ÆХСÆНАДОН ПАЛАТÆ РАГÆЙ НÆУ РАЗЫ «ЭЛЕКТРОЦИНЧЫ» АРХАЙДÆЙ

Цӕгат Ирыстоны Ӕхсӕнадон палатӕйы уӕнгтӕ, Нинӕ Чиплаковайы сæргълæудæй, афтӕмӕй сӕ радон ӕмбырды цы фарстатӕ ӕвзӕрстой, уыдонӕй фылдӕр ӕргом аздӕхтой завод «Электроцинчы» лыггӕнинаг хъуыддӕгтӕм.

РЦИ-Аланийы Ӕхсӕнадон палатӕйы уӕнгтӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ,  25 октябры металлургион куыстуат сӕхгӕныны тыххӕй Парламенты депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй цы уынаффӕ рахастой ӕмӕ федералон алы къабӕзты разамонджытӕм, сӕ сӕргъы Уӕрӕсейы Федерацийы генералон прокурор Юрий Чайкамӕ цы куырдиат ныффыстой, уый у ӕнӕмӕнг баххӕстгӕнинаг. 21 октябры ӕхсӕвы заводы электролизы цехы цы зынгсирвӕзт ӕрцыд, уый ахӕлиу 4,5 мин квадратон метры фӕзуатыл. Йӕ хуыссын кӕнгӕйӕ фӕмард ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады кусӕг Александр Ермаков, фыдбылызы ма бахаудысты дыууӕ зынгхуыссынгӕнӕджы.

Уыцы хъуыддӕгты тыххӕй Уӕрӕсейы Федерацийы слестгӕнӕг комитет байгом кодта уголовон хъуыддаг, республикӕйы цӕрджытæ 22 октябры рацыдысты митингмӕ завод «Электроцинк» сӕхгӕныны домӕнтимӕ. Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ, ӕнӕмӕнг, хъуамӕ ӕвдыст ӕрцӕуой алы домӕн ӕмӕ куырдиаты дӕр.

Алфӕмбылай ӕрдзӕн завод «Электроцинк» цы знаггад хӕссы, уымӕ 2011 азӕй фӕстӕмӕ иудадзыг йӕ цӕст дары Цӕгат  Ирыстоны Ӕхсӕнадон палатӕ. Мӕскуыйы алы ӕмбырдты ӕмӕ республикӕйы дӕр Ӕхсӕнадон палатӕйы уӕнгтӕ ӕдзух дзырдтой ацы куыстуаты знаггадхӕссӕг фарстаты фӕдыл. Заводы разамындимӕ сарӕзтой бадзырд дӕр, цӕмӕй уыдон бацархайой алфӕмбылай ӕрдз ма чъизи кӕныныл, фӕлӕ зӕрдӕ цы хъуыддӕгтӕй бавӕрдтой, уыдонӕй бирӕтӕ ӕххӕстгонд нӕ цыдысты. Æхсӕнадон палатӕйы иумӕйаг хъуыдымӕ гӕсгӕ, завод сӕхгӕныны фарста ӕрмӕст экологион нӕу, фӕлӕ райста политикон хуыз ӕмӕ йӕ ӕрмӕст ӕвиппайды ӕнкъарӕнтӕй нӕ хъӕуы лыг кӕнын, фӕлӕ архайын хъӕуы ӕмзонд ӕмӕ бӕлвырд ӕвдисӕнтӕй. Завод «Электроцинчы» дарддӕры архайды тыххӕй республикӕйы цы сӕрмагонд къамис арӕзт ӕрцыд, уымӕ конд ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстоны Ӕхсӕнадон палатӕйы сӕрдар Нинӕ Чиплакова, йӕ хӕдивджытӕ Бирӕгъты Юри ӕмӕ Ӕлборты Иван. Къамисы сӕйраг хӕс у, цӕмӕй завод «Электроцинчы» архайд бынтондӕр хаст ӕрцӕуа Цӕгат Ирыстонӕй. Уымӕн та ӕрӕмбырд кӕнын хъӕуы дӕсны специалисттӕ экологийы, медицинӕ ӕмӕ юриспруденцийы ӕгас Уӕрӕсейӕ, куы бахъӕуа, уӕд та дунейӕ дӕр ӕмӕ уыдон хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной ахӕм ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй сӕм тӕрхондон ӕркӕса ӕмӕ рахӕсса раст тӕрхон.

Къамисы куысты архайдмӕ фӕхӕццӕ кодтой сӕ хъуыдытӕ Ӕхсӕнадон палатӕйы уӕнгтӕ дӕр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.