæци, уыйау сæ развæд ныррухс вæййы.

Афтæ зæгъæн ис, æмæ Елбыздыхъо Октябры революцийы агъоммæ сарæзта культурон революцийы программæ. Аивад æмæ литературæйы нысаниуæг куыд æмбæрста, фыссæджы хæстæм цы цæстæй каст, мадæлон æвзаджы хъыс-мæтыл куыд тыхстис, цæвиттон, нæ адæмы фыдæлтыккон культурæ – нæ традицитæ, нæ рæсугъд æгъдæуттæ бахъахъхъæнын, нырыккон цивилизацийы тæвагæй чи фæхъæстæ, уыцы аивад рæствæндагыл бафтауын – гъе уыдæттæ систы фыссæгæн йæ сагъæс, йæ мæт, йæ фыдæбоны сæр æмæ рахæцæн, йе стырдæр бæллиц царды дæр, аивад æмæ литературæйы дæр.

Къостайæн йæ фыццаг юбилей дæр Бетъырбухы Елбыздыхъойы зондæй, уый хъæппæрисæй арæзт æрцыд. Нæ генион поэты амæлæтыл дæс азы куы сæххæст, уæд фыссæг æрæмбырд кодта ирон фæсивæды кадджын æмбырдмæ. Йæ раныхасы драматург афтæ загъта: махæн Къоста у, уырыссаг æвзагæн Пушкин цы бавæййы, уый. Фыццаг хатт загъдæуыд ахæм ныхæстæ Къостайы тыххæй, æмæ сæ загъта поэты фыццаг юбилей саразæг йæхæдæг.

Уый размæ та Елбыздыхъо Бетъырбухы рауагъта ирон журнал «Хуры тын». Аивад хъуамæ адæмæн амона ног фæндæгтæ, ног зонд – афтæ хъуыды кодта фыссæг æмæ йæ журналы размæ дæр ахæм ахсджиаг хæстæ æвæрдта. Адæм æмæ, фысгæ чи кæны, уыдон æхсæн фидар бастдзинæдтæ аразын нæхи ирон мадæлон æвзагыл, гъе уый у сæйрагдæр, – амыдта Елбыздыхъо йе ‘мбæлттæ æмæ æмтохгæнджытæн. «Æз бæллын хъæздыг ирон литературæйы фæзындмæ, – фыста драматург, – цæмæй уа хъомысджын, цæмæй уæнгмард фæсивæды тæлфаг уд бауадза, æмæ йыл базыртæ ныссадза, уый нæ къухы куы бафта, уæд литературæ дæр райрæздзæн, æмæ нæ бон бауыдзæн нæ адæмæн лæггад кæнын. «Цæмæн хъуамæ аппарæм нæ хорз æгъдæуттæ, – фарста драматург, – кæд æмæ сæм цавæрфæнды адæм дæр бахæлæг кæнынц. Иннæ ахæм – нæ мадæлон æвзаг. Не ‘взаг – нæ хæзна. Мах хъуамæ нæ адæмимæ дзурæм нæхи æвзагыл, æрмæстдæр нæ уæд бамбардзæн æфхæрд хохаг лæг, цардбæллон ног фæлтæр нын уæд фехъусдзæн нæ сидт æмæ тохы нысаныл».

«Маймули – рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр» – Елбыздыхъойы дунеæмбарынад ахæм бæрзонд æмвæзадмæ схызт, йæ эстетикон цæс-тæнгас æмæ сфæлдыстад афтæ сиу сты йæ рæстæджы социалон æмæ æхсæнадон змæлд æмæ ахаст-дзинæдтимæ, æмæ сын нал уыд кæрæдзийæ фæиртасæн.

Елбыздыхъо æхсæнадон цард æмæ нæ литературæйы фæзынд революцион тохы цырены. Чи зоны, фыссæг, йæ царды мидис чи сси, уыцы политикон хъуыдытæ дæр равдыстаид йæ уацмысты. Фæлæ йæ иу пьесæйы дæр уыцы сфæлдыстадон уаг нæ фæзынд. Цымæ цæмæн рауад афтæ? Уый та уымæн, æмæ йæ фæндыд, кæмæн фыста, уый йæ арфдæр, æххæстдæр куы бамбæрстаид. Æнахуыргонд мæгуыр лæгимæ дзурын хъуыдис ахæм æвзагыл, ахæм цаутыл, йæ зæрдæмæ кæй айстаид, дызæрдыггагæй йæм куыд ницы фæкастаид – иу дзырдæй, сценæ æмæ театрдзау хъуамæ уыдаиккой æмзонд, æмуд.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.