УÆЛАХИЗЫ БОН. БÆРÆГБОНЫ ИСТОРИ ÆМÆ ЙÆ АТРИБУТТÆ

Ныр 75 азы дæргъы Уæрæсейы æмæ раздæры ССР Цæдисы бæстæтæ-хайадисджытæ нысан кæнынц Уæлахизы бон. Фæлæ бирæтæ, уæлдайдæр та æрыгон адæймæгтæ, ницы зонынц бæрæгбоны ис-торийы тыххæй.

Историйы къабазы эксперттæ куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй 1945 азы 30 апрелы А. Гитлер йæхи кæй амардта, уый ссис æрæввахсуæвæг уæлахизы нысан. Фæлæ немыцаг æфсæдтæ не ‘рлæууыдысты æмæ, къорд тугкалæн тохты фæстæ, 2 майы Германи йæхи скапитуляци кодта. Капитуляцийыл къухтæ фыст æрцыдысты 1945 азы 9 майы. Афтæмæй нысан æрцыдис на-цистон Германыл Уæлахизы бон нысан кæ-ныны официалон бон. Уый ССР Цæдисы фехъусын кодтой радиойы.

Фыццаг хатт Уæлахизы бон бæрæг цы-дис æрмæстдæр 1945 азы 24 июны. Константин Рокоссовскийы командæйы бын Мæскуыйы организаци æрцыд парад, ССР Цæдисы æндæр горæтты та зæлыдысты бæрæгбонон салюттæ.

1947 азы Стыр Уæлахизы бон нысан кæ-нынимæ æппæт мадзæлттæ дæр аивта бæстæйы разамынад, ахæм хъуыды кæй уыдис, зæгъгæ, адæм хъуамæ баулæфой æмæ ферох кæной ацы тугæйдзаг азты. Уый тыххæй дзурæг сты иуæй-иу документтæ.

Æрмæстдæр 1965 азы, дыууын азы фæстæ, Советон Æфсады уæлахиз нымад æрцыдис иумæйаг адæмон бæрæгбоныл æмæ 9 майы горæтты цыдысты парадты, лæвæрдтой салюттæ.

Нæуæдзæм азты Советон Цæдис кæй ныппырх, уымæ гæсгæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы цытæн бæрæгбонтæ цасдæрбæрцæй æрнымæг сты, фæлæ 1995 азы  ауагъд æрцыдысты дыууæ парады. Иу – Сырх фæзуаты, иннæ та – Поклонная горайы бронетехникæйы хайадистæй. Цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалтыл æв-æрд цыдысты веноктæ. Цæмæй банкъарæм Уæлахизы боны циндзинад, уый тых-хæй æркæсæм цы вæййы ацы бæрæгбоны рæстæджы, уымæ.

САЛЮТТÆ УÆЛАХИЗЫ БОНЫ

Фыццаг хиаразгæ салют лæвæрд æрцыд 1943 азы 5 августы Орёл æмæ Нижний  Новгороды горæттæм хæстæг Советон æф-сæдтæ æнтысгæйæ размæ кæй абырстой, уый цытæн. Афтæ салюттæ систы традици æмæ нысан кодтой тохты Сырх æфсады æнтыстытæ.

Æфсад иттæг стыр салют радта Харковы, горæт сæрибар куы æрцыд, уæд. Ам спайда кодтой, æгæрстæмæй, нæмыгзгъалтæй дæр, кæцытæ æхстой арвмæ. Фæлæ ахæм эксперименты фæстæ бирæтæ хъыгдард кæй баййæфтой, уымæ гæсгæ дард-дæр салюты нæмыгзгъалтæ хайад нал истой.

Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, 1945 азы 9 майы та организаци æрцыд иууыл масштабондæр салют 1000 зенитон ифтонгады хайадистæй.

УÆЛАХИЗЫ ТЫРЫСА

Бæрæгбоны атрибуттæй ма сæ иу у Уæлахизы тырыса, кæцы ист æрцыд Рейхстаджы сæрæй. Парадты хайадисгæйæ уый сæрыстырæй фæфæйлауы, Сырх фæзуаты чи рацæуынц, уыцы салдатты сæрмæ.

ПАРАДТÆ УÆЛАХИЗЫ БОНМÆ

Æмæ, æппынфæстаг, бæрæгбонон па-рад йæхæдæг. Традицимæ гæсгæ, ацы бæ-рæгбонон мадзал уагъд фæцæуы Сырх фæзуаты. Ахæм уынаффæ фыццаг хатт райста Сталин. 1945 азы 22 июны уый радта æмбæлон бардзырд 24 июны Сырх фæзуаты парад ауадзыны тыххæй. Уæдæй фæстæмæ афтæ уагъд цæуы.

Фыццаг парады репетици кодтой мæй æмæ æрдæджы бæрц. Салдаттæ ахуыр кодтой минуты 120 къахдзæф æмдзæф кæныныл. Цæмæй фæстиуæг тагъддæр къухты бафтыдаит, уый тыххæй къахдзæф цас хъуамæ уа, уыцы дæрддзæгмæ хæххытæ арæзтой асфалтыл, аивæзтой-иу бæттæн-тæ бæрæг бæрзæндыл. Салдæттыл цы лакъæй сæрст цырыхъхъытæ уыдис, уыдон æрттывтытæ калдтой, сæ бынтыл цы цæфхæттæ хуыд уыдысты, уыдон асфалтыл къæрцц кодтой. Фыццаг парады рæстæджы уарыд къæвда. Хайад дзы райстой 40 мин адæймаджы бæрц.

ГЕОРГИЙЫ ЛЕНТÆТÆ

Фæстаг рæстæджыты Уæлахизы бон ны-сан кæныны символ ссис «Георгийы лентæ», кæцыйы ис дыууæ хуызы: сау – фæздæджы хуыз æмæ бурбын – зынджы хуыз. Йæ истори райдыдта 1769 азы, Екатерина II Уæлахизхæссæг Сыгъдæг Георгийы орден куы сфидар кодта, уæдæй. Советон дуджы лентæйы хонын райдыдтой «Гвардион» æмæ дзы хорзæхджын кодтой, чи фесгуыхт, ахæм салдæтты.

Уæлахизы боны лентæйы бафидар кæнынц дарæсмæ, йæ цардæй нын сæрибардзинад чи æрхастой, уыцы салдæтты мы-сын, хъыг сыл кæнын æмæ сын кад кæныны нысанæн.

Уæлахизы бон у ахæм бæрæгбон, кæцыйы никуы ферох кæндзыстæм!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.