Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыныл æрæджы дæс азы кæй сæххæст, уый цытæн паддзахадон университеты бæстыхайы уагъд æрцыд цытджын æмбырд.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цытджын кусджытæн, дипломаттæн, УФ-йы Хуссар Ирыстоны минæварадты кусджытæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн арфæ ракодта Президент Бибылты Анатоли. Йæ ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ биноныг кæнынæн фæахъаз сты къорд цаутæ. Уыцы ахастытæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн, иуырдыгæй трагикон сты, аннæрдыгæй та йемыдзаг сты зæрдæрухсы цаутæй.  Трагикон уымæн у, æмæ суанг 1989 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны адæм сæхи уæлæ бавзæрстой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй бирæ хъизæмæрттæ.

«Уыдонæн  кæрон æрцыд 2008 азы августы. Бирæ фæлварæнтæ, бирæ тыхтæ, быхсындзинад, зондджындзинад равдисын бахъуыд Хуссар Ирыстоны адæмы, цæмæй æрхæццæ уыдаиккам уыцы бонмæ. Нæ адæм сæ разы цы нысан  сæвæрдтой, уый цæмæй сæ къухты бафтыдаид, уый тыххæй ныккалд бирæ туг.

Хуыцауы фæндæй, ныртæккæ мах цæрæм сабыр Республикæйы»,- дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Хуссар Ирыстоны зæххыл æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы ахсджиаг нысаниуæг. Уый, зæгъгæ, аразы æппæтдæр, цæмæй республикæ рæза æххæст гуырахстæй.

«Æддагполитикон архайды нын бантыст, æцæгдæр, бæрзонд æмвæзадыл æмархайд. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон хъуыддаг у.

Никарагуа, Венесуэллæ, Науру æмæ  Сирийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад нымад кæй æрцыд, уый дæр у РХИ æмæ УФ-йы æддагполитикон уагдæтты иумиаг архайды фæстиуæг», – дзырдта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ бæстæйы æддагведомствæйон уагдон æппæтдæр аразы, цæмæй аккагæй æвдыст цæуæм дунеон аренæйыл. Нæ дипломаттæ дæр фæсте нæ лæууынц, архайынц æндæр хæлар бæстæтимæ бастдзинæдтæ уæрæх кæныныл. Уæрæсейы проблемæтæ дæр, зæгъгæ, мах нымайæм нæхи проблемæтыл.

«Махæн иу нысан ис нæ рæзты фæндагыл, уый здæхт у Уæрæсейы ‘рдæм. Къухтæ цы бирæнымæц сразыдзинæдтыл æрфыстам æмæ бафысдзыстæм ноджыдæр ацы бæстæимæ, уыдон баст сты адæм æмæ бæстæйы рæзты хæрзæбонимæ»,- банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы кæрон паддзахады сæргълæууæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл 10 азы сæххæсты  цытæн зæрдылдарæн майдантæй схорзæхжын кодта Aæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къорд кусæджы.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн дипломатон ахастытæ фидаргонд кæй æрцыдысты, уый Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр схуыдта  нысаниуæгджын цау. Дыууæ бæстæйы  æддагполитикон уагдæтты хсæн дипломатон ахастытæ биноныг кæныны тыххæй нотæтæ кæрæдзимæ радтын ссис Уæрæсейы ‘рдыгæй нæ Республикæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддаджы кæройнаг этап. Уый Хуссар Ирыстонæн ссис ног дуджы райдиан, куыд йæ адæмæн, афтæ Кавказы политикон картæйыл цы ног бæстæ фæзынд, уымæн дæр.

«Уыцы ног дуг у сабыр фидæны, сабырад, æндидзынад, стабилондзинад, рæзт æмæ ныфсхастдзинады дуг»,- банысан кодта æддагведомствæйон уагдоны сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы ‘рдыгæй нымад куы ‘рцыд, уымæй дæс азы дæргъы райстæуыд 130 алыгъуызон сразыдзинæдтæ æмæ æндæр документтæ, кæцытæ ахъазгæнæг сты дыууæ бæстæйы æнгом æмахастытæн.

«Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы æгæрон æххуыс æмæ фарсхæцынадæн, аргъ кæнынц нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстадæн, дунеон аренæйыл нæ республикæйы позицитæ размæ кæныны хъуыддаджы бузныг стæм йæ фидар, æнæаивгæ позицийæн»,- дзырдта Димитр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл дæс азы сæххæсты  цытæн министрад сфидар кодта ведомствæйон хорзæхтæ. Уыцы хорзæхтæй министры фыццаг бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдысты: Сергей Лавров, Григори Карасин, Алексей Павловски æмæ Къарджиаты Эльбрус.

Уыцы кадджын хорзæхæй Медойты Димитр схорзæхджын кодта Джиоты Мураты дæр, кæцы   стыр хайбавæрд бахастас Уæрæсеимæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныны хъуыддагмæ.

Цытджын æмбырды хайадисджыты ма базонгæ кодта нæ бæстæтимæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл 10 азы сæххæсты цытæн УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы арфæйы фыстæгимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Тбилис бирæ азты цы  агрессивон политикæ кæй уагъта, уый Хуссар Ирыстоны адæмæн æндæр равзæрсты бар нал радта – æрмæстдæр хæдбар райрæзты фæндаг.

«Уæрæсе слæууыд Хуссар Ирыстоны бахъахъхъæныны фæндагыл, æмæ æппæтдæр сарæзта, уый тыххæй. Уæрæсе ноджыдæр аразы æмæ араздзæн æппæт уавæртæ дæр, цæмæйдæриддæр Хуссар Ирыстоны позицитæ размæ кæна дунеон аренæйыл»,- банысан кодта Кулахметов.

Мадзалы кæрон æвдыст æрцыд концертон программæ цæгатирыстойнаг ирон адæмон зарды  ансамбль «Уацамонгæ», хицæн зарæггæнджытæ Сланты Ацæмæз æмæ Гатыгкоты Нинæйы хайадистæй.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.