23-æм ноябрæй 30-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой фондз адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 194 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Æхсæнадон фæтк фехалыны фæстиуæгæн бæрндзинадмæ конд æрцыдысты авд адӕймаджы.

26 ноябры Цхинвалы районы Бихъары хъæуы 61-аздзыд бынæттон цæрæджы хæдзармæ бахызт фыдгæнæг æмæ дзы адавта мобилон телефон, телевизоры ресивер æмæ æндæр цардуагон дзаумæттæ. Оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн уыцы бон урæд æрцыд Знауыры районы Аунеуы хъæуы 35-аздзыд цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма ацы æмбæстаг раздæр дæр ахст уыд къæрных кæныны тыххæй.

Дзауы районы милицийы управленийы кусджытæ баурæдтой 46-аздзыд æмбæстаджы, кæцы æнæзаконæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.