«Цыппар æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыцы бинонтæн æрвылмæйон æхцайы бафыстыты тыххæй»

Бирæ сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы бинонтæн паддзахадон æххуыс фæтынгдæр кæныны нысанæн, уынаффæ кæнын:

1.2020 азы 1 январæй фидар æрцæуæд бафыстытæ цыппар æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыцы бинонтæн алы сывæллонæн дæр  1000 сомы (дарддæр – Бафыстытæ)

2.Нысангонд Бафыстытæ фидар цæуынц алы сывæллонæн дæр, кæцытæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад, æмæ йæ исдзæн иумæйаг ахуыргæнæндон каст фæуыны онг.

3.Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадæн хæсгонд æрцæуæд:

а) дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ уыцы Бафыстыты фæтк æмæ сæ æххæсткæнынад сбæрæг кæнын;

б) фидар æрцæуæд ацы Барамынд æххæсткæнынимæ цы финансон хæрдзтæ баст сты, уыдон сифтонг кæнын.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г.Цхинвал,

2020 азы 10 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.