Ӕрӕджы Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бацыд Централон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕмӕ йӕ гӕххӕттытӕ бадӕтта президентон ӕвзӕрстытӕм кандидатӕй срегистраци кӕнынмӕ. Уӕрӕсейы Федерацийы президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 2024 азы 15-17 марты. Уымӕй размӕ ма 16 декабры Мӕскуыйы ӕвзарджыты инициативон къорды ӕмбырды дӕр Владимир Путины раразмӕ кодтой кандидатӕй президентон ӕвзӕрстытӕм. Хайад дзы райстой зынгӕ адæм, бӕрнон кусджытӕ, разамонджытæ, куыд Андрей Турчак, Сергей Миронов, Гергиты Валери ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Путин ӕвзӕрстытӕм кӕй цӕуы, уый не ‘мбӕстӕгтӕн хорз хабар у, ныгуылӕн бӕстӕтӕн та – арвы цӕфау. Зеленский Украинӕйы президентон ӕвзӕрстытӕ хӕстон уавӕры æфсон кæй аивта, уый Ныгуылӕн растыл нымайы. Фӕлӕ Путин кандидатӕй кӕй цӕуы президентон ӕвзӕрстытӕм, уый тыххӕй та дунейы ӕхсӕнадæн уырнын кӕнынц, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы президентон ӕвзӕрстытӕ халынц ӕппӕт закъӕттӕ ӕмӕ сӕ нӕ хъӕуы нымайын. Рагацау та дзурынц, ома та Путин фальсификацийы фӕрцы рамбулдзӕн, зæгъгæ.

Ныридӕгӕн уӕрӕсейаг цӕрджытӕн номхуындæй æрмæст Путин у æууæнчы аккаг, ныфсы мæсыг ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр уа Уӕрӕсейы Федерацийы сӕргълӕууӕг. Зынгӕ кинорежиссер Никита Михалков Путины рахуыдта «дунейы политикӕйы иунӕг хъомысджын лидер». «Путины фӕрцы нӕ бӕстӕ уӕззау санкцитӕн сфӕрӕзта, не знӕгты фӕндиаг нӕ фестӕм. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, не ‘мбӕстӕгты фылдӕр хай кӕй сты Путины фарсмӕ. Йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон кӕнӕ ӕдылытӕ сты, кӕнӕ та сты Уӕрӕсейы знӕгтӕ».

Америкӕйаг The New York Times хъынцъымгӕнгӕ фыссы, зӕгъгӕ, Путин ӕнӕмӕнг рамбулдзӕн президентон ӕвзӕрстыты. Ахӕм хъуыдыйыл лӕуд у информацион агентад Reuters дӕр, Путинӕн ныридӕгӕн нӕй аккаг конкурент: «Уӕрӕсейы цӕрджыты 80 проценты сӕ хъӕлӕстӕ ратдзысты Путинӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ уынынц, раздӕримӕ абаргӕйӕ сæ бæстæйы кӕй ис фӕтк, размӕцыд, Уӕрӕсе фӕстӕмӕ кӕй ссис хъомысджын паддзахад. Ныгуылӕн бӕстӕты фӕндыд Уӕрӕсейы басӕттын хӕсты быдыры æмæ уæд уæрæсейаг оппозицийы фӕрцы раппӕрстаиккой Путины. Фӕлӕ сӕ фӕндтӕй иу дӕр не сӕххӕст».

Советон Цӕдисы ныппырхы фӕстӕ уӕрӕсейæгты стыр ныфсытӕ уыд ныгуылӕн бӕстӕтӕй. Афтӕ сӕм каст, цыма хуыздӕр цӕрын райдайдзысты, тайдзысты ӕмӕ сыл райдзысты фӕсарӕнты, знаджы цӕстӕй сӕм ничиуал кӕсдзӕн, Уӕрӕсе бахиздзӕн Евроцӕдисы скондмӕ. Фӕлӕ уыцы бæллицтæ бӕллицтӕй баззадысты. Ныгуылӕн бӕстӕтӕн Советон Цӕдисы ныппырх фаг нӕ уыд – фӕндыд сӕ, цӕмӕй Уӕрӕсейы Федераци ноджы ныддихтӕ уыдаид. Ӕмӕ цас фылдӕр хайыл, уыйбӕрц хуыздӕр.

90-ӕм азты ныгуылӕн бӕстӕты минӕвӕрттӕ «байдзаг» сты Уӕрӕсейы алыгъуызон ӕнӕкоммерцион организациты хуызы ӕмӕ ӕндӕвтой ӕппӕт цӕуӕг процесстыл. Суанг ма Федералон ӕдасдзинады службӕйы куыстыл дӕр ӕндӕвтой. Комкоммӕ зӕгъгӕйӕ, Ельцины рӕстӕджы Уӕрӕсейы Федераци хӕдбар паддзахад нӕ уыд, фӕлӕ уыд АИШ-ы колони. Цыдӕриддӕр нӕм ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдтӕ уыд, уыдон лӕварӕй ластой сӕхимӕ, ныппырх кодтой экономикӕ, раууатмӕ ӕркодтой Ахуырад ӕмӕ Ӕнӕниздзинады министрадты. Иунӕг уӕрӕсейаг претензимӕ дӕр никуы байхъуыстой, ома мах уӕлахиздзаутӕ стӕм ӕмӕ сымахӕн дзырды бар нӕй. Се ‘нӕуынондзинад иууыл ӕргомдӕрӕй равдыстой, Югославийыл бомбӕтӕ калын куы райдыдтой ӕмӕ йӕ стӕй куы ныддихтӕ кодтой, уӕд.

Путин куы слӕууыд Уӕрӕсейы сӕргъ, уӕд ӕй фӕндыд ныгуылӕн бӕстӕтимӕ хорз ахастытӕ саразын. Агуырдта амӕлттӕ семӕ бадзурынӕн, хатыр сын кодта се схъӕл митӕ, фӕлӕ йӕ мурмӕ дӕр нӕ дардтой. Уӕд сын Путин бамбарын кодта, ома Уӕрӕсейӕн ис национ интерестӕ ӕмӕ сӕ алы паддзахад дӕр хъуамӕ хынца йӕ политикон къахдзӕфты рӕстӕджы. Афтӕмӕй Путин ссис ныгуылӕн бӕстӕты цыфыддӕр знаг. Уӕлдайдӕр та 2014 азы Хъырымы ӕрдæгсакъадах Уӕрӕсейы скондмӕ куы ‘рбахызт, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Ныгуылӕн бӕстӕты кой куы фӕкӕнӕм, уӕд дзырд фӕцӕуы АИШ-ыл. Уымӕн ӕмӕ европӕйаг бӕстӕтӕн Уӕрӕсейы ‘рдӕм нӕй сӕхи хӕдбар политикӕ, ӕххӕст кӕнынц сӕ «хицауы» бардзырдтӕ. Æниу, Европæйæн хæдбар политикæ рагæй нал ис…

1998 азы зынгӕ америкӕйаг политик Джордж Кеннан дзырдта, зӕгъгӕ НАТО-йы ауӕрӕх кӕнын хурыскӕсӕнырдӕм у рӕдыд къахдзӕф ӕмӕ фидӕны АИШ фӕфӕсмон кӕндзӕн. Уӕды рӕстӕджы АИШ-ы разамынады афтӕ тынг уырныдта Уӕрӕсейы дарддӕры ныппырх, ӕмӕ сӕм ахӕм ныхӕстӕ худӕгау кастысты. Уымӕй уӕлдай егъау ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн кодтой информацион ресурстӕн, цӕмӕй Уӕрӕсейыл цъыф калой, хоной йӕ иууыл ӕвзӕрдӕр паддзахад, йӕ разамынады йын чъизи кӕной. Ахӕм ӕлгъаг пропагандӕйы фӕстиуӕгӕн ныгуылӕн бӕстӕты цӕрджытӕ абоны бон Уӕрӕсейы ӕнхъӕлынц хӕрамдзаст паддзахад, йӕ цӕрджыты та – хъӕддӕгтӕ.

Дзыллон информацийы фӕрӕзты бон бирӕ у. Америкӕйаг журналист цалдӕр азы размӕ ныццыд Иранмӕ ӕмӕ дисы ныххауд. Уый афтӕ ӕнхъӕлдта, цыма уынгты фендзӕн тызмӕг адӕмы, уыдзӕн дзы бирӕ мӕгуыргуртӕ, сылгоймӕгтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр хиджабты. Фӕлӕ дзы федта худгӕбыл адæм, рӕсугъд сылгоймӕгты ӕнӕ хиджабтӕй, зӕрдӕмӕдзӕугӕ арӕзтӕдтӕ. «Мах иууылдӕр стӕм дзыллон информацийы фӕрӕзты амӕттӕгтӕ», – фыста фӕстӕдӕр журналист.

Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ныгуылӕн бӕстӕты глобалон стратеги Уӕрӕсейы ‘рдӕм нӕ ивы ныр цалдӕр ӕнусы дӕргъы. «НАТО куыддӕриддæр уӕрӕх кӕны хурыскӕсӕнырдӕм, растдӕр афтӕ архайдтой Наполеон, кайзер Вильгельм ӕмӕ Гитлер дӕр. Англосаксты рагон бӕллиц у, цӕмӕй Уӕрӕсе фесӕфа дунейы картӕйӕ ӕмӕ суой иунӕг хицӕуттӕ. АИШ-ы территорийыл 1865 азӕй фӕстӕмӕ хӕстон архайдтытӕ никуыуал цыдысты ӕмӕ йӕ нӕ зонынц, хӕст цы у, уый. Ома, сӕхиуыл никуы бавзӕрстой блокадӕ, ӕххормагдзинад, концентрацион лагертӕ, милуангай зиӕнттӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын ӕнцон у хӕсты кой кӕнын, искӕй разӕнгард кӕнын хӕстмӕ, ӕхсӕнгарзӕй ифтонг кӕнын. Европӕйаг политикӕ ныридӕгӕн ис кризисы, нӕй сæм, сӕ национ интересты фӕдыл чи сдзура, ахæм аккаг политиктæ.

Уымӕн ӕвдисӕн вӕййы æрвылазон Мюнхенаг конференци ӕдасдзинады фӕдыл. Уым ӕрӕмбырд вӕййынц ныгуылӕн политиктӕ ӕрмӕстдӕр Госдепӕй хӕслӕвӕрдтӕ райсынæн», – банысан кодта Патрушев.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

P.S. Путин цыппар хатты фӕуӕлахиз президентон ӕвзӕрстыты. 1999 азы 31 декабры Борис Ельцин барвӕндонӕй ацыд президенты бынатӕй ӕмӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕрхаудта Владимир Путинмӕ. Фӕстӕдӕр 2000 азы 26 марты ӕвзӕрстыты Путин фӕуӕлахиз – райста 52 проценты фылдӕр. Уый фӕстӕ ӕвзӕрстыты 70 процентæй къаддӕр никуыуал райста. Ныр дӕр экспертты прогнозтӕм гӕсгӕ Путин райсдзӕн 70 процентæй уӕлӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕстӕгтӕ райгонд сты бӕстӕйы разамынадӕй. Хуссар Ирыстонӕн дӕр Путины рамбылд хӕрзиуӕг уыдзӕн, нӕ фидӕн комкоммӕ баст у Уӕрӕсейы къухдариуӕгады къахдзӕфтимӕ. Стӕй Путин рӕстдзинадыл тохгӕнӕг у ӕмӕ дзы нацисттӕ ӕмӕ алыгъуызон хӕстмондаг политиктӕ тынг тӕрсынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ сыхаг бӕстӕйы тугмондаг фашисттӕй ничи бауӕнддзӕн ног хӕстон архайдтытӕ сцырен кӕнынмӕ.    

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.