Мæргътæ сты адæймаджы хæлæрттæ æмæ сыл кæддæриддæр хъæуы аудын, уымæн æмæ уыдон хæссынц тынг бирæ пайда. Хуссар Ирыстон дæр хъæздыг у мæргътæй, куыд быдырбæсты, афтæ хæхбæсты дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, уыдонæн дæр кæй ис сæхи знæгтæ æмæ уымæ гæсгæ 1906 азы къухтæ æрфыстæуыд сæ хъахъхъæныны тыххæй Æхсæнадæмон конвенцийыл. Мæргътæн сæ фылдæр нæ фæразынц уазалæн æмæ сæ рæстæг кæм фервитынц, уыцы бынаты куы фæуазал вæййы, уæд абалц кæнынц хъарм бæстæм, стæй та уалдзæджы куы ‘рбахъарм вæййы, уæд бацагурынц сæ раздæры цæрæн бынат. Фæлæ ма уыимæ мæргътæй ис ахæмтæ дæр, кæцытæ фæразон сты уазалæн æмæ уыдон сæ цæрæн бынат нæ аивынц.

 Адæймаджы йæ диссаджы зардæй чи бахъæлдзæг кæны, æдзухдæр хъусынтыл кæмæ фæвæййæм, уый у булæмæргъ. Æрдзæй ахæм «курдиатæй» фæхайджын кодта æмæ нæ æдзухдæр фæфæнды уымæ хъусын. Рæсугъд хъæлæс кæмæн вæййы, уыцы зарæггæнæджы дæр абарынц булæмæргъимæ. Бæлон нымад у сабырады сим-волыл, тынг хæлар у адæймагимæ æмæ йыл адæймаг дæр у иузæрдион.

Канд адæймаг нæ, фæлæ иуæй-иу мæргътæ сæхи нæ тигъ кæнынц фос, хъæддаг сырдтыл дæр. Махæй бирæтæ æвдисæн сты, уыдон сæм сæхи кæй баввахс кæнынц, кæй сын «фæхос» кæнынц сæхирдыгонау. Адæймагмæ йæхи æввахсдæр чи кæны, уый у зæрватыкк æмæ уалдзæджы йæ ахстон дæр саразы хæдзары кæнæ уымæ æввахс бына-ты дæлбазыр æмæ йын адæймаг дæр йæ алы фæзындыл тынг фæцин кæны. Уалдзæджы æрбалæудыл адæймагимæ чи фæцин кæны, уыдонæй у дзывылдар дæр, раздæры азты йе ‘ртахтимæ-иу зæхкусæг йæ дзывыр бацагуырдта æмæ йæ адардта мæры æмæ уæдæй бавнæлдтаид зæххы куыстмæ. Къаддæр æхсызгондзинад нын нæ хæссы хърихъуппыты æртахт дæр.  Разæй чи иу кæнынц, ахæм дыууæ рæнхъæй тæхгæйæ, арвы тыгъдады сæхи базонын кæнынц адæмæн, мæнæ та уæм фæзындыстæм, зæгъгæ. Сæхи рады сæм адæм дæр равдисынц сæ уарзты æнкъарæнтæ æмæ сæм æхсызгонæй фæкæсынц. Рагуалдзæджы нæм цы маргъ фæзыны, уыдонмæ хауы ныгъуыли дæр, уый нæм æртæхы сауцъиуимæ иумæ, æрмæст сауцъиуты æртахт адæймаг нæ фæхаты, фæлæ ныгъуыли та йе ‘ртахтимæ бæстæ йæ сæрыл сисы, афтæ хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ фæзары. Ныгъуыли хауы ахæм стæм мæргътæм, кæцытæ зарынц тæхыны рæстæджы. Уый зарыны рæстæджы кæны тымбыл зылд æмæ йæхи исы бæрзондæй бæрзонддæр арвы тыгъдадмæ, стæй та æвиппайды йæхи æруадзы зæхмæ. Уый 2-3 минуты, фылдæр хатт та 10-12 минуты æнæсцухæй нæ банцайы йæ зарынæй. Фæлæ тыхджын дымгæ кæнæ уазал боныгъæды ныгъуыли фæзары зæххыл дæр.

Бæласы зæнг æнæрынцойæ цы маргъ хойы йæ даргъ бырынкъæй, уый у хъæдхой. Знаггад ын нæ кæны, фæлæ йæ зианхæссæг уырынгойтæй сыгъдæг кæны, æнæхъуаджы йæ нæ хонынц хъæды дохтыр.

   Бирæ дзурæн ис, адæймагæн пайда чи хæссы, уыцы мæргъты тыххæй. Махмæ, нæ республикæйы ма  ис ахæм мæргътæ, куыд сырд-донцъиу, цъиах, бурцъиу, хиуа, хъæрццыгъа, дыгоппон æмæ æн-дæртæ. Уæдæ мæргътæ адæймагæн ахæм пайда кæй хæссынц, уый тыххæй сын йæхæдæг дæр æххуыс кæны. Зæгъæм, зымæджы карз бонты сын нал вæййы хæринаг, хъæуы сын саразын хъарм бынæттæ æмæ сæм уæд фæдары йе ‘ххуысы къух.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.