6-ӕм апрелӕй 13-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис иу  фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Республикӕйы ӕрцыд иу фæндагон-транспортон цау.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 148 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 9 уыдысты нозт-джынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 5 адӕймаджы.

Горæт Цхинвалы милицийы управленийы криминалон хайады кусджытæ баурæдтой горæттаг 36-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта æнæзакъонæй наркотикон буарадæй спайда кæнынмæ. Фӕткхалæджы Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта 8 мин сомы.

6-ӕм апрелы рынчындонмӕ бахаудтой горӕттаг 35-аздзыд цӕрӕг æмæ йæ дыууæ æнæххæст кары сывæллоны, кӕцытæ фӕхъӕстӕ сты газӕй. Дохтыртӕ сын медицинон ӕххуыс бакодтой ӕмӕ сӕ цардӕн тӕс-саг нал у.

Къостайыхъæумæ æввахс бынæттон 51-аздзыд цæрæг, быдыры уалдзыгон куыстытæ кæнгæйæ, ссардта минæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ минæ раластой полигонмæ, цæмæй йæ скуынæг кæной. 

Горæт Цхинвалы 55-аздзыд цæрæг, йæ автомашинæ «Nissan Teana» скъæргæйæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ 8-æм июны уынгыл сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «Mersedes-Benz»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд горæттаг 39-аздзыд цæрæг. «Nissan Teana»-йы шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.