25-æм январæй 1-æм февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ  фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахауд фондз æмбæстаджы.

 Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцы-дысты 6 адӕймаджы, иу фæткхалæджы дзы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 500 сомы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 213 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 11 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Ивгъуыд къуыри 32-аздзыд горæттаг цæрæг милицимæ хъаст балæвæрдта, зæгъгæ, мын мæ дуканийæ адавтой 470 мин сомы. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн урæд æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы 25-аздзыд цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл. Фыдгæнæг конд æрцыд горæты милицийы управленийы рæстæгмæдарæн изолятормæ.

Горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы уголовон фæдагуырды кусджытæ баурæдтой 44-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ æхсайдта фæлывд митæ бакæнынмæ. Ацы æмбæстаг йæхиуыл баууæндын кодта горæттаг цæрæджы æмæ дзы расайдта æхцайы фæрæзтæ. Ны-ридæгæн уал ын сбæлвырд кодтой дыууæ фыдракæнды эпизоды æмæ дарддæр дæр слестгæнæн мадзæлттæ цæуынц. Фыдгæнæг конд æрцыд Цхинвалы районы милицийы управленийы рæстæгмæдарæн изолятормæ.

Ленингоры районы Цъинагары хъæуы 63-аздзыд цæрæг милицимæ барвæндонæй бахаста æхсæнгарз Калашниковы автомат, цæмæй сæрибар уа уголовон бæрндзинадæй.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой горæт Дзæуджыхъæуы 25-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзаконæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ».

31 январы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта горæттаг 19-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг æгæр стыр дозæ банызта медицинон препарат «Атаракс». Уыцы бон ма рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта Цхинвалы районы Цъунары хъæуы 46-аздзыд цæрæг дæр, уый та æгæр стыр дозæ банызта медицинон препарат «Бупрексан». Дохтыртæ сын æмбæлон медицинон æх-хуыс бакодтой æмæ сæ цардæн тас нал у.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.