14 мартæй 21 мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты авд æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 268 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 2 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

16 марты горæт Цхинвалы милицийы фæдагуырды управленийы æмæ иумæйаг информацион-координацион центры кусджытæ æрцахстой 47 æмæ 22-аздзыд горæттаг цæрджыты, кæцытæ Уæрæсейы территорийыл сарæзтой фыдракæндтæ æмæ æмбæхстысты барадхъахъхъæнæг органтæй.

18 марты милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Цхинвалы районы Уанаты хъæуы ссардæуыд хæстон æрмæджытæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ кæлæтдзаг хисæрмагонд хæдзары ссардтой дыууæ гранаты «Ф-1», сæдæйы бæрц автоматы нæмгуытæ æмæ 200 бæрц та – пулеметы нæмгуытæ.

Наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой горæттаг 42-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад «Метадон»-æй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.