Уæрæсейы Федерацийы Специалон операциты тыхтæ арæзт æрцыдысты 2008 азы августы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæстон цауты фæстæ. Ацы уникалон дæлхайыл 10 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд сын раарфæ кодта УФ-йы Президент Владимир Путин. Афтæ ма алыгъуызон хорзæхтæй схорзæхджын кодта, уæлдай хуыздæр йæхи чи равдыста, уыцы хæстонты. Уыдон кæддæриддæр цæттæ сты сæ хæстæ сæххæст кæнынмæ. Семæ алы хатт дæр вæййынц хæлцадон продукттæ, аптечкæ  æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстон æрмæджытæ æмæ хæцæнгæрзтæ суанг танкæты ныхмæ ракетæтæ æмæ хæсгæ зенитон-ракетон комплексты онг. Специалон операциты тыхты специалистмæ  хъуамæ уа æмбæлон зонындзинæдтæ бирæ дæсныйæдты фæдыл. Авиаци зонын уыд Сирийы Специалон операциты тыхты хæстонты хæстæй иу. Уый тыххæй бæстæйы базыдтой 2016 азы марты мæйы хистæр лейтенант Александр Прохоренкойы хъайтардзинады фæстæ. Специалон операциты тыхты афицер террористты фæсчъылдым Пальмирæйы уæрæсейаг хæдтæхджытæн амыдта боевикты нысæнттæ. Боевикты æрхъулайы иунæгæй баззайгæйæ, йæхимæ расайдта æхстытæ. Йæ хъайтардзинадæн ын табу кæнынц æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. Хъайтарæн Италийы æвæрд æрцыд цырт.

Куыд фæтк, афтæ мах нæ зонæм ацы тыхты хæстонты сгуыхтдзинæдты тыххæй, ахæм у се службæ. Сæ биографитæ сты сусæггаг, сæ цæсгæмттæ та – маскæты. Сæ хъайтардзинæдты тыххæй сын базонæм уæлдай ахсджиагдæр æмæ тæссагдæр цауты фæстæ. 2017 азы Специалон опе-рациты тыхты 16 хæстоны Алеппойы цур дыууæ суткæйы дæргъы урæдтой 300 боевикы æрбабырст. Уыдон сæ хæс сæххæст кодтой æнæ уды зиæнттæй. Фондз азы размæ Специалон операциты тыхты хæстонтæ алцыдæр сарæзтой, цæмæй сабырдзинад бахъахъхъæдтаиккой Хъырым æмæ Севастополы. Ацы тыхтæ алы хатт дæр сты раззагон хæххыты, иууыл зындæр кæм у, уыцы рæтты. Уæлдай æхсызгон зæрдæйæн уыд УФ-йы телеуынынады каналы не ‘мбæстаг ирон лæг ацы тыхты сырæзты историйы тыххæй кæй радзырдта, уый. Бафæндыд мæ йемæ не ‘мбæстæгты базонгæ кæнын.

Специалон операциты тыхты чи арæзта, уыдонæй иу уыд инæлар-майор Медойты Игорь. 2009 азы уый уыд УФ-йы Хъахъхъæнынады министры æххуысгæнæг. Медойы фырт, зæгъæн ис, у легендарон гоймаг, афтæ ма у специалон дæлхай «Альфа»-йы снайперон скъолайы бындурæвæрæг. Уый йæхæдæг уыд тынг хорз снайпер.

Медойты Игорь Башеры фырт райгуырд 1955 азы горæт Дзæуджыхъæуы. 1972 азы каст фæцис 5-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институты. Дыууæ азы сахуыр кæныны фæстæ ацыд Павловы номыл Ленинграды 1-æм медицинон институтмæ. 1977-1979 азты йæм æрсидтысты æфсæддон службæмæ Советон Цæдисы паддзахадон æдасдзинады комитеты æфсæдтæм. Йе ‘мбæстагон хæс сæххæст кæныны фæстæ 1982 азы райста уæлдæр медицинон ахуырад каст фæуыны тыххæй диплом.

Медойы фыртæн стыр æнтыстытæ уыд спорты ахæм хуыз, куыд хæстон хæцæнгарзæй æхсынæй. Бахъахъхъæдта дунеон къласы спорты мастер, æртæ хатты ссис Советон Цæдисы чемпион. Дыууæ хатты та ссис Балканты бæстæты Кубокы хицау, дыууæ хатты уыд дунеон турнирты уæлахиздзау, кæцытæ уагъд цыдысты Германы. 2009 азы Медойты Игорæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъайтары ном йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй. Афтæ ма хорзæхджын æрцыд 3-æм æмæ 4-æм къæпхæнты «За заслуги перед Отечеством»-ы орденæй, Хъайтардзинады орденæй æмæ «За военные заслуги»-йы орденæй.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.