1-æм февралæй 8-æм февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу  фыдракæнд, цыппар фæндагон-транспортон цауы. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу æмбæстаг.

 Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 10 адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 193 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 13 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

2 февралы Дзауы районы Стырфæзы хъæуы ссыгъд 69-аздзыд бынæттон цæрæджы хисæрмагонд хъæдын хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæн сæ бон нæ бацис йæ ахуыссын кæнын – хæдзар кæронмæ басыгъд. Æмбæлон службæтæ бæрæг кæнынц зынгсирвæзты аххосаг.

3 февралы горæт Цхинвалы æрцыд æнамонд цау. Ленины уынгыл бирæуæладзыгон хæдзармæ бацæуæны мардæй ссардтой 38-аздзыд бынæттон цæрæджы. Развæлгъау куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй ацы æмбæстаг йæхи фехста æхсæнгарзæй, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард.

3 февралы Цхинвалы районы Галуанты хъæуы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзары хицау, 79-аздзыд бынæттон цæрæг, басыгъд йæ мидæг.

5 февралы горæт Цхинвалы рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахауд Знауыры районы Сихиаты хъæуы 61-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагыл тыхдымгæйы фæстиуæгæн йæ кæрты æрхаудта бæласы къалиу.

5 февралы Дзауы районы милицийы управленимæ фехъусын кодта Дзауы поселочы 29-аздзыд цæрæг, зæгъгæ мæм æхсæнгарзы нæмгыутæ æмæ гранаттæ ис. Бынатмæ бацæугæйæ милицийы æмæ уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ баййæфтой 2 минмæ ввахс автоматы алыгъуызон калибрты нæмгуытæ æмæ ма дыууæ рæмудзæн «Ф-1» гранаты. Куыд бамбарын кодта сæ хицау, афтæмæй ацы хæстон æрмæг баззадысты йе фсымæры дзаумæттимæ, кæцы 2004 азы куыста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады, æмæ сыл ныр æфснайыны рæстæджы бамбæлдис.

6 февралы милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ Цхинвалы районы Присы хъæумæ ввахс ссардæуыд сармадзаны нæмгуытæ. Бынатмæ бацæугæйæ сапертæ ссардтой дыууæ минæйы, кæцытæ, æвæццæгæн, баззадысты 2008 азы хæстæй. Бавналын æмæ сæ искуыдæм аласын тæссаг кæй уыдис, уый тыххæй сæ бынаты срæмыгътой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.