28-ӕм октябрӕй 4-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыдис иу фыдракæнд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд  дыууӕ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой 8 адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 225 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 2 уыдысты нозт-джынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 13 адӕймаджы.

2-ӕм ноябры горӕты мидхъуыддӕгты хайадмӕ хъаст балӕвӕрдта Цхинвалы 69-аздзыд цӕрӕг, Абайты Васойы уынджы магазин «Сантехника»-йæ йын кæй адавтой 150 мин сомы.

Наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ баурæдтой горӕты 39-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы ӕнӕзакъонӕй спайда кодта наркотикон буарадӕй. Басгӕрсты рӕстӕджы йæм хӕдзары ноджы ссардтой 12 гӕны къутӕры. Наркотикон буарадӕй ӕнӕзакъонӕй кӕй спайда кодта, уый тыххӕй йӕ Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта 8 мин сомы. Уымӕй уӕлдай ма йыл бакодтой уголовон хъуыддаг дæр.

1-ӕм ноябры Цхинвалы Мидхъуыддӕгты управленимӕ фехъусын чындӕуыд, зӕгъгӕ, Фидауынгӕнджыты уынджы йӕ фатеры мардӕй ссардтой 39-аздзыд сылгоймаджы. Судмедэксперт куыд рабӕрӕг кодта, афтӕмӕй фӕмардуӕвӕг фӕхъӕстӕ алкоголон нозтӕй.

29-ӕм октябры горӕт Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан фехъусын кодта милицимӕ, зӕгъгӕ, Путины уынджы автобусты ӕрлӕууӕн бынаты фыдгӕнджытӕ ныцъцъӕл кодтой ӕвгтӕ ӕмӕ зиан ӕрхастой 4 мин сомы. Оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлттӕ райсыны фӕстиуӕгӕн урӕд ӕрцыдысты 3 ӕнӕххӕст кары сывӕллоны, кӕцытӕ басастысты сӕ фыдракӕндыл.

Цхинвалы 78-аздзыд цӕрӕг, Хъайтарты уынджы бар кӕм нӕ уыд, уыцы ран, фӕндаджы иннӕ фарсмӕ хизгӕйӕ, бахаудта автомашинӕ «NissanX-Trail»-ы бын, кӕцыйы шофыр та разынд Дзауы поселочы 24-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн фистӕг бӕлццон уӕззау цӕфтимӕ бахаудта рынчындонмӕ.

Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 12-ӕм километры горӕт Къуайсайы 43-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Mersedes-Benz» скъӕрын, ахаудта фӕсвӕд ӕмӕ сӕмбӕлд бӕласыл. Шофыр ӕмӕ йӕ фынддӕсаздзыд бӕлццон бахаудтой рынчындонмӕ.

Цхинвал-Ленингоры фӕндаджы 1-ӕм километры Сатихъары хъӕуы 24-аздзыд цӕрӕг, йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2109» скъӕргӕйӕ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕ цӕуӕг автомашинӕ «NissanX-Trail»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд горӕты 40-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн дыууӕ шофыр ӕмӕ ӕртӕ бӕлццоны алыхуызон цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ. Бӕлццӕттӕй дыууӕ уыдысты ӕнӕххӕст кары сывӕллӕттӕ.

Дзауы районы Ручъы тъунелмӕ æввахс Уӕрӕсейы Федерацийы 32-аздзыд ӕмбӕстаг нӕ сарӕхст йӕ микроавтобус скъӕрын ӕмӕ фӕсвӕд афӕлдӕхт. Ацы машинӕйы бадтысты 6 ӕнӕххӕст кары сывӕллоны сӕ тренеримӕ, кӕцытӕ цыдысты Цхинвалмӕ ленк кӕнынӕй ерысты хайад райсынмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.