23-ӕм мартӕй 30-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыдис иу фыдракæнд, кæцы раргом ис. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 208 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 9 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалы-ны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 5 адӕймаджы.

Горæт Цхинвалы раздæры текстилон фабрикæйы бæстыхайы демонтажон куыстытæ кæныны рæстæджы ссардæуыд 3 минæйы. Уымæй уæлдай ма Цхинвалы районы Цъунары хъæумæ æввахс Тъбеты хъæуы 49-аздзыд цæрæг йæ хуымгæнд кусыны рæстæджы быдыры ссардта минæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ минæты раластой полигонмæ, цæмæй сæ скуынæг кæной.

Наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны фæдыл кусджытæ баурӕдтой горæт Цхинвалы 41-аздзыд  цӕрӕджы, кӕцымæ сӕ зӕрдӕ фехсайдта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ спайда кӕнынӕй.

84-аздзыд горæттаг цæрæг бахаудта автомашинæйы бын, кæцыйы шофыр разынд горæт Цхинвалы 52-аздзыд цæрæг. Фистæг бæлццонæн йæ къах асаст æмæ бахауд рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.