Нæ горæты милицæйы æнахъомты фæдыл фарстаты инспекцийы æмæ патрулон-постон службæйы кусджытæ генералон прокуратурæйы минæвæрттимæ иумæ изæрыгон уынгты ауагътой профилактикон рейдон мадзæлттæ. Ацы рейдтæ нысанмæздæхт сты æнæххæст кары сывæллæттæм.

Сгæрст æрцыдысты горæты цады былтæ, Пионерты парк, театралон фæзуат æмæ æндæр бынæттæ, цы рæтты фервитынц сæ рæстæг. Семæ аныхас кæнгæйæ сын бамбарын кодтой, цæмæй сæхи хорз дарой уынгты уæвгæйæ, карз нозтытæ ма нуазой, тамако ма дымой æмæ ма æндæр ахæм фæткхалæн цаутæ ма аразой. Уымæй уæлдай ма сæ бафæдзæхстой, цæмæй æнафонты æнæ хистæр кары гоймæгтимæ ма тезгъо кæной.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.