АРМРЕСТЛИНГ

Румынаг горæт Констанцайы кæронмæ бахæццæ дунейы чемпионат армрестлингæй. Ерысты кæронбæттæны майдантыл тох кодтой хистæр кары спортсментæ. Уыдон ‘хсæн уыд цхинвайлаг Гасситы Сослан. Уый архайдта 100 кг уæзы категорийы. Сосланæн бантыст чемпионаты æвзист призер суæвын. Уый акодта 10 тохы. Йæ ныхмæлæуджыты ‘хсæн уыдысты Болгари, Египет, Сомихстон, Гуырдзыстон æмæ Туркы минæвæрттæ. 22-аздзыд армрестлер фæхæрд æрмæстдæр болгайраг спортсмен-æн, кæцы ссис ерысты уæлахиздзау. Тренер Джиоты Валери куыд зæгъы, афтæмæй сæ сæйраг нысан уыд фыццаг бынат бацахсын. «Кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кастыс-тæм æрмæстдæр уæлахизмæ,  фæлæ нын ацы хатт нæ бантыст. Сослан нырма ивгъуыд аз архайдта фæсивæды ‘хсæн, фæлæ ацы азæй рахызт хистæр кары спортсментæм. Уымæ гæсгæ йын зындæр уыд семæ тох кæнын. Ацы аз ма ссис Уæрæсейы чемпион æмæ Европæйы чемпионаты æвзист призер. Европæйы чемпионаты уæд фæхæрд Гуырдзыстоны минæвар Елчин Бинатовæн, фæлæ йæ ныр рамбылдта æнцонтæй», – банысан кодта уый.

УÆЛАХИЗДЗАУЫЛ СÆМБÆЛДЫСТЫ ИРОН ÆГЪДАУМÆ ГÆСГÆ

 Хистæр кары спортсменты ‘хсæн ерысты размæ та горæт Констанцайы уагъд цыд æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионат. Уым йæ уæлахиздзау ссис Хæбæлаты Арсен. Ерысты хъайтар æрæздæхт Цхинвалмæ. Ууыл ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ сæмбæлдысты Ручъы тъунелы рахи-зæны. Уæлахиздзауæн раарфæ кодтой спортуарзджытæ æмæ йе ‘ввахс адæм. Уыдон æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты Арсены уæлахизмæ. Арсен архайдта 70 кг уæзы категорийы. Уый ивгъуыд аз бацахста 2-аг бынат. Уымæ гæсгæ тырныдта йæ бæрæггæнæн фæхуыздæр кæнын æмæ уæлахиздзау суæвынмæ æмæ йын бантыст йæ разылæууæг хæс сæххæст кæнын. «Мæ уæзы архайдтой 20 спортсмены. Уыдон ‘хсæн уыд узбекаг спортсмен, кæцы уыд æв-зæнгты ‘хсæн дунейы чемпион æмæ Европæйы чемпионат чи рамбылдта, уыцы гуырдзиаг армрестлер. Уыдоныл дæр фæуæлахиз дæн. Ивгъуыд аз дунейы чемпионаты бацахстон дыккаг бынат æмæ уæд мæ разы хæс æрæвæрдтон иннæ аз мæ бæрæггæнæн фæхузыдæр кæныны тыххæй. Æмæ мын бантыст», – банысан кодта Хæбæлаты Арсен.

Æвзæнгты ‘хсæн ма дунейы чемпионаты 4-æм бынат та бацахста Дыгъуызты Миленæ.

ÆХСÆНРЕГИОНАЛОН ТУРНИР ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

 Цхинвалы спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд æхсæнре-гионалон турнир ленк кæнынæй «Mad Wave Кавказ», зæгъгæ. Хайад сæ райстой Стъараполы крайы горæттæ Буденовск æмæ Невинномысск, Кочубеевское хъæуы, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, РЦИ-Алани æмæ Хуссар Ирыстоны спортсментæ. Æдæппæтæй 180 æвзонг адæймагæй фылдæр. Дыууæ боны дæргъы уыдон ерыс кодтой ленк кæныны æндæр æмæ æндæр стиль-тæй.

«Фæнды нæ ерыстæ æрвылазон саразын. Ноджы фылдæр спортс-менты æрхонын. Нæ фарсмæ лæууы компани «Mad Wave»», – банысан кодта РХИ-йы Ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева. 

Хуссарирыстойнаг командæ командоны хыгъды бацахста 2-æм бынат. 1-аг бынат бацахста Пятигорскы командæ æмæ æртыккаг бынат та – Кочубеевскы хъæуы командæ.    Сыгъзæрин майдан рамбылдта Тыджыты Дианæ, æвзист майдан – Уалыты Даянæ æмæ бронзæ майдан та – Игнатов Даниил. Уæлахиздзаутæ-хорзæхджын æрцыдысты алыгъуызон хорзæхтæй.

ХУРИТЫ Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.