Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Фыдыбæстæйон хæсты «Хуссар Ирыстоны адæмы уæлахизы 10 азы сæраппонд» майданæй схорзæхджын кодта республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты æмæ РХИ-йы Администрацийы кусджыты.

Хорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд УФ РХИ-йы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты сæраппонд æмæ РХИ-йы боны цытæн, кæцытæ нысан æрцыдысты 26 августы æмæ 20 сентябры.

Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта сæ фæстиуæгджын куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, се ‘рвылбонон куыстæй уыдон æвдисынц уарзондзинад сæ райгуырæн зæхмæ.

«Сымах бирæ хъарутæ хардз кæнут Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ дидинæфтыды, йæ хорз фидæны сæраппонд. Æз растыл банымадтон, фыццаджы уал кондадон фадыджы кусджыты схорзæхджын кæнын, нæ республикæ нын рæсугъддæр чи кæны, уыдон сразæнгард кæнын. Абон мæ фæнды аргъ скæнын уæ архайадæн дæр», – загъта Президент.

Æрæмбырдуæвджытæн Бибылты Анатоли загъта æвидийгæ хъару хорз æнкъарæнты фæндиæгтæ, цæмæй сын РХИ-йы фæрныгадæн фарстатæ скъуыддзаг кæныны куыст хæсса æрмæстддæр æхцондзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.