8-æм февралæй 15-æм февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ  фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фæндагон-транспортон цау.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 2 адӕймаджы, иу фæткхалæджы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 1 мин сомы, иинæйы та – 500 сомы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 191 фæткхалæн цауы. Уыдонæй фондз уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

12 февралы Дзауы районы милицийы управленимæ хъаст балæвæрдта Дзауы районы Хслебы хъæуы 23-аздзыд цæрæг, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, мын мæ хисæрмагонд хæдзарæй адавтой æхцайы фæрæзтæ 200 мин сомы. Æвæстиатæй ауагъдæуыд оперативон-агурæн мадзæлттæ æмæ цыбыр æмгъуыдмæ милицийы кусджытæ сбæлвырд кодтой фыдгæнæджы, кæцы разынд 59-аздзыд Дзауы районы Хслебы хъæуы цæрæг. Къæрных басаст йæ фыдракæндыл, æхцайы фæрæзтæ дæр ист æрцыдысты. Ныридæгæн фыдгæнæг бады милицийы рæстæгмæдарæн камерæйы.

Дзауы районы милицийы управленийы фæдысгарæн хайады кусджытæ баурæдтой Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы 31-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарад «марихуанайæ» спайда кæнынмæ. Ацы æмбæстаг ма 2019 азы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ 10 мин сомы ивар æрцыд наркотикон буарадтæй æнæзаконæй спайда кæныны фæстиуæгæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.