Нæ фыдæлтæй нæм куыд æрхæццæ, афтæмæй Къæбысы мад æмæ фыдæн зæнæг нæ цардис, зæнæг-иу сын куы рацыд, уæд-иу амардысты. Уæды рæстæджы дæр уыдис дæснытæ. Къæбысы мад æмæ фыдæн дæсны бацамыдта: «Сывæллон ма уын куы райгуыра, уæд кæд иу уа, уæд ын адарут къæбылайы æхсыр, кæд уын фаззæттæ уой, уæд иуæн – къæбылайы æхсыр, иннæмæн та – хæрæджы æхсыр».

Афтæ бакодтой, æмæ сын, æцæгæйдæр, фæцардысты. Уый фæстæ ма сын райгуырдис æртæ лæппу. Иннæтæ та дзырдтой, зæгъгæ, дам дзы иуы баппæрстой къæбылайы цурмæ, иннæйы та – хæрæджы цурмæ æмæ сæ схуыдтой   Къæбыс æмæ Хареб.  Ардыгæй равзæр-дысты Къæбыстæ æмæ Харебатæ.

Иннæтыл сæвæрдтой нæмттæ – Валы, Туа æмæ Гатыко – ардыгæй равзæрдысты уыцы мыггæгтæ æмæ ацы фондз мыггаджы сты æрвадæлтæ.

Куыд иннæ адæмтæ, афтæ ацы æфсымæртæ дæр хъомыл кодтой хохæн фале, куыд рæзтысты, афтæ сын къуындæг кодтой цæрыны уавæртæ.

Къæбыс æмæ Хареб сфæнд кодтой хохæн йæ хуссар фарсмæ рацæуын, æрцардысты Хуыцъейы. Къæбыс уарзта цуан кæнын. Уæд иу хатт схауд, еныр Сыгъдты хъæу кæм ис, уырдæм. Уыдис, дам, æмæхгæд хъæдæй. Куыд дзырдтой нæ хистæртæ , афтæмæй  дзы  иу ран ссардта æфсир. Уыцы æфсир уырдæм куыд æрхаудта, уый бæстон ничи зыдта, уыдис тынг бæрзонд æмæ æфсиры гъæд дæр уыдис тынг хорз.

Къæбыс ахъуыды кодта, зæгъгæ, ам цæрæн бынатæн хорз уыдзæн. Уæд райдыдта хъæд цæгъдын æмæ судзын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хабар иу æмæ дыууæ боны хабар нæ уыдис, фæлæ тынг бирæ рæстæг ахаста. Райсомæй-иу раджы ссыди уырдæм, басыгъта-иу хъæд, изæры та-иу Хуыцъемæ æрыздæхти. Фæндагыл-иу ыл чи фембæлд, уый-иу æй бафарста: «Кæдæм цæуыс?». Уæд-иу сын загъта, зæгъгæ, уæлæ – Сыгъдтæм, кæцæй цæуыс,   уæлæ  –  Сыгъдтæй.

Афтæ равзæрдис нæ хъæуы ном – Сыгъдтæ. Уыдис дзы тынг хорз суадон æмæ уым æрцард. Æркодта йæхицæн цардæмбал, рацыдис ын зæнæг. Сбирæ сты, царды уавæртæ сын къуындæг кæнын райдыдтой. Лæппутæ дæр бинонтæ æркодтой æмæ райдыдтой сæхицæн цæрæн бынæттæ агурын. Иу дзы хуындис Борхъо æмæ æрбынат кодта Сыгъдтæн Цæгат фарс, донæн иннæ фарс, æмæ абон дæр хуыйны Борхъотæ. Иннæ хуындис Мулдар. Уый та æрбынат кодта Сыгъдты уæле, йæ хохмæ æввахс æмæ абон дæр хуыйны Мулдары къуылдым. Мулдарты мыггагимæ йын ницы иудзинад ис.

Уый фæстæ лæгтæ куы бабирæ сты, уæд ирон адæм Хуыцаумæ кувæг сты æмæ сфæнд кодтой кувæндон самайын. Кувæндонæн равзæрстой хъæуæн йæ хуссарварс бæрзонд бынат. Алчи дæр æй зоны, кувæндæттæ фылдæр кæй арæзтой сыгъдæг æмæ бæрзонд бынæтты.

Уæд Къæбысы мыггаг сарæзтой кувæндон (дзуар) æмæ йæ схуыдтой Хуссары дзуар. Йæ хорзæх уæд алкæй дæр. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ арæзт æрцыдис дойнаг дуртæй нæ, фæлæ къæдзæхы дуртæй, ластой йæ Додотæй æмæ йæ цъалайæ уыцы бæрзонд бы-натмæ та лæвæрдтой æрми-æрм (къухæй-къухмæ).

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы куыстытыл бахъуыдаиккой тынг бирæ рæстæг. Куы сырæзт, уæд дзы Къæбысы мыггаг скодтой стыр куывд. Кувæндоны та схуыдтой Хуссары Уастырджи. Уый фæстæ йæм Къæбысы мыггаг райдыдта куывды цæуын, сæ хæрæфырттæ æмæ сæ сиæхстимæ, сылгоймаг æм нæ цыд, нæ фæччыди.

Куывды та йæм цæуынц куадзæны фæстæ, цыппæрæмы æмæ йæ схуыдтой Стыр Цыппæрæм.

Йæ бынмæ цъалайы уыд тынг рæсугъд бынат, фæз æмæ тархъæд, бадгæ-иу кодтой уым. Уыцы ран ахæм диссаджы тархъæд уыдис æмæ йæ бынмæ хуры тынтæ никуы кастысты, комкоммæ дзы фæндаг дæр нæ уыдис, æгæрыстæмæй, галвæндаг дæр. Къахвæндаг ма йæм уыди хохы æрцæуæны ‘рдыгæй.

Мыггаджы хистæртæй иу – Къæбысты Барис мын радзырдта ахæм хабар. Сæ хъæуккаг лæппу дзы ракодта лæдзæг æмæ æхсæвы тынг фæрынчын, байгомыг ис. Дæсны бафарстой æмæ сын загъта: «Уæ дзуар уæм цæуылдæр фæхъыг ис, скæнут кувинæгтæ, ссæут йæ бынмæ, хатыр дзы ракурут, кæннод йæ хабар æвзæр уыдзæн». Æцæгæйдæр, афтæ бакодтой рынчыны хицæуттæ æмæ лæг сдзæбæх.

Йæ бынмæ адæм цыдысты бæгъæмвадæй. Сылгоймагæн йæ хуылфмæ цæуын нæ фæччыдис.

Советон хицауад куы æрлæууыд, уæд коммунисттæ хъыгдардтой адæмы, нæ сæ уагътой кувæндæттæм цæуын. Сарæзтой сæ æфтауц бынæттæ, кæм та дзы уæй кодтой фæтæген. Æрцыдысты бынтон æдзæллаг уавæрмæ. Адæм сæм куывды дæр афтæ нал цыдысты, кæнæ та – сусæгæй. Ахæм æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты Чеселтгомы кувæндæттæ дæр, æмæ Хуссары дзуар дæр. Йæ бынты йын сарæзтой машинæ фæндæгтæ дæр. Йæ бынмæ цы рæсугъд тархъæд уыдис, уымæ дæр чидæртæ бавнæлдтой цыргъагæй, фæлæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæн нæ фæцис. Йæ бынты адæм цыдысты æмæ йын сæхи фæ-дзæхстой, цы æртæ бæласы дзы уыдис фæрсæй-фæрстæм, уым. Сæ хуын, сæ хуымилиæгтæ дæр æвæрдтой уым æмæ-иу сæфгæ дæр фæкодтой. Уыцы æхца хъуамæ хардз цыдаиккой дзуарæн йæхи хъуыддæгтыл. Ацы хъуыддаг мæнмæ раст нæ кастис æмæ уæд иу бон механикон заводы иу лæппуйæн саразын кодтон æфсæйнаг асыкк. Æрбаластам æй Къæбысты Зелимимæ æмæ йæ ныффидар кодтам уыцы æртæ бæласы бын. Уым цы æхца æрæмбырд ис, уыдонмæ ма нæхæдæг дæр бафтыдтам æмæ самал кодтам кувинæгтæ æмæ кусæрттаг, адæм æрхастой сæ кувинæгтæ æмæ сæ сарæзтам иумиаг дзуарыбон Къæбысы мыггагæн. Уыцы бон асыччы дæгъæлтæ радтам Къæбысты Андреймæ æмæ мыггаджы хистæр Къæбысты Барисмæ.

Советон хицауад куы фехæлдис, уæд фæзындис хуыцауысконд адæймæгтæ, кæцытæ сæхи тыхтæй райдыдтой кувæндæттæ, дзуæртты цалцæг кæнын. Уыдонæй сæ иу у Къæбысты Зураб (Гоппи) Гришайы фырт. Уый сцалцæг кодта, Чеселтгомы цы дыууæ дзуары ис, уыдон. Фыццаг сцалцæг кодта Атынæджы кувæн-дон, сарæзта йæм фæндаг дæр. Æртæ азы та дзы фæд-фæдыл æнæхъæн Чеселтгомы адæмæн дзуарыбонтæ са-рæзта йæхи фæрæзтæй. Æрцауыгъта дзы дзæнгæрæг дæр, саразын æй кодта Мæскуыйы. Уыцы рæстæджы райдыдта цалцæг кæнын Хуссары дзуары кувæндон дæр.

Кусджытæ, амайджытæ йæм æркодта Сомихстонæй. Дзуары агъуыст сцалцæг кодтой йæхи дуртæй. Фæстаг хатт ма дзы æз кусарт акодтон 1976 азы. Тыхамæлттæй йæм схызтыстæм, уæдæй фæс-тæмæ уырдæм цæуæг нæ уыд. Фæндаг æм нал уыдис, арæзт у тынг бæрзонд бынаты æмæ йæм схизæн нæ уыди. Уæд æм райдыдтой асинтæ аразын цъалайæ уæлæмæ. Асинтæ æрцыдысты тынг диссаджы арæзт, адæм сæм уынынмæ цæуынц. Афтæ арæзт сты, æмæ кувæг адæймаг куы бафæллайа, уæд дзы ис стъолтæ, кувинæгтæ кæм æрæвæра æмæ сæ цуры – бандæттæ, кæм æрбада æмæ аулæфа, ахæм бынæттæ.

Бынæй цъалайы та сарæзта кувæндон. Йæ бон уыцы бæрзонд бынатмæ схизын кæмæн нæ вæййы, уыдон сæ кувинæгтæй скувынц ацы кувæндоны. Фæндаггонтæ дæр бæлæсты бын нал кувынц, фæлæ уыцы кувæндоны. Æппæт ирон адæмы дæр йæ хорзæх уæд!

КЪÆБЫСТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.