Ленк кæнынæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы уæнгтæ 7 майданы рамбылдтой æвзæнгты ‘хсæн г.Пятигорскы гом чемпионаты. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Къæбулты Инал, Тасойты Арсен æмæ Лалыты Анжеликæ. Дыккаг бынæттæ бацахстой Лалыты Арсен æмæ Даниил Игнатов. Бронзæйон призертæ та систы Уалыты Александр æмæ Бесаты Барсæг.

Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ ма ссис ерысты эстафетæйы уæлахиздзау дæр.

РХИ-йы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева куыд хъусын кæны, афтæмæй хуссарирыстойнаг спортсменты ерысты хайад райсынмæ фæхуыдта горæт Пятигорскы администрацийы спорт æмæ физкультурæйы комитеты сæрдар Джиоты Андрей.  

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» ацы аз акодта фыццаг официалон хъазт. Уый дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы фембæлд «Краснодар-3»-имæ. Фыццаг минуттæй алайнæгтæ инициативæ райстой сæ къухтæм æмæ сын бантыст хыгъд байгом кæнын. Расгуыхт Хæбæлаты Алан. Хъазты дыккаг æмбисы ма сын бантыст ноджы æртæ пуртийы бакъуырын. Уыдонæй дыууæйы автор у Ислам Машуков, иннæ гол та бакъуырдта Зассеты Азæмæт. Афтæмæй хъазт фæцис 4:0 «Алани»-йы пайдайæн.

Фембæлды дыккаг æмбисы цæгатирыстойнаг командæйы сконды хъазæн фæзмæ рахызт зындгонд футболист Касаты Алан.

Ныр «Алани» радон хъазт акæндзæн 21-æм марты Астра-ханы бынæттон «Волгарь»-имæ, кæцы у чемпионаты лидер.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.