СТЪОЛЫ ТЕННИС

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн Цхинвалы районы чемпионат стъолы теннисæй. Хайад дзы райстой 5 командæйы. Майдантыл тох кодтой Сатихъар, Хелцуа, Къостайыхъæуы, Дменис æмæ Зары хъæуты минæвæрттæ. Алы командæйы дæр уыд цыппар адæймаджы –  дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Чемпионаты хайадисджытæн раарфæ кодта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстææххæстгæнæг Бибылты Валери.

Мæ цæст уын уарзы, цæмæй размæ цæуат спорты алы хуызы дæр. Уый тыххæй уадздзыстæм алыгъуызон ерыстæ. Афтæ ма скъолатæн балхæнæм спортивон инвенатрь дæр. Ныр мæ фæнды, цæмæй скъолаты конд æрцæуой стъолы теннисы секцитæ, цæмæй ноджы активондæрæй хайад исат спорты ацы хуызы», – загъта Бибылты Валери.

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæ дæр иннæтимæ акодта фæйнæ иу хъазты. Иууыл цæттæдæр разынд Дменисы командæ æмæ ссис чемпионаты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста Зары командæ æмæ æртыккаг та ссис Къостайыхъæуы командæ. Уыдон хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ кубоктæй.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

УФ-йы уæгъдибар хъæбысхæстæй 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты æмбырдгонд командæйы тренер Мæргъиты Анатоли фехъусын кодта Европæйы U-23 чемпионатмæ чи ацæудзæн, уыдоны нæмттæ. Се ‘хсæн сты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы æртæ минæвары. 79 кг уæзы категорийы архайдзæн Уалыты Радик. 92 кг уæзы тох кæндзæн Цæкуылты Батырбег æмæ иууыл уæззаудæр – 125 кг уæзы категорийы та – Голоты Витали.

Европæйы U-23 чемпионат цæудзæн 8 -10 марты Сербиаг горæт Нови-Сады.

 

НЫМАД ÆРЦЫД АЗЫ ХУЫЗДÆР ТРЕНЕРЫЛ

Футболæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Черчесты Станислав фæуæлахиз Уæрæсейы спортивон журналистты æрфарсты «Азы хуыздæр тренер»-ы номинацийы. Уый тыххæй йын Уæрæсейы Олимпион комитеты уагъдцæуæг цытджын церемонийы лæвæрд æрцыд статуэткæ «Серебряная лань».

«Фæнды мæ фидæнмæ кæсын. Тагъд рæстæджы мах хъæуы Европæйы чемпионатмæ æвзарæн хъæзтытæ акæнын, – загъта Черчесты Станислав.  Æхсызгон мын у ахæм аргъ мын кæй скодтат, уый. 2018 азы нын хорз сæрд уыд. Ныфс мæ ис æмæ нын ахæм сæрд ноджы кæй уыдзæн».

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.