Хъахъхъæнынады министрады хыгъдон коллегийы дæр фæстиуджытæ арæзт æрцыд 2019 азы ведомствойы бакæнгæ куыстæн.

Мадзалы райдианы æрæмбырдуæвджытæ бакастысты видеороликмæ министрады куысты сæйрагдæр здæхтыты, Хуссар Ирыстоны æфсæддон инфраструктурæ хуыздæр кæныны, æрсидтон компанийы, мобилизацион процессты, афтæ ма ведомствойы материалон-техникон базæ хуыздæр кæ-ныны тыххæй.

Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2019 аз уыд нысаниуæгджын куыд материалон-техникон базæ хуыздæр кæныны, афтæ Уæрæсейы Федерацийæ сæ коллегæтимæ æнгом æмгуыстады хъуыддаджы дæр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы гарзджын тыхтæ хъуамæ цæттæ уой сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ведомствойы службæгæнджытæ хыгъдон рæстæджы сæхи рæвдыстой тынг хорз.

Министр куыд загъта, афтæмæй уыдон бахъахъхъæдтой ведомствойы хæстон дæлхай – Мулдарты Зелимы номыл спецназы батальон. «Уый та бахъахъхъæд æрцыдис Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатолийы æппæтфарсон æххуысы руаджы», – загъта Гассеты Ибрагим æмæ ма фехъусын кодта, Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ батальонмæ лæвæрд кæй æрцæудзæн хæстон тырыса.

Сæ дæлхæйтты архайды тыххæй докладтæ бакастысты министры хæдивджытæ æмæ дæлхæйттыл командæгæнджы-тæ.

Хъахъхъæнынады министрады хыгъдон коллегийы хайад райстой РХИ-йы Пре-зидент Бибылты Анатоли, Хицауады сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Паддзахады сæргълæууæг йæ раны-хасы банысан кодта, зæгъгæ, докладты цы цухдзинæдтыл дзырдæуыд, уыдоны хъæ-уы аиуварс кæнын.

«Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад сты нæ паддзахады архайды приоритетондæр здæхтытæ. Хæстон цæттæдзинад хъуамæ дзинæдтыа тыхджындæр. Хæстон цæттæдзинады гъæд та кæнгæ у дæлхæйттыл командæгæнджытæй. Уе службæйы бындур хъуамæ уой патриотизмы æнкъарæнтæ», – загъта Президент.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæйы Гарзджын тыхтæ намысджынæй æххæст кæнынц сæ хæстæ. Райгондæй баззад уæрæсейаг коллегæтимæ æмархайдæй æмæ æрсидт, цæмæй æмгуысткæнынад дарддæр дæр тыхджындæр кæна.

Мобилизацийы тыххæй дзургæйæ, Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, алчидæр хъуамæ дырысæй бамбара, цы бæрндзинад ыл æвæрд цæуы, уый æмæ æрсидт районты администрациты сæргълæуджытæм, æфсæддон къамиссариаттæм, æппæт дæлхæйтты бæрнджынтæм, цæмæй 2020 азы сорганизаци кæной мобилизацион цæттæдзинад.

Йæ раныхасы кæрон паддзахады сæргълæууæг алкæмæндæр загъта бузныг се службæйы тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ, æнæниздзинад.

РХИ-йы Президент æмæ

 Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.