9-æм сентябры 10 азы сæххæст Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ арæзт куы æрцыдысты, уыцы боныл. Уыцы бон 2008 азы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат кæрæдзимæ грамотæтæ радтой Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

Хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæ

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæ бындуриуæг кодта уæрæсейаг хицауиуæгады æппæт къабæзты, бæстæйы æхсæнадон æмæ политикон зылдты, Уæрæсейы рæнхъон æмбæстæгты фарсхæцынадыл. Абон нæ бæстæты ахастыты бындур сты рæстæгæй æмæ фæлварæнтæй сбæрæггонд партнерон æмæ æмцæдисон бастдзинæдтæ, ахсджиагдæр æхсæнадон-политикон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл иууон ахастытæ. Къаддæр ахсджиаг нысаниуæг нæй Хуссар Ирыстоны чысылнымæц адæмы хъысмæты тыххæй Уæрæсейы къухдариуæгад  стыр бæрндзинад кæй хæссы, уымæн, кæцыты фылдæр хай сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ.

Дипломатон ахастытæ сфидар кæнын бæрæг цыд Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы логикæмæ гæсгæ. 2008 азы 26-æм августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй УФ-йы уæды Президент Дмитрий Медведевы Барамынд уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ ракодта ног æвæзадмæ – дыууæ хæдбар паддзахады æмархайды æмвæзадмæ.

2008 азы 25-æм сентябры къух æрфыстæуыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы фыццаг минæвар снысан кæныны тыххæй Барамындыл. Уый ссис Къарджиаты Эльбрус, кæцы 2008 азы 16-æм декабры  æууæнчы грамотæтæ æрбавдыста  РХИ-йы къухдариуæгадмæ. Уыцы рæстæджы УФ-йы премьер-министр уæвгæйæ, Владимир Путин рауагъта директивæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварад саразыны тыххæй. Йæхи къахдзæф сарæзта Хуссар Ирыстон дæр. Уæрæейы Федерацийы РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Медойты Димитр 2009 азы 13-æм январы нысан æрцыд Уæрæсейы нæ бæстæйы фыццаг минæварæй. Хуссарирыстойнаг минæвар æууæнчы грамотæ радта Уæрæсейы Президент Дмитрий Медведевмæ 2009 азы 16-æм январы.

Дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фыццаг бонæй фæстæмæ уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг дипломаттæ активонæй кусынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæейы Федерацийы ‘хсæн дыууæфарсон бастдзинæдты рæзтыл æмæ сфидардæр кæныныл.

2008 азы 17-æм сентябры Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй Бадзырдыл. Дыууæфарсон ахастыты бадзырдон-барадон базæ конд у 100 фылдæр дыууфарсон бадзырд æмæ сразыдзинадæй, кæцытæ æххæссынц практикон æгъдауæй республикæйы цардархайды æппæт фадгуытыл.

2015 азы 18-æм марты къухтæ æрфыстæуыд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй ног Бадзырдыл. Бадзырд у бындурон УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн этапгай уæлдай æнгомдæр æмгуыстад сфидардæр кæныны тыххæй, республикæйы паддзахадон суверенитет бахъахъхъæнгæйæ. Бадзырд арæзт æрцыд 25 азы æмгъуыдмæ, уый фæстæ дæсгай азты рæстæгмæйæ адарддæр кæныны фадатимæ.

 

Даргъæмгъуыдон перспективæйы Ба-дзырдæй арæзт æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастыты формат, кæцы бæрæг кæны дыууæварсон ахастыты æввахс характер, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады иугонд тыгъдад сараз-гæйæ. Уый у дыууæ паддзахадты ‘хсæн æнгом интеграцийы, бæрзонд æууæнкдзинады æвдисæн.

Ацы сразыдзинадмæ гæсгæ нæ бæстæтæ уадзынц æддагон политикæ, кæцы хынцы æмгуыстады алыгъуызон фадгуыты фæрсты интерестæ, Кавказы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Уæрæсейы Федераци йæхимæ исы Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæна-дæмон бастдзинæдты рæзтæн ахъаз кæныны хæстæ, уыцы нымæцы йын йæ хæдбардзинад официалонæй чи банымадта, уыцы бæстæты нымæц фæуæрæхдæр кæнын. Ацы уагæ-вæрды реализацийы æнтыстдзинады ноджы  иу цæвиттон у РХИ-йы суверенитет Сирийаг Арабаг Республикæ кæй банымадта, уый дæр.

Бадзырды практиконæй æвдыст æрцыд   нæ бæстæйы æдасдзинады æмæ  социалон-экономикон рæзты хæсты æппæт комплекс.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты вектор æмæ динамикæ бирæбæрцæй бæрæг кæнынц дыууæ лидеры – УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Президент Бибылты Анатолийы уæлдæр æмвæзады регулярон фембæлдтытæ. Активонæй фембæлдтытæ уагъд цæуынц хъахъхъæнынады, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ культурæйы фадыгон министрадтæ æмæ ведом-ствоты æмвæзадыл. Фæлæ нæ бæстæты æмæ адæмы æмархайды фарстытæ нæ фæуд кæнынц æрмæст ведомствойон кабинетты. Хуссар Ирыстоны кусынц уæрæсейаг специалисттæ, кæцытæ æххуыс кæнынц къухдариуæгады фадыджы рæзтæн, кæрæдзиимæ ныхас кæнынц æхсæнгоймагон æмвæ-задыл. Æнæмæнгхъæуæг у банысан кæнын  хицæн комплексон «десантты». Æрæджыйы цæвиттон: уæлдай тасдзинæдты ирвæ-зынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады центр «Лидер»-ы специалисттæ  радон хатт республикæйы территориты асыгъдæг кодтой минæтæй, фæцис цæрджыты диспанеризаци, кæцыйы сорганизаци кодтой Уæрæсейы федералон медикон-биологон агентады медиктæ.

Хицæн ахсджиаг здæхт – бæстæйы социалон-экономикон фадыджы рæзты, хæсты рæстæджы ныппырхгонд инфраструктурæйы æндидзынады Уæрæсейы æххуыс. Æрæджы радон хатт фæфылдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон фадыджы кусджыты  куыстмызд.

Ныртæккæ æппæт мадзæлттæ дæр реализаци цæуынц, нæ бæстæты ‘хсæн стратегион, партнерон  ахастыты къабазы  Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дипломатон минæварадты активон хайадистæй. Цхинвалы архайы уæрæсейаг минæварад, æмæ Мæскуыйы та – хуссарирыстойнаг дипломатон минæварад.

ИСТОРИОН ФÆДФÆДЫЛОНДЗИНАД

Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дипломатон ахастытæ ноджыдæр адарддæр кодтой нæ адæмты ‘хсæн æввахс æмæ дæргъвæтинрæстæгон бастдзинæдтæ сфидар кæныны историон курс. Кæрæдзимæ æрбаввахсы бындур æрмæст геополитикон фактортæ нæ уыдысты, фæлæ ма иумиаг диныл  кæй æууæндæм, уый дæр. Уæрæсе æмæ Ирыстоны ‘хсæн бастдзинæдтæ саразыны хъуыддаджы фыццæгтæ чырыстон аргъуаны кусджытæ хуымæтæджы нæ уыдысты.

1742 азы, ноябры архиепископ Иосиф æмæ мæскуыйаг Знаменскы моладзандоны архимандрит Николай императрицæ Елизавет Петры чызгмæ арвыстой фыстæг, цыран  домд-той ирон адæмы чырыстон уырнынадмæ æмæ уæрæсейаг хицауады дæл-бармæ ба-кæнын. Уыцы рæстæджы императрицæ  йæ  барамындæй  Фæсарæйнаг  хъуыддæгты коллегийæн бахæс кодта, цæмæй  Ирыстоны тыххæй сарæзтаид æххæст доклад, Уæрæсейы цы фарстатæ цымыдис кæнынц, уыдон се ‘ппæт дæр сахуыр кæнгæйæ.

Коллегийы сæргълæууæг канцлер Бестужев-Рюмин, «ирон хъуыддаг» раиртасгæйæ,  бацæттæ кодта доклад Ирыстоны тыххæй, цыран банысан кодта, Уæрæсейæн ахсджиаг цы уыдысты, уыдон: ирæттæ  сæрибаруарзаг адæм сты, никæй дæлбар сты æмæ Уæрæсемæ дæр хорз зæрдæ дарынц.

Уыимæ иумæ ма Петербургы банымадтой, зæгъгæ, уавæр сахуыр кæнын хъæуы бынаты. 1745 азы февралы сæрмагондæй арæзтæр-цæуæг Ирон духовон къамис Мæскуыйæ араст Ирыстонмæ, цасдæр рæстæджы фæс-тæ къамисы уæнгтæ архимандрит Пахомий, игументæ Христафор, Николай æмæ иеромонах Ефрем Санкт-Петербургмæ æрхастой сæрмагонд фыстæг.

Дины службæгæнджытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, «Ирæттæ сты хæстон адæм æмæ уарзынц хорз хæцæнгæрзтæ, лæггад кæнын-мæ сты уæрæсейаг адæмæй хуызæр, сæ сæйраг адæймæгты тынг фæнды Уæрæсемæ æрцæуын æмæ Йæ императорон Бæрзонддзинадæн сæрæй ныллæг акувын».

Æнгæс реляцитæн сæ бон нæ уыд, Уæрæсейы цæгат столицæйы хæрзвадат уавæр ма сарæзтаиккой, æмæ 1746 азы 15 июлы императрицæ Елизавета радта барамынд Петербургмæ ирон минæвæртты æр-хоныны тыххæй. О, фæлæ ирон минæвæрттæ Петербургмæ араст сты  æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ, уымæн æмæ сын бирæ ныхдуртæ уыд, уыцы  ныхдуртæн æрмæст организацион характер нæ уыд. Ирыстон æмæ Уæрæсейы бастдзинад  уыд Турчы, Персы æмæ Хъырымы ханствойы интересты ныхмæ. Уыдон тынг карзæй лæууыдысты, Уæрæсе-мæ Цæгат Кавказы адæмты æрбаввахсы ныхмæ. Ацы бастдзинады ныхмæ уыдысты скæсæн æмæ ныгуылæн Гуырдзыстоны марионетон провинцитæ – Турк æмæ Персы вассалтæ, иуæй-иу кæсгон феодалтæ, кæцытæ тырныдтой сæ æндæвдад Ирыстоныл аппарахат кæнынмæ.

Куыдфæндыйæ дæр, 1748 азы зымæджы кæрон, ирон минæвæрттæ, кæцыты сконды уыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр, араст сты дард фæндагыл æмæ иу мæймæ ныхæццæ сты Невæйы донбыл-гæронмæ. Ам, ирон æххæстбарджын минæ-варад де-фекто æххæст кодта Уæрæсейы æдзух архайæг Ирыстоны дипломатон минæ-варады функцитæ.

Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы уагъд цыдысты бадзырдтæ, кæцыты вазыгджын кодтой гуырдзиаг фарсхæцджыты интригæ-тæ, кæцытæ уæвынад кодтой империйы цæгаттаг столицæйы.

Архайдæуыд, ирон минæвæртты легитимондзинадыл дызæрдыг кæныны тыххæй. Хъуыддаг уыйонг бахæццæ, æмæ гарзджын бабырст уыд, Ирыстоны минæвæрттæ цы хæдзары цардысты, уырдæм.

Фæлæ историон æгъдауæй æрцæуæн цæмæн ис, уый нæ баиргъæвдзысты искæйы цæлхдуртæ æмæ интригатæ. Цыбыр рæстæгмæ ирон миссийы уæнгтæн официалон химæрайст уыд императрицæйы номæй æмæ хайадистæй. Елизавета Петры чызг цытимæ райста минæвæртты, «бæрзондмонархон лæггады» ныфс сын бавæргæйæ.

Уæрæсейы ирон минæвæртты дипломатон миссийæн стыр нысаниуæг уыд нæ адæмы ‘хсæн. Ирон минæвæрттæн сæ къухы бафтыд Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æнгом дипломатон ахастытæ саразын æмæ фæндаг бакодтой дыууæ æфсымæрон адæмты ‘хсæн дарддæры ахастытæн. Ныр Ирыстон Уæрæсейы руаджы райста цардбæззон тыгъдад, чи нæ хъахъхъæны, ахæм бæстæ, Уæрæсейæн та Ирыстон у æмдин æмæ иузæрдион цæдисон, йæхицæн стратегион æгъдауæй ахсджиаг регионы, Европæ æмæ Ази кæм иу кæнынц, уым.

Абон стыр бæрндзинадимæ зæгъæн ис, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад у, Санкт-Петербурджы Ирыстоны минæварады историон бынтыл арæзт, æмæ цытимæ дарддæр кæны нæ фыдæлты минæвæрттæ цы стыр фæндаг айгæрстой, уый.

Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис уый, æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады фæстæ,  2008 азы 9 сентябры дыууæ паддзахады ‘хсæн цы дипломатон ахастытæ арæзт æрцыд, уыдон ноджы иу бæлвырдгæнæн сты, Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсейы Федерацийы фарсхæцынад æмæ æххуысæн.

Нæ бæстæйы адæм стыр аргъ кæнынц æмæ бузныг сты, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн цы æххуыс кæны, уымæн, афтæ ма йын йæ позици дунеон аренæйы размæ кæнын æмæ Кавказы сабырдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн.

Хъуылымбегты Роберт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.