Сæ тæмæны сты уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадон куыстытæ. Уазæгдоны арæзтад æнæмæнгхъæуæг кæй уыд нæ республикæйы, ууыл рагæй фæстæмæ цæуы дзырд. Раздæр дæр уазæгдон «Ирыстон» уыдис нæ горæты фидауцджындæр бæстыхæйттæй сæ иу.

Уый арæзт æрцыд 30-æм азты æмæ æрмæст йæ æддаг бакастæй дæр æхцондзинад истой горæты цæрджытæ. Æцæг, мидæгæй, хатæнты гæрæнтæ арæзт уыдысты хъæдæй æмæ дзуапп нæ лæвæрдта зынгсирвæзты æдасдзина-дæн дæр. Фæлæ базæронд, дзуапп нал лæвæрдта йæ домæнтæн æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй арæзт æрцæуа зæронд уазæгдоны бынаты ног, кæцы хъуамæ дзуапп дæтта нырыккон домæн-тæн. Æмæ ныр рæзы ног уазæгдоны бæстыхай нæ цæстыты раз.

Уазæгдон аразы арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Интурист-Алания». Бæстыхай уыдзæнис æртæуæладзыгон, монсардæимæ.

Арæзтады прораб Дедегкаты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй арæзтадон куыстытæ цæуынц банысангонд графикмæ гæсгæ. Кусджытæ сæ куыст райдайынц сæумæрайсомæй æмæ суанг изæрмæ нæ банымæг вæййы сæ хъæлæба. Кусджытæ баисты 38 бæрц. Уыдон сты сисамайджытæ, арматурщиктæ, бетонгæнджытæ. Тимур ма куыд загъта, афтæмæй иурæстæджы чысыл аззадысты фæс-тейæ куыстыты графикæй, уымæн æмæ дзы хъуыдис бирæ æфсæйнагæндадзæн куыстытæ бакæнын æмæ кусджытæн сæ фылдæр хай кодтой уыцы куыст. Ныр уавæр рараст. Кæронмæ амад фесты фыццаг уæладзыджы æддаг систæ. Ныккæнды арæзт цæуынц хатæнты гæрæнтæ. Уым уыдзæнис хæдзарадон хатæнтæ. Куыст цæуы инженерон хызæгтæ саразыныл. Уагъд æм цæуы электроны хахх.

Тындзынц кусджытæ арæзтадон объект агъуысты бын фæкæныныл, уымæн æмæ сын боныгъæд нырæй фæстæмæ сæ къух нырау нал араздзæн æмæ хъуамæ баконд æрцæуой æддагон куыстытæ, уагъд æм хъуамæ æрцæуа хъæрмад æмæ мæгуырау боныгъæдты та æнцад æнцойæ бакæндзысты ми-дæггагон куыстытæ. Арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг. Кусджытæ сæ куыстмызд райсынц рæстæгыл.

Объекты арæзтады фæзуат у 6 405 квадратон метры. Уыдзæнис дзы ресторан, бизнес-центр æмæ банджы хайад.

Афтæ, уæдæ цыппарстъалыджын уазæгдон йæ зæронд бынаты ногæй сфидаудзæн æмæ та нæ горæты  уазджыты цæстæнгас ногæй здахдзæн йæхимæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.