Рæзынц хæлцадон продуктты, дарæс æмæ цардуагон химийы фæрæзты æргътæ. Сæ аххосаг у, бирæ фæсарæйнаг бæстæтæ Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ цы санкцитæ расидтысты, уыдон. Мах бацымыдис кодтам, æртаджы аргъ дæр æввахс рæстæджы фæивдзæн æви нæ, уымæ. Уый фæдыл зонадон кусæг Дзабиты Вячеслав афтæ загъта:

«Хуссар Ирыстоны территорийыл æртаджы аргъ нæ фæивдзæн – ахæм у Уæрæсейы Федерацийы экономикæйы фадыджы кусæг эксперты хъуыды дæр. Махмæ цы æртаг уæй цæуы, уый та ласынц æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийæ. Санкцитæ канд Уæрæсейыл нæ бандавдзысты, уыдон иууыл тынгдæр бандавдзысты фæсарæйнаг бæстæтыл. Экспортмæ нал цæудзæн нефт, уымæ гæсгæ Уæрæсейы æртаджы аргъ хъуамæ æрхауа 20 проценты онг. Ома, æртаджы аргъ фæкъаддæр уыдзæн 7 сомы».

Уый ма загъта, ныртæккæ дæр Уæрæсейы æртаг кæй фæкъаддæр ис цыппар сомы бæрц. Уымæн æмæ уæй кæм цæуы, Уæрæсейы уыцы биржæты æртаг сбирæ ис. Фæлæ афтæ зæгъæн нæй, ома, аргъ дæлæмæ хаудзæн: «Уымæн æмæ зиан хæсдзысты амалиуæггæнджытæ, кæцытæ сæрмагонд куыст кæнынц нефтепродукттæй. Уыдон паддзахадон фиддонтæ фæкъаддæр кæндзысты æмæ сæ бæрц æрхаудзæн. Ахæм у экономикон закъæттæй сæ иу», – зæгъы эксперт.

Фидæнмæ кæсгæйæ та зæгъы, зæгъгæ, кæд æмæ искуы уæрæсейаг-фæсарæйнаг базар байгом уа, уæд та æртаджы аргъ хиздзæн уæлæмæ.

УАЗÆГТЫ М.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.