Æрæджы нæ газеты мыхуыр уыд, не ‘нæниздзинад фæстаг рæстæджыты цæй тыххæй фæцудыдта, уый тыххæй æрмæг.

Не ‘нæниздзинадыл нын къаддæр не ‘ндавынц кæрæдзимæ нæ ахаст æмæ нæ цардуагон уавæртæ дæр, æмæ мæ фæнды уыдоны тыххæй ныхас æрæфтауын.

Нæ горæты фылдæр адæм кæм цæры, уыцы, уынгтæй иу у Нæузæххонты уынг. Æддейæ бакæсгæйæ афтæ зыны, цыма алцыдæр нывыл у, фæлæ ам дæр цæрджыты ‘хсæн ахастыты алцы нывыл нæу. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дыууæ хылгæнæгæй иу дæр раст нæ вæййы, фæлæ уый алы хатт  афтæ нæу. Цы сыхæгты кой кæнын, уыдон къорд азты дæргъы цардысты хæларæй. Æндæр сыхæгтæ ма-иу сæм тæхуды дæр кодтой. Ныр цалдæр азы дæргъы кæрæдзимæ дзургæ дæр нал кæнынц.  Хыл та фесты уый тыххæй, æмæ сыхæгтæй сæ иу уарзта асинтыл бахизæн фæзуаты мигæнæнтæ æвæрын. Куы-иу дзы уазалгæнæн сæвæрдта, куы та – газы пец, куы та – цы. Иннæ сыхаг быхста, нæ йæ фæндыд фехæла сæ хæлардзинад. Быхста, фæлæ йæ сыхаг куы нæ ‘мбæрста, уæд ын сабырæй æмбарын кодта сæ рæдыд. Ныхас рахызт быцæумæ. Уæдæй рацыд цалдæр азы. Ныр асинтыл æвæрд ницыуал цæуы, фæлæ фехæлдысты сæ хорз ахастытæ æмæ арæх, куыд сæ иутæ, афтæ  иннæтæ дæр фæхъуыды кæнынц, зæгъгæ, цалынмæ сыхагдзинад нæ фехæлд, уæдмæ  кæрæдзийы бамбарын.

Адæмы æнæниздзинадыл ма мæгуырауæрдæм æндавы уый дæр, æмæ бирæбæрцæй кæй банымæг сты хæстæгдзинады æнкъа-рæнтæ. Раздæры азтыл ма нæ цæст ахæссæм, хæстæджытæ кæрæдзимæ цæуын куыд уарзтой, кæрæдзи куыд фарстой, кæуылты-иу уыд сæ циндзинад. Æхсызгон æмæ хъæл-дзæгдзинд та, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ адæймагæн дæттынц æнæниздзинад æмæ фылдæр цæрæнбон. Ныр дæр адæмы ницы хъыгдары, цæмæй кæрæдзи фæрсой æмæ цæуой кæрæдзимæ, фæлæ ам дæр цыдæр уæлæн-гай, æнæбындур аххосæгтæм гæсгæ хион хионмæ æнцонæй фæхъыг вæййы.

Мах зонæм, бирæтæ хи хæдзарау кæй уарзынц сæ горæт, фæлæ нæ горæты цæр-джытæй уынгты арæх чи фæтезгъо кæны, уыдон æнæрахатгæ нæ фæвæййынц, ногæй арæзт цы цæуы, уыдонæн цы зиан рачын-дæуы, уый. Нæ редакцийы кусджытæ дæр рахатынц уыдæттæ. Фысгæ дæр сыл нык-кæнынц, фæлæ фыдгæнджытæ дарддæр сæ кæнон кæнынц, уыдон се ‘нæуаг митæй æхцондзинад исынц, æндæртæ та халынц сæ нуæрттæ æмæ уый æндавы се ‘нæниздзинадыл дæр. Фенæн вæййы бирæ æндæр æнæуаг митæн дæр.

Афтæ мæм кæсы, æмæ не ‘нæниздзинадыл мæгуырауæрдæм бандæвта, фæстаг азты нæ хæлцы гъæд цæхгæр кæй февзæрдæр, уый дæр.

Ацы фарстыл дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæ фæуыдзынæн, иуæй иутæ нæ хæлцмæ фылдæр хъусдард кæй аздæхтой, уый тыххæй. Бирæты хъуыдымæ гæсгæ, уый дæр не ‘нæниздзинадыл æндавы мæгуырауæрдæм. Нæ фыдæлтæ мæнгæй нæ дзырдтой: «Фыд-хæрд фыдрын у». Арæх адæммæ стыр фынгты рæстæджы фæдарын мæ хъус. Бирæ хатт кувæгмæ дæр нæ банхъæлмæ кæсынц, афтæмæй райдайынц фынгтæм æвналын æмæ уымæй халынц æгъдау. Куыдфæнды ма дзурæм, уæддæр нæ фынгтæ кæнынц хъæздыгæй хъæздыгдæр. Хæринæгтæн се ‘ппæтæй дæр куы райсай, алкæмæй дæр дзы куы ахæрай, уæд уый пайдайы бæсты хæссы зиан.

Уæдæ цæмæй æнæниз  уæм, къаддæр хъаст кæнæм нæ куыстхъомдзинадæй, уый тыххæй æмбæлы, цæмæй нæ хъус хуыздæр дарæм, цы æмæ цас хæрæм, уымæ дæр. Хъахъхъæнут уæхи æмæ ут æнæниз.

Гæззаты Иван 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.