Ленингоры поселочы дæр иннæ районон центртау паддзахадон уагдæтты бæстыхæйтты ауагътой дезинфекцион куыстытæ коронавирусон низы ныхмæ. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады радиацион, химикон æмæ биологон хъахъхъæнынады æфсæддонтæ санитарон куыстытæ бакодтой поселочы скъолаты, медицинон уагдæтты æмæ милицийы управленийы бæстыхайы. Кæд æмæ ныридæгæн низы тых фæсаст æмæ ахæм стыр тагъдауæй нал парахат кæны, уæддæр дезинфекци кæныны хъуыддаг æнæмæнг у. Цас арæхстджындæрæй тох кæнæм ацы низимæ, уыйас æй тагъддæр скуынæг кæндзыстæм æмæ адæм дæр сæрибарæй сулæфдзысты.

Ленингоры поселок Цхинвалæй дæрддзæф кæй у, уымæ гæсгæ уæрæсейаг æфсæддонты бахъуыд милицийы æххуыс. Цæмæй автомашинæты колоннæ æдасæй фæхæццæ уа бынатмæ æмæ сæ бакæнгæ куысты фæстæ фæстæмæ æрыздæхой æнæкъуылымпыйæ Цхинвалмæ, уый тыххæй семæ ацыдысты Фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ.

ДЖИОТЫ Александр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.