(Поэт Ходы Камалы райгуырдыл сæххæст 80 азы)

«Камал разагъды лæг у. Йæ бон у Ир æмæ æндæр адæмты ‘хсæн æрлæууын æмæ ныхас зæгъын. Зоны, кæм цы зæгъын хъæуы, уый дæр. Йæ бон у ирон фынгыл хистæр уæвын дæр æмæ «оммен» кæнын дæр, куы бахъæуа, уæд та зарын дæр. Уыдон æмткæй сты поэт æмæ лæджы æууæлтæ…» – фыста Ходы Камалы тыххæй рухсыбадинаг Джыккайты Шамил.

Иттæг раст ныхæстæ загъта Шамил, фæлæ, хъыгагæн, уыцы хорз миниуджытæ кæнын абон Камалæн фæзын, дæргъвæтин рæстæг æнæфæразгæ кæй хæссы, уый аххосæй. Фæлæ йæ нæ рох кæнынц ирон адæм, йæ иузæрдион чиныгкæсджытæ.

Национ наукон библиотекæйы 29-æм январы арæзт æрцыд зындгонд поэт, прозаик, драматург, критик, публицист, тæлмацгæнæг, Ирыстоны адæмон поэт, Къостайы номыл премийы лауреат, Фысджыты цæдисы раздæры сæрдар Ходы Камалы 80 азы юбилейон бæрæгбон. Æмæ, хъыгагæн, йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ кæд æрбацæуын йæ бон нæ бацис, уæддæр хорз бацархайдтой изæры организатортæ. Бæрæгбонмæ æрба-цыдысты Камалы æмсис æмбæлттæ, æхсæнадон архайджытæ, ахуырдзау фæсивæд… 

Изæр байгом кодта газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис æмæ радзырдта Камалы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

«Ходы Камалы юбилей  стыр бæрæгбоныл нымад  у Ирыстоны. Йæ поэтикон сфæлдыстад зынгæ бынат ахсы ирон дзырдаивады мидæг. Сыгъдæгзæрдæ æмæ уæздан адæймаг, курдиатджын поэт æмæ йæ æнувыд æхсæнадон кусæгæй зонынц Ирыстоны дзыллæ. Йæ цард æмæ йæ куыст фæзминаг сты сфæлдыстадон фæсивæдæн. Йæ поэзи у дуджы айдæн – ирдæй дзы зынынц рæстæг, цард æмæ æхсæнады сагъæстæ, цинтæ, бæллицтæ æмæ хъынцъымтæ», – загъта Барис.

Камал бирæ нæ ныффыста, фæлæ стыр æвæрæн бахаста нæ литературæмæ. Цы фараст чиныджы йын рацыд: «Цæхх æмæ кæрдзын», «Æрттигъ», «Бонвæрнон», «Кар», «Урс цæхæртæ», «Мыртæ», «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц», «Балсæджы цалх» æмæ «Ном», уыдон дæр гуырахстджын не сты, фæлæ сæ кæсгæйæ адæймаг поэзийы бæрзæндтæм атæхы. Ууыл уыд сæ ныхас Камалы хæлæрттæ Цыбырты Людвигæн, Дзасохты Музаферæн, Агънаты Гæстæнæн, Гуырдзыбегты Иринæйæн, Мзокты Аслæн-бегæн… Гæстæн ма радзырдта Камалимæ баст хъæлдзæг мысинæгтæ.

Республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон информацион фæрæзты сæрдар Фидараты Юри радзырдта йæ уарзон поэт æмæ хъæуккаг  Камалы тыххæй зæрдæбынæй.  Куыд банысан кодта, афтæмæй Юрийы мад Камалæн уыд йæ ахуыргæнæг æмæ йæ йæ царды бонты зæронд ус мысыд уæлдай хъарм æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ.  Уый фæстæ Юри комитеты номæй Камалы хæстæджытæм радта Кады грамотæ æмæ зæрдылдарæн лæвар.

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон театры директор Дудайты Чермен бакаст Камалы æмдзæвгæтæй уырыссагмæ тæлмацгондæй. Йæ аивадон разамонæг Уалыты Гиви та радзырдта, Камалы фыст пьесæтæ театры сценæйыл куыд зæрдиагæй æвæрынц æмæ сын уый кады хос кæй у.

Ирон театры актертæ, стæй 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ аив бакастысты поэты æмдзæвгæтæ. Изæр сæ аивадæй срæсугъд кодтой ансамбль «Уацамонгæ»-йы артисттæ.

Мæ ныхас та фæуон Хозиты Барисы фыст рæнхъытæй: «Абоны цард поэты размæ сæвæрдта ног фæлварæн. Фæлæ уæддæр Ходы-фырты сфæлдыстадон царды фæндаг цæуы донæн йæ æрфыты æмæ бæрзонд хæссы поэт æмæ адæймаджы ном. Камал у æнусон фæллойгæнæг цард æмæ бæрзонд ныхасы сæраппонд».

Камалы поэзийы кой æз нæ кæндзынæн, бирæ йыл фæдзырдтой æмæ дзы ногæй исты зæгъын зын у. Фæлæ мын æнæ зæгъгæ нæй, мæ зæрдæ мын цы агайы, уый. Камалы хуызæн стыр поэттæ нæ, фæлæ ма æнæбары фыссæггæндтæ чи сты, уыдоны дæр фондз — дæс азы фæстæ цырагъы рухсмæ агурдзыстæм. Уымæн æмæ нæм нал ис, скадавар сты хистæр фæлтæр, кæстæртæ – нæй. Æмæ ма нæм чи ис, уымæн аргъ кæнын цæуылнæ зонæм? Стыр худинаг æмæ кæуинаг уыд, изæры æрмæстдæр иу фондз фыссæджы йеддæмæ кæй нæ уыд, уый, иу ахæм та æхсæнадон архайджытæ. Хуыцау хорз у æмæ ахуырдзау фæсивæды æрбакодтой, æндæр зал афтидæй баззадаид. Цæмæн æппарæм культурæ, аивад, литературæ къæхты бынмæ? Расул Гамзатовæй стыр поэт йæ адæм сарæзтой, мах та кæрæдзи хæрæм. Хъыгаг у, стыр хъыгаг!

                                                                          ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

   

ХОДЫ Камал

КÆМДÆР  ИРОН  ЛÆППУТÆ  ЗАРЫНЦ

   Æризæр… Сатæг… дымгæ хъазы…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   Ыслæууыд ивгъуыд дуг мæ разы…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   Охх, уарзын нал зонын кæддæрау…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   У амонд а-зæххыл фæцæрын…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   Цæуы та тох дзырд æмæ кардæй…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   Ныхъхъуыста хъæу йæхимæ ‘нкъардæй…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   Фæсхохмæ хурзæрин фæцæуы…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

   Ысхæццæ былалгъмæ мæ кæуын…

   Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.