25 июлæй 1 августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис фондз фыдракæнды æмæ дзы æртæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн, хъыгагæн, иу адæймаг фæмард.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 366 фæткха-лæн цауы. Уыдонæй иу уы-дис нозтджынæй машинæ скъæрыны цау.

27 июлы Дзау-Цхинвалы фæндаджы 5-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Горæттаг 31-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Nissan Tiida» скъæрын, ахаудта фæсвæд æмæ сæмбæлд электроны рухсы цæджындзыл. Аварийы фæстиуæгæн шофыр фæмард. Машинæйы ма бадтис 5-аздзыд сывæллон, кæцы бахаудта рынчындонмæ.

27 июлы Ленингоры районы милицийы кусджытæ Абреуы хъæумæ æввахс ссардтой æмæ скуынæг кодтой 82 гæны къутæры.

30 июлы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта горæттаг 75-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг, йæ хæдзары уæвгæйæ, фæу-лæфыд сыгъдхъæстæ.

30 июлы милицимæ хъаст балæвæрдта Знауыры районы Мугуты хъæуы 87-аздзыд цæрæг, зæгъгæ мын, горæты рынчындоны уæвгæйæ, палатайæ адавдæуыд 10 мин сомы. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн рабæрæг ис къæрных. Уый разынд Знауыры районы Аунеуы хъæуы 37-аздзыд цæрæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.